Нæ фыдæлтæй ныхас баззад, зæгъгæ, бæлас куы рафæлдæхы, уæд йæ сыхагыл банцайы, æмæ уым мæнгæй ницы ис. Цыфæнды хъуыддаджы дæр фыццагдæр сыхаг æрбалæууы нæ фарсмæ. Фæлæ дзы уæддæр хæстæджы хорзæн æмбал нæй. Хуыцау хорздзинæдтæ раттæд нæ алкæмæн дæр, фæлæ дыл уый дæ хъыджы заман куыд батыхса æмæ йын дæ циндзинад куыд æхсызгон уа, афтæ ницавæр сыхаджы бон бауыдзæн. Уымæн æмæ æрвад, хæстæг, къабаз иу туг, иу стæгæй конд вæййынц. Иугæр кæрæдзийæ фæхицæн сты, зæгъгæ, уæд се ‘нгомдзинад ныггæлиртæ вæййы æмæ зыхъхъыртæй баззайы дæргъвæтин рæстæг.
Мæ ныхас ууыл у, æмæ цæрæнбонты нæ фыдæлтæ фуфу кæуыл фæкодтой æмæ сæхи кæмæ тавтой, уыцы удварны хæзнатæ абон кæрæдзи фæстæ сæфын райдыдтой. Суанг ма чысыл мыггæгты æхсæн дæр ахæм адæймæгтæ ис, æмæ нал æрвад æмæ хæстæг зонынц, нал — къабаз. Фæлæ се ‘нæрхъуыдыдзинадæн алы хатт дæр «æфсон» ссарынц. Кæмæндæрты рæстæг нæ фаг кæны паддзахадон куыст æмæ хæдзары бирæ змæлдæй, чидæр та схъæздыг æмæ йæхиуæттæм акаст мулчы цæстæй, нал сæ уыны, æмæ уæм уый куыд раст кæсы? Хъæды халоны хуызæн иунæгæй цæрæн нæй. Хъуамæ цыфæнды хъуыддаджы дæр æрвадæлтæ, хæстæджытæ, къабæзтæ кæрæдзимæ æнгом æрбалæууой. Уæд хæдзары бинонты маст хъыджы заман къаддæр вæййы, цины рæстæг та — хъæлдзæгдæр.
Кæддæр фæлтæрæйфæлтæры æхсæн цы фидар бастдзинæдтæ уыдис, уыдон хæлын райдыдтой. Зæгъæм, иу хæдзары æмхæрæфыртты зæнæг ма кæрæдзи фæзонынц, уыдоны цот та, ома, æртыккаг фæлтæр, адард вæййынц кæнæ та суанг æцæгæлæтты хуызæн кæрæдзи дæр нал фæзонынц. Уæд цавæр хабар у, нæ туг, не стæг куы нал зонæм, нæ къабазы куы нал агурæм, уæд цæмæ æрцæудзыстæм?
Ныхас æрмæст æртыккаг фæлтæры ахастдзинæдтыл нæ цæуы. Арæх иу мады зæнæг æфсымæртæ сæ фыды хæдзæртты, фатерты, æндæр мулчы тыххæй фæйнæрдыгæй æнауæрдон хæст кæй самайынц кæрæдзиимæ, фæстæдæр та æнæдзургæтæй æмæ знæгтæй мæрдтæм кæй бацæуынц, ахæм цаутæн махæй бирæтæ сты æвдисæн.
Фыдæлтæй ахæм æмбисонд баззад: хорзæн мулк ма скæн, æвзæрæн бын ма ныууадз. Æмæ уымæй растдæр ницы ис. Кæд дæхи лæг хоныс, уæд дæ фыды бынтæм цæмæн æнхъæлмæ кæсыс? Дæхи бон цæуылнæ у дæ цард саразын. Искæй бынтæ иугæр уаринаг фесты, уæд та хъуамæ фылдæр хай, фæкæсинаг чи у, уымæн лæвæрд æрцæуа.
