Ныййарæджы капитал кæмæн æмбæлы, уыдон æй исын кæд райдайдзысты, уый фæдыл æрныхас кодта. Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы фæллой æмæ социалон рæзты министр ХУЫБИАТЫ Барис республикæйы журналисттимæ фембæлды.
Министр куыд фехъусын кодта, афтæмæй 2019 азы республикон бюджеты ныййарæджы капиталы регионалон хæрдзтæн æхцайы фæрæзтæ нысангонд æрцыд 86 милуан 300 мин сомы.
Паддзахадон æххуыс 50 мин сомы фыццагдæр райсдзысты, 1726 бирæсывæллонджын бинонтæй æртыккаг æмæ уый фæстæйы сывæллон 2012 азы кæмæн райгуырд, уыцы бинонтæ. Ныртæккæ бæлвырдгонд цæуынц, æхца цы бинонтæн хъуамæ бафидой, уыдоны гæххæттытæ, кæдæм сын æрвитгæ сты, уыцы хыгъдтæ æмæ æндæр цæттæгæнæн куыстытæ.
Æппæт уыцы хъуыддæгтæ ахæсдзысты уалдзæгмæ, æмæ, Хуыбиаты Барисы хъуыдымæ гæсгæ, ныййарæджы капитал фидын райдайдзысты мартъи æмæ апрелы.
КАСАТЫ Батрадз