Адæмы зæрдæ дзы рухс кæны

0
394

 

Адæймаг йæ хъуыддæгтæй рабæрæг вæййы. Фæстаг дыууæ азы ИКЪАТЫ Русланбеджы ном бирæтæн ссис зындгонд. Æрмæст уый тыххæй нæ, æмæ Хицауады кабинеты кусæг у, фæлæ ма уымæй уæлдай хæрзаудæн архайд кæй кæны, уымæ гæсгæ. Зындзинад чи æййафы, низы ахæсты чи бахауд, уыдоны фарстатæ йæ зæрдæмæ хæстæг райсы. Сæ фарсмæ куы балæууы, уæд уыцы адæймæгтæн сæ цинæн кæрон нал вæййы

Ныртæккæ Икъайыфырт у Хицауады Сæрдары хæдивæг, йæ бæрнондзинад ноджы фæфылдæр. Арæзтад æмæ архитектурæйы министр уæвгæйæ, æрæджы диссаджы лæвар бакодта Мæздæджы хæдзар-интернаты ахуырдзау Ксения Абдулаевайæн. Сывæллонæн йæ бон йæ низы аххосæй цæуын нæу. Ныр асинтыл коляскæисæн ифтонггарзы фæрцы æнцонæй хæццæ кæндзæн бæстыхайы æппæт бынæттæм дæр. «Сывæллоны авналæнтæ фæпарахатдæр уыдзысты. Йæ ахуырыл дæр хуыздæрæрдæм фæзындзæн… Кæд нæ бон рынчын сывæллонæн феххуыс кæнын у, уæд хъуамæ йæ фарсмæ балæууæм», — загъта Икъаты Русланбег.

Сывæллон æмæ йæ мад Татьянæ тынг бацин кодтой ацы лæварыл. «Ксения тынг курдиатджын чызг у, уарзы ныв кæнын, æмдзæвгæтæ кæсын, уæдæ къухæй дæр арæхсы алы аив дзаумæттæ кæнынмæ. Ерыстæм, æркастытæм нæ цæуын бахъæуы æмæ нын ацы техникон фæрæз тынг фæахъаз уыдзæн», — загъта Татьянæ Абдулаева.

Скъола — интернаты директор Иринæ Гречанаяйы арфæтæн дæр кæрон нæ уыд: «Стыр бузныг Икъаты Русланбегæн! Ксения Абдулаева нæм цыппар азы ахуыр кæны, коляскæйы фæрцы змæлы. Уал азы агуырдтам, асинтыл коляскæисæн аппарат нын чи балхæна, ахæм адæймаджы. Цалынмæ саби гыццыл уыд, уæдмæ-иу æй асинтыл схастам, фæлæ нын ныр фæзын ис. Ныр Ксения æнæкъуылымпытæй хиздзæн скъолайы дыккаг уæладзыгмæ, уæлæмхасæн ахуырады æппæт хъуыддæгты дæр архайдзæн. Чызг у тынг курдиатджын, æрмæстдæр «4» æмæ «5»-тыл ахуыр кæны, суанг æппæтуæрæсеон конкурсты дæр фæархайы… Нæ бæллиц нын Икъаты Русланбег сæххæст кодта, йæ цæрæнбон бирæ уæд», — зæгъы скъолайы директор. Уæдæ Сунжæйы цæрæг Джиоты Гурамы дæр цард ахæм уавæрты сæвæрдта, æмæ йæхи бон йæ хæдзармæ базилын нæу. Йæ дыууæ къахы дæр хауд сты, цы хъизæмæрттæ æвзары, уыдоны тыххæй Икъаты Русланбегæн радзырдтой йæ сыхæгтæ. Министрады кусджытæ федтой хæдзар, тагъд рæстæг кæй ныккæлдзæн, нæдæр дзы дуар, нæдæр рудзынг ис, йæ сæр дæр дзир-дзур кодта. Раст зæгъгæйæ, йæ сцалцæг кæнын иу программæмæ дæр нæ уыд бахæссæн.

Цалынмæ Икъайы-фырт хуыздæр уынаффæ агуырдта, уæдмæ дæр министрады кусджытæ Джиоты бинонты иунæгæй нæ ныууагътой: ластой сын хъæугæ дзаума, хæринаг. Уæдмæ та Икъаты Русланбег бахæс кодта хæдзар цыбыр æмгъуыдмæ бындуронæй рацаразын. Ныридæгæн уал дзы куыстытæ цæуынц, хъæугæ æрмæг æрбаластой. Афтæ зæгъæн ис, æмæ ацы зымæг Джиоты Гурамы бинонтæ арвитдзысты ног зылд, цалцæггонд хъарм хæдзары…

Икъаты Русланбеджы хæрзаудæн архайдæй адæмы зæрдæ рухс кæны, йæ цæрæнбон бирæ уæд! Амондимæ кусæд!

Нæ уацхæссæг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here