Æз ма хорз хъуыды кæнын фæсхæсты гæвзыкк азтæ. Уæд мулкæй кæмæ цы уыдис? Хъæуæй-хъæумæ кæд бæхуæрдоны кæнæ фистæгæй ацыдаис, æндæр машинæтæ фенæн нæ уыд Цæгат Ирыстоны æрдæгхæлд фæндæгтыл. Фæлæ ахæм уавæрты дæр, йе ‘рвадæлтæ, хæстæджытæ, къабæзтæ адджын кæмæн уыдысты, уыдон сæ нæ рох кодтой. Уазæгуаты чи цыдис, уыцы сылгоймæгты къухты-иу æдзухдæр фенæн уыд хъæзæй быд хуымæтæджы карзинæтæ. Цы хастой, уый та мах, хæсты сывæллæттæ, æнæзонгæ нæ уыдыстæм: æртæ чъирийы, карк, арахъхъ, сывæллæттæн — дзаджджын гуылтæ, къабайаг кæнæ ма сын хæдойнæгтæ дæр. Уымæ гæсгæ æххормаггуыбын сывæллæттæ æдзухдæр бæллыдысты, карзинкæджын уазæг сæм кæд æрбацæудзæн, уымæ.
Уæды рæстæджы телефонты бастдзинад нæ уыдис хъæуты ‘хсæн, æмæ æрвадæлтæ, хæстæджытæ, къабæзтæ уæддæр кæрæдзиимæ æмбæлдысты, сæ ахастдзинæдтæ фидардæр кодтой. Сæйрагдæр та кæстæртæ хистæрты фарстой, уыцы хуындзау сылгоймаг чи у, уымæй, цы сын бавæййы, æмæ афтæмæй хæстæгдзинад зыдтой сабибонтæй фæстæмæ.
Ацы хабар уый тыххæй ракодтон, æмæ суанг хистæртæй дæр бирæтæ фæдзурынц, зæгъгæ, Фыдыбæстæйы Стыр хæст адæмы æрбаиу кодта. Æцæгдæр, уый афтæ уыд. Фæлæ, кæд æрбангом стæм, уæд — знаджы ныхмæ. Хæстæгдзинад тыхджын кæнын историон цаутимæ бæттæн нæй.
Ныртæккæ уавæр афтæ у, æмæ канд æввахсдæр æрвадæлтæй, хæстæджытæ æмæ къабæзтæй уæлдай нæ комкоммæ уидæгтæ дæр нал зонæм. Цæвиттон, æрæджы фембæлдтæн, æртæ сывæллоны кæмæн ис, Æрыдоны ахуыргæнæгæй чи кусы, ахæм æрыгон сылгоймагыл. Уый размæ мæ хъустыл æрцыд, йæ фыдыфыд нæ мыггаджы хæрæфырт кæй уыд, уый. Фæлæ уыдон дыууæ фаззон æфсымæры уыдысты. Мæн та, цæмæдæр гæсгæ, базонын фæндыд, фаззон æфсымæртæй йæ фыдыфыд кæцы уыд, уый. Хъыгагæн, æрыгон сылгоймагæн, йæ фыдыфыд мах хæрæфырт кæй уыд, уый нæ, фæлæ ма йын йæ ном дæр нæ зыдта.
Æз афтæ хъуыды кæнын, æмæ хъуамæ алчидæр йæ мыггагæй цалдæр фæлтæры номæй-номмæ зона. Уый куы нæ уа, уæд та, æппынкъаддæр, йæ фыдыфыды ном уæддæр хъуыды кæна. Уымæн æмæ абон мах нæ уидæгтæ куы нæ зонæм, уæд сомбон та нæ фæстагæттæ мах байрох кæндзысты. Фæлæ, раст куы зæгъæм, уæд кæстæртæ арæх мыггаджы асины æртыккаг къæпхæнтæ дæр кæй нæ фæзонынц, уый тыххæй сæм азым хæссæн нæй. Алы хистæры хæс дæр у йæ кæстæрæн канд зонд амонын нæ, фæлæ ма йæ, кæмæй равзæрд, уыцы фæлтæртимæ зонгæ кæнын дæр, æмæ уæд нæ уидæгтæ бæрæг уыдзысты кæддæриддæр.
