Январы мæй хъæздыг рауад хъæбысхæсты ерыстæй, куыд Ирыстоны, афтæ Уæрæсейы дæр.
Ацы бонты Красноярскы цæуынц дунеон турнир, Гран-при «Иван Ярыгин» — 2019″-ы ерыстæ. Уæлахиздзаутæ сбæрæг уыдзысты сабат æмæ хуыцаубоны. Ныр та уал нæ бон фехъусын кæнын у, 24-25 январы Дзæуджыхъæуы нæ республикæйы сæйраг спортивон галуаны уæгъдибар хъæбысхæстæй фæсивæды ‘хсæн (21 азы кары) Цæгат Ирыстоны чемпионтæ æмæ призертæ чи систы, уыдоны нæмттæ.
180 богалы ерыс кодтой фæсивæды ‘хсæн Ирыстоны чемпионы ном райсыныл. Нæ республикæйы фæсивæды æрвылазон чемпионат ныр цалдæр азы арæзт цæуы ССР Цæдисы сгуыхт тренер Андиаты Сергейы номарынæн æмæ алы хатт дæр вæййы цымыдисаг.
Ацы хатт дæр та, спортуарзджыты зæрдæмæ чи фæцыд, ахæм тохтæ гауызыл уыди бирæ. Уæлдай хъазуатондæр рауадысты кæронбæттæны ерыстæ. Æппынфæстаг, 2019 азы Ирыстоны чемпионтæ æмæ раззаг бынæттæ бацахсджытæ систы:
57 кг: фыццаг бынатмæ рацыд Гаглойты Зауыр (Андиаты Сосланы номыл скъола, тренер — Санаты Георги). 2-аг — Дзидзойты Амырхан (Æрæфы р-н,) 3-аг — Багаты Михал (Горæтгæрон р-н) æмæ Къаболаты Таймураз (Горæтгæрон р-н).
61 кг: 1 — Казбек Салмурзаев (Мæздæг, тренер Джамал Очеретлов), 2 — Дзабраил Элесханов (Мæздæг), 3 — Æлборты Сослан (Андиаты Сосланы номыл скъола) æмæ Хъызынты Дзамболат (Дыгуры р-н).
65 кг: 1 — Биганаты Алик (Алагиры р-н, тр. Дзодзыккаты Владимир). 2 — Гобозты Арсалан (Кировы р-н), 3 — Милдзыхты Сæрмæт (Рахизфарсы р-н) æмæ Карсанаты Инал (РДЮСШ).
70 кг: 1 — Калоты Сослан (РДЮСШ, тренер Калоты Фидар), 2 — Гæлæбуты Владимир (Дыгуры р-н), 3 — Дзбойты Давид (Алагиры рн) æмæ Бæзиты Руслан (Андиаты Сосланы номыл скъола).
74 кг: 1 — Тыджыты Арсен (Алагиры р-н, тренер Хæдарцаты Олег), 2 — Хъарданты Мæхæмæт (Андиаты Сосланы номыл скъола), 3 — Габоты Давид (Андиаты Сосланы номыл скъола) æмæ Багаты Сослан (Рахизфарсы р-н).
79 кг: 1 — Тыджыты Зауыр (РДЮСШ, тренер Боциты Станислав), 2 — Мыстулаты Давид (Горæтгæрон р-н), 3 — Къудухты Давид (Рахизфарсы р-н) æмæ Найфонты Алан (Рахизфарсы р-н).
86 кг: 1 — Дзæгъиаты Сослан (РХИ, тренер Кочиты Тамерлан), 2 — Байаты Хетæг (Андиаты Сосланы номыл скъола), 3 — Музаты Вячеслав (Горæтгæрон р-н) æмæ Плиты Алан (Алагиры р-н).
92 кг: 1 — Багаты Алан (Рахизфарсы р-н, тренер Кочиты Тамерлан), 2 — Джыккайты Алик (Æрыдоны р-н), 3 —Плиты Ацæмæз («Юн. России) æмæ Хуыбылты Давид (РДЮСШ).
97 кг: 1 — Зассеты Арсæмæг (РХИ, тренер — Кочиты Тамерлан), 2 — Бестауты Андрей (РХИ), 3 — Хуыбецты Сослан (Горæтгæрон р-н) æмæ Коцойты Тамерлан (Рахизфарсы р-н).
125 кг: 1 — Кодзырты Сергей (Андиаты Сосланы номыл скъола, тренер Хуыгаты Анатоли), 2 — Багаты Владик (РДЮСШ), 3 — Джыккайты Тамерлан (Æрыдоны р-н) æмæ Бестауты Сослан (Рахизфарсы р-н).
Ныр республикæйы ерысты фесгуыхæг богæлттæ сæхи цæттæ кæндзысты сæ карæнты ‘хсæн Цæгат Кавказы фыццаг бынат бацахсыныл ерыстæм.
БАСКАТЫ Уырызмæг