Ирон нырыккон литературӕйы зынгӕ зиууӕттӕй иу, Цӕгат Ирыстоны адӕмон поэт, тӕлмацгӕнӕг, критик ЦӔРУКЪАТЫ Алыксандры райгуырдыл ацы аз сӕххӕст 100 азы. Ацы цау зӕрдылдаринаг у нӕ адӕмӕн.
Ӕрӕджы Дыгуры районы центрон библиотекӕйы уыд поэты номарӕн изӕр. Арӕзт ӕрцыд Ирыстоны Фысджыты цӕдисы ӕмӕ Дыгуры районы центрон библиотекӕйы кусджыты хъӕппӕрисӕй. Архайдтой дзы Дыгуры районы ахуырады, культурӕйы минӕвӕрттӕ, чиныгкӕсджытӕ, скъоладзаутӕ. Уазӕгуаты сӕм ӕрцыдысты Цӕгат Ирыстоны Фысджыты цӕдисы сӕрдар Агънаты Гӕстӕн, фыссӕг Хуыгаты Сергей, газет «Северная Осетия»-йы сӕрмагонд уацхӕссӕг Тъехты Тамерлан ӕмӕ журналисттӕ.
Изӕры райдайӕны библиотекӕйы кусджытӕ Уӕзӕгты Уарзетӕ ӕмӕ Гуырдзыбеты Зӕлинӕ бӕлвырд радзырдтой Алыксандры цард ӕмӕ сфӕлдыстады тыххӕй. Сӕ раныхасӕн цӕстуынгӕ ӕрмӕджы хуызы ӕвдыстой видео-слайдтӕ. Уый фӕстӕ Дигорайы 2-ӕм астӕуккаг скъолайы ахуырдзаутӕ Боциты Сарӕ, Нигколты Аринӕ, Къолойты Сӕбинӕ, Гецаты Еленӕ, Габолаты Хетӕг, Годжыцаты Роксанӕ, Гобеты Миленӕ, Гаппоты Артур, Къесаты Хетӕг, Золойты Геор, Гадзауты Николь равдыстой Алыксандры ӕмдзӕвгӕтӕм гӕсгӕ арӕзт литературон-музыкалон композици. Бацӕттӕ йӕ кодтой сӕ ахуыргӕнӕг Скъодтаты Беллӕимӕ.
— Цӕрукъаты Алыксандр ирон литературӕйы зынгӕ бынат ахсы. Ивгъуыд ӕнусы 60-70 азты цы ӕрыгон фысджытӕ ӕмӕ поэттӕ уыд, уыдонимӕ мӕхӕдӕг дӕр, се ‘ппӕт дӕр нӕ мондӕгтӕ уагътам Алыксандры рухс дзырдаивады суадонӕй, — дзырдта Агънаты Гӕстӕн. — Фӕлӕ нырма Алыксандры сфӕлдыстадон бынтӕн, йӕ курдиатӕн фаг аргъгонд нӕма ӕрцыд. Ахӕм поэт иннӕ адӕмтӕм куы уаид, уӕд ын фылдӕр ӕмӕ хуыздӕр кад кӕниккой. Алыксандрӕн йӕ миддуне куыд хъӕздыг уыдис, ахӕм арф у йе ‘мдзӕвгӕты ӕмӕ кадджыты мидис дӕр. Уӕдӕ ӕрыгон поэттыл куыд аудыдта, уый дӕр раппӕлинаг ӕмӕ арфӕйагӕн мысинаг у. Бузныг уын, нӕ фӕсивӕд, зӕрдӕйӕ кӕй уарзут ӕмӕ кӕй аргъ кӕнут нӕ номдзыд поэты рухс ном ӕмӕ сфӕлдыстадӕн.
Рауагъдад «Ир»-ы редактор, зыдгонд фыссӕг Хуыгаты Сергей та йӕ хистӕр ӕмсис хӕлары ном мысгӕйӕ ӕмӕ йын йе сфӕлдыстадыл дзургӕйӕ, загъта: » Алыксандр бирӕ азты фӕкуыста чиныгуадзӕн «ИР»- ы. Ӕмдзӕвгӕ талф-тулфӕй фыссӕн нӕй, зӕгъгӕ-иу, арӕх дзырдта. Йӕ курдиат уыди хӕдбындур. Никуы никӕй фӕзмыдта, нӕдӕр царды, нӕдӕр сфӕлдыстады. Рауагъдадмӕ-иу поэттӕй фӕлвых уацмыстӕ чи ӕрбахаста, уыдонӕн-иу аивӕй уайдзӕф дӕр бакодта. Домдта йӕхицӕй ӕмӕ сфӕлдыстадон кусджытӕй дӕр. Абон ын фӕсивӕд йе ‘мдзӕвгӕтӕ аив кӕй бакастысты, уый хорз ӕмӕ раппӕлинаг хъуыддаг у».
Цӕрукъаты Алыксандры сфӕлдыстадон ӕрмдзӕфы хӕдхуыздзинады тыххӕй йӕ хъуыдытӕ загъта филологон наукӕты кандидат, Алыксандры сфӕлдыстад иртасӕг Тъехты Тамерлан, Дигорайы Цӕголты Георгийы мемориалон хӕдзар-музейы сӕргълӕууӕг, РЦИ-Аланийы культурӕйы сгуыхт кусӕг Лолаты Батрадз, Дыгуры районы бынӕттон хиуынаффӕйады администрацийы культурӕйы управленийы сӕргълӕууӕг Багомедты Наталья, историкбӕстӕзонӕг Хъарданты Тимур. Агънаты Гӕстӕн библиотекӕйӕн балӕвар кодта йӕ ног чингуытӕ.
Номарӕн изӕр саразджытӕн ӕмӕ уазджытӕн мыггаджы номӕй арфӕ ракодта Цӕрукъаты ӕхсар.
ГАСАНТЫ Валерии