Ацы хъуыддаджы таурæгъгæнæг Хъайттаты Хъайтмырзæ (рухсаг уæд) йæ рæстæджы стыр куыст кодта æрыгæтты ‘хсæн. Уый РЦИ-Аланийы паддзахадон архивæй райста Уæрæсейы 1886 азы фыццаг сфысты бæрæггæнæнтæ æмæ уыдонимæ зонгæ кодта, сæ фыдæлтæ Уæлладжыры комы хæхбæсты кæмæн цардысты, уыцы адæмы.
Хъыгагæн, ныртæккæ ахæм хъæппæрисджын адæймæгтæ нæй не ‘хсæн. Уымæ гæсгæ нæ гуырæнтæ сбæрæг кæныны тыххæй байхъусын фæхъæуы хистæр кары минæвæрттæм.
«Мæ фыд Филипп уыдис Дарчиты хæрæфырт, йæ фыд Иорам — Тегкаты хæрæфырт. Мадырдыгæй та нæ хæстæгдзинады тæгтæ цæуынц Челдытæм, Къадзатæ æмæ Бирæгътæм. Æппæт мыггæгтимæ дæр мын ис хорз ахастдзинæдтæ. Уый нæ, фæлæ ма нæ лæппу ацы мыггæгты минæвæрттимæ куы фæзонгæ кæны, уæд ыл алы хатт дæр ныццин кæнынц, Михалы лæппу дæ, зæгъгæ. Ахæм æгæрон тых ис хæстæгдзинадмæ», — загъта фыссæг Айларты Михал.
Нæ хæдзарвæндаджы тыххæй куы радзурон, уæд 1886 сфыстмæ гæсгæ (уый размæ рæстæджы тыххæй ницы амынд ис паддзахадон архивы) мыггаджы ацы къабазы хистæртæ уыдысты Делæтыхъо, Деко, Ахмæт (Сохиты хæрæфырт), Тæтæрхъан (Кæсæбиты хæрæфырт), Къоста (Реуазты хæрæфырт), Алан (Толпарты хæрæфырт), Алыксандр (Дзлиаты хæрæфырт) — æдæппæт 7 фæлтæры. Куыд хорз уыдаид, Делæтыхъойы размæ чи цард, уыцы фыдæлты нæмттæ сбæрæг кæнын дæр къухы куы бафтыдаид, уæд, цæмæй мыггаджы бæласы ацы къалиу æххæстдæр уыдаид.
Цæллагты мыггаджы советы уæнгтæ æмæ мыггаджы куырыхон хистæртæ дæр архайынц, цæмæй сæ кæстæртæ зоной сæ уидæгтæ, æмæ уый тыххæй 1959 азы арæзт æрцыд мыггаджы равзæрды картæ. Амæй ныртæккæ пайдагонд цæуы, азæй-азмæ йæ æххæстдæр кæнынц. 1995 азы та арæзт æрцыд Цæллагты мыггаджы фонд, 1996 азы йæ хардзæй уагъд æрцыд чиныг-альбом «Фамилия Цаллаговых», 2001 азы та — чиныг «Цаллаговы: связь поколений».
Уымæй уæлдай ногæй арæзт æрцыд сæ мыггаджы мæсыг Уыналы. Куыд фæнд кæнынц, афтæмæй дзы уыдзæн Цæллагты музейон комплекс. Фонды хардзæй фæкæсинаг бинонтæй алы ахуыргæнæндæтты студенттæн æмæ ахуырдзаутæн фыст цæуы стипенди. Рæстæгæйрæстæгмæ цы мыггаджы куывдтæ арæзт цæуынц, уыдоны та фæсивæд зонгæ кæнынц кæрæдзиимæ, сæ арæхстдзинад февдисынц зарынæй, кафынæй, спорты, ирон хъæзтыты æмæ æндæрты.
