Ленинградыл тох у Фыдыбæстæйы Стыр хæсты карздæр æмæ дæргъвæтиндæр тохтæй иу. Невайы цæугæдоны цур горæт 900 боны æмæ æхсæвы уыдис фашистон блокадæйы. Мингай ленинградæгтæ баисты немыцаг лæгмарты амæттаг. Нал уыд бæстæйы фæсчъылдымимæ бастдзинад. Адæм сæфтысты уазалæй, æххормагæй, æгъатырæй сыл æппæрстой бомбæтæ, æхстой сæ сармадзантæй.
Фæлæ фашисттæн сæ фæндтæ сæ хъуыры фæбадтысты, Ленинград нæ бакуымдта басæттын. Ленинград бахъахъхъæныныл тохы архайдтой нæ бæстæйы æппæт адæмты минæвæрттæ. Уыдоны ‘хсæн ирæттæ æмæ ирыстойнæгтæ уыдис 3,5 мин адæймаджы бæрц.
Знон нæ республикæйы Ветеранты хæдзары æрымысыдысты уыцы уæззау æнæферохгæнгæ бонтæ. «Фæлтæрты фембæлд» — ахæм цæлхæмбырды архайдтой алы кары адæм, ветерантæ, æфсæддонтæ.
Скъоладзаутæ, æхсæнадон организациты минæвæрттæ. Уыдонимæ РЦИАланийы фæллой æмæ социалон рæзты министр Хуыбиаты Барис, «Иры Стыр Ныхас»-ы сæрдары хæдивæг Еналдыты Хъазыбег, æвзонг æфсæддонтæ.
Цæлхæмбырд амыдта Ветеранты советы сæрдар Къаболаты Солтан. Куыд загъта, афтæмæй Ирыстоны цæры Ленинградыл тохы бахауæг 13 адæймаджы, уыдонæй дыууæ ныртæккæ сты Петербурджы, архайдзысты Ленинградыл тохы 75 азы бонмæ кадджын мадзæлтты.
— Бирæ азтæ рацыд, фæлæ адæмæй абон дæр нæу рох горæт хъахъхъæнджыты хъæбатырдзинад. Уымæн историйы æмбал нæй. Мах хъуамæ сæрыстыр уæм, æнусон рæсугъд горæт хъахъхъæнджытимæ не ‘мзæххонтæ дæр кæй уыдысты, уымæй. Ирыстоны абоны æмæ фидæны фæлтæртæ уыцы хъæбатырдзинад сæ зæрдыл дардзысты, — загъта Къаболаты Солтан.
Ветеранты Советы сæрдары хæдивæг Леонид Зенков бæстон ныхас ракодта, уыцы фыдрæстæджы горæт куыд фидар лæууыд, йæ цæрджытæ, æртæ милуан адæймаджы бæрц, куыд хъизæмар кодтой, фронты хæстхъомдзинадыл архайдтой, уый тыххæй. Æрвылбон зианты нымæц уыдис мингай, уыдонæн сæ фылдæр — нæлгоймæгтæ.
Нæ уыдис артаг, электрон тых, нуазыны дон. Фæлæ Ленинград бафæрæзта, фæуæлахиз!
1965 азы 8 майы Ленинградæн радтой горæтхъæбатыры кадджын ном.
Уыцы хъаймæты бахауд Людмилæ Назаренко дæр. Цыдис ыл æрмæст 5 азы. Йæ цæссыг нæ уромгæйæ, йæ мысинæгтæй иучысыл радзырдта. Дзулы къæбæртæ куыд æмбырд кодтой, иу мур дæр дзы зæхмæ æрхауын нæ уагътой.
— Сымах амондджын рæстæг цæрут, уадз, æмæ макуыуал уæд хæст, — загъта рыстзæрдæ сылгоймаг сывæллæттæн.
Дзæуджыхъæуы 17-æм скъолайы ахуырдзаутæ бакастысты æмдзæвгæтæ, Ветеранты хæдзары зарæггæнджыты хор та йæ аивадæй барæвдыдта адæмы зæрдæтæ.
ГУГКАТЫ Жаннæ Къамтæ систа КЪÆБЫСТЫ Харитон