Йæ ирд курдиатæн — аккаг аргъ

0
409

 

26 январы йæ райгуырæн бон сбæрæг кодта Цæгат Ирыстоны адæмон поэт, Хетæгкаты Къостайы номыл премийы лауреат, РЦИ-Аланийы Фысджыты цæдисы раздæры сæрдар ХОДЫ Камал. Уый фæдыл ын арфæ ракодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеслав æмæ йын радта республикæйы бæрзонд паддзахадон хорзæх «Ирыстоны Намыс»-ы орден.

Зындгонд поэтæн йе ‘нæниздзинад бынтон нывыл кæй нæу, уымæ гæсгæ йæм республикæйы Сæргълæууæг арфæ кæнынмæ æрбацыд хæдзармæ. Битарты Вячеслав бафиппайдта, ирон литературæйы рæзтмæ Камал стыр бавæрæн кæй бахаста, стæй бирæ азты дæргъы æхсæнадон куыст кæй кодта, уый.

— Дæ ном дæуæн рагæй у зындгонд. Нырыккон ирон литературæмæ цы бавæрæн бахастай, уымæн аргъ скæнæн нæй. Дæ ирд курдиатæй, де сфæлдыстадон уацмыстæй ды радтæй ирон æвзаг æмæ ирон литературæйæн дарддæр рæзыны æмæ хъæздыгдæр кæныны гæнæнтæ, — загъта Битарты Вячеслав.

Ходы Камал бузныг загъта республикæйы Сæргълæууæгæн, ахæм стыр аргъ ын кæй скодта, уый тыххæй, раарфæ йын кодта, цæмæй йæ бæрнон бынаты йæ къухы æнтыстытæ æфта, уый фæдыл.

Ходы Камалæн ма йæ райгуырæн боны фæдыл арфæтæ ракодтой РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ РЦИ-Аланийы Хицауады администрацийы разамонæг Челæхсаты Рустем æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Фысджыты цæдисы сæрдар Хъазиты Мелитон.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here