Цæллагты мыггаджы советы уæнгтæ сты мыггаджы хуыздæр минæвæрттæ: Цæллагты Артур, Цæллагты Хъазыбег, Цæллагты Юри, Цæллагты Олег, Цæллагты Виктор æмæ иннæтæ. Сæ хъæппæрисæй иудадзыг мыггаджы æнахъомты æхсæн ирон традицион æгъдауы бындурыл профилактикон куыст цæуы фыдракæндтæ, æндæр галиудзинæдтæ не ‘руадзыны тыххæй. Арæх советы уæнгтæ экологион акцитæ æмæ зиутæ саразынц алфамбылай æрдзон бынæттæм базилыны тыххæй. Фæсивæдон фембæлдтытæ вæййы, Цæллагтæ æрвадиуæг кæимæ кæнынц, уыцы мыггæгты минæвæрттимæ.
Ахæм хæрзæгъдау æмæ хъæппæрисджынæй сæхи равдыстой Гæбæратæ дæр. Мыггаджы совет арæзт æрцыд 2012 азы, æмæ йæ уæнгтæ сты Ирыстоны дыууæ хайы минæвæрттæ дæр, куыд Цæгатæй, афтæ Хуссарæй дæр: Гæбæраты Роланд, Гæбæраты Юри, Гæбæраты Таймураз, Гæбæраты Феликс, Гæбæраты Суликъо æмæ æндæртæ. Сæ архайды тыххæй бæлвырддæр куы зæгъæм, уæд афæдз дыууæ хатты цæуы иумæйаг æмбырдтæ, советы уæнгтæ та фембæлынц алы мæй дæр. Дыууæ мадзалы дæр ныхас фæцæуы Ирыстоны риссагдæр фарстатыл. Абон ирон æхсæнад хицæнтæ у, фæлæ алы мыггаджы минæвæрттæм дæр æгъдау куы уа, уæд уый уыдзæн æппæт Ирыстоны дæр, æмæ ууыл Гæбæратæ архайынц.
Фыццаджыдæр, мыггаджы фæрæзтæй ивд æрцыд зындгонд композитор Гæбæраты Ильяйы цыртдзæвæн Намысы Аллейы. Уый кадджын уавæры гом æрцыд. Мадзалы уыдысты РЦИ-Аланийы культурæйы раздæры министр Хæбæлаты Фатимæ, Композиторты цæдисы разамонæг Магкоты Ацæмæз, Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны композитортæ, Гæбæраты мыггаджы минæвæрттæ.
Уымæй уæлдай, мыггаджы хъæппæрисæй арæзт æрцыд дунеон турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй Хуссар Ирыстоны Фæсивæды æмæ спорты комитетимæ ССР Цæдисы фыццаг ирон чемпион æмæ дунеон чемпионаты призер Гæбæраты Сергейы 85 азы юбилеймæ. Турнир кадджын уавæры байгом кодта РХИйы уæды Президент Тыбылты Леонид, æмæ дзы республикæйы хицауады уæнгтæй уæлдай архайдтой Цхинвалы бирæ цæрджытæ дæр. Гæбæратæ нæлгоймагæй, сылгоймагæй кæрæдзийы цæмæй зоной, уый тыххæй та, 1200 адæймаджы кæм уыдис, ахæм куывд арæзт æрцыд, мыггаг кæм равзæрд, уыцы хъæу Залдайы (Хуссар Ирыстон). Фæсивæды размæ раныхас кодтой мыггаджы хистæртæ. Боны фæткы уыдис нæ мадæлон æвзаг ахуыр кæныны фарста дæр.
Иу ныхасæй, æрвадæлты, хæстæджыты æмæ къабæзты æхсæн æнгомдзинад фидар кæнын баст у, абон кæстæрты хъомылады цы бирæ ахсджиаг фарстатæ лæууы, уыдон лыг кæнынимæ, æмæ сыл архайын хъæуы æмхуызонæй.
ТОХСЫРТЫ Къоста, РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг