Национ проект «Æнæниздзинад» æххæст кæныны фарстатæ

0
408

 

Бæрæгбон Мæскуыйы кусæг балцы уæвгæйæ, Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеслав архайдта, УФ-йы Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад æмæ УФйы Хицауады Проектон офис бæстæйы субъектты разамонджыты цы æмбырдмæ фæхуыдтой, уым. Боны фæткы фарстатæй сæйрагдæр уыд национ проект «Æнæниздзинад» æххæст кæныны хъуыддаг.

Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ РЦИ-Аланийы Хицауады пресс-службæ. Æмбырды сæйраг доклад скодта Уæрæсейы Хицауады Аппараты Разамонæджы фыццаг хæдивæг Анатолий Кириенко. Уый бæстон æрлæууыд федерацийы регионты æмвæзадыл национ программæты фæлгæты ахсджиагдæр проекттæ æххæст кæныны фарстатыл.

Уæрæсейы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Вероникæ Скворцова та йæ раныхасы сæйрагдæр æргом аздæхта, УФ-йы Президенты цур Стратегион рæзт æмæ национ проектты фæдыл совет цы уынаффæтæ рахаста, уыдонмæ. Уый фæстæ министр æрлæууыд, национ проект «Æнæниздзинад» ныридæгæн куыд æххæстгонд цæуы, проекты уагæвæрдтæ æххæст кæныныл регионтæ куыд кусынц, ууыл. Боны фæткы фарстатыл фæдыл сæ хъуыдытæ загътой бæстæйы субъектты разамонджытæ дæр.

Зæгъæм, Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Битарты Вячеслав йæ раныхасы куыд фæнысан кодта, афтæмæй, национ проекттыл кусгæйæ, æргом бирæ ахсджиаг хъуыддæгтæм аздахын хъæуы. Сæ сæйрагдæр — финансон фарста, уымæн æмæ ног проекттæ домынц уæлæмхасæн хæрдзтæ. Республикæйы разамонæг бæстондæр æрлæууыд онкологион низты ныхмæ тохы регионалон проектыл. Йæ ныхасмæ гæсгæ, уыцы проект домы, цæмæй бындуронæй рацаразæм республикон онкологон диспансер, кæнæ та саразын хъæудзæн йæ ног бæстыхай. Уыцы регионалон проектыл схардз кæнын бахъæудзæн 950 милуан сомы бæрц.

Зындгонд куыд у, афтæмæй федералон национ программæ «Æнæниздзинад» æххæстгонд цæудзæн хæстæгдæр 6 азы дæргъы, йæ фæлгæты цæттæгонд æрцыд 8 алыхуызон проекты. Уыдонæй Цæгат Ирыстон кусдзын 7 проектыл.

Цæгат Ирыстонæй æмбырды архайдтой РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдары хæдивæг — УФ-йы Президенты цур РЦИ-Аланийы Æххæстбарджын минæвар Дзанайты Барис æмæ Цæгат Ирыстоны Хицауады Сæрдары хæдивæг — æнæниздзинад хъахъхъæнынады министр Годжыцаты Тамерлан дæр.

 

Фидæны æмархайдыл æрдзырдтой

Уыцы бон Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеслав бабæрæг кодта компаниты къорд «Мать и дитя»-йы перинаталон медицинон центр дæр æмæ дзы фембæлд уыцы компаниты къорды генералон директор Марк КУРЦЕРИМÆ. Фембæлдæн фадæттæ сарæзта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы уынаффæгæнæг Михаил РАТМАНОВ.

Æнæниздзинад хъахъхъæнынады къабазы рагæй зындгонд компаниты къорд «Мать и дитя»-йы архайд. Компанийы дæлхайæдтæ хæрзхъæд лæггæдтæ кæнынц æххуысхъуаг адæмæн гинекологийы, педиатрийы, хирургийы, травмотологийы, кардиологийы, онкологи æмæ медицинæйы æндæр къабæзты.

Компанийы минæвæрттæ Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæгæн минæвæрттæн куыд радзырдтой, афтæмæй «Мать и дитя»-йы дæлхайæдтæ æнтыстджынæй кусынц 25 уæрæсейаг горæты. Уыцы æууæлтæ хынцгæйæ, Битарты Вячеслав æмæ Марк Курцер æрныхас кодтой æмгуыстад рапарахат кæныны фарстатыл.

ъ — Бирæ уæрæсейаг регионты цæрджытæн хорз зындгонд у уæ компани. «Мать и дитя» бæрæг дары æрмæст нырыккондæр медицинон ифонггæрзтæ æмæ технологитæй нæ, фæлæ йæ специалистты профессионалон дæсныдзинадæй дæр. Компаниимæ æмгуыстадмæ Цæгат Ирыстон цæттæ у, — фембæлды кæронбæттæны фæнысан кодта Битарты Вячеслав.

Куыд нысангонд цæуы, афтæмæй фидæны æмгуыстады проекттыл ныхас адарддæр уыдзæн февралы — уæд компани «Мать и дитя»-йы разамонджытæ кусæг балцы ссæудзысты Цæгат Ирыстонмæ.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here