Горæт Дигорайы уыд зындгонд советон ахуыргонд-экономист, не ‘мзæххон Цæголты Алыксандры фырт Николайы номарæн II Республикон гом турнир шахмæттæй. Ерыстæм æрбамбырд сты æрыгон шахматисттæ Кæсæг Балхъарæй, Мæхъхъæл æмæ Цæцæнæй, Хуссар Ирыстонæй æмæ хъазыдысты фондз кары къорды.
Турнир райдайыны агъоммæ йæ архайджытæн экскурси скодтам зынгзæрдæ революционер Цæголты Георгийы номыл историон-мемориалон хæдзар-музеймæ. Ам уазджыты базонгæ кодтам Цæголты Николайы цардвæндагимæ, сæрмагондæй загъд уыди, Цæголты мыггаг егъау æвæрæн кæй бахаста Ирыстоны историмæ.
Турнир 29 июны хуымæтæджы арæзт не ‘рцыд. Уыцы бон 129 азы размæ 1897 азы райгуырд Цæголты Николайы хистæр æфсымæр, зындгонд революционер Цæголты Георги. Уый, кæд йæ цард цыбыр уыд, уæддæр ирд фæд ныууагъта историйы, йæ ном æрмæст музей нæ хæссы, фæлæ Дигорайы уынгтæй иу дæр, йæ бюст та æвæрд ис горæты Намысы аллейы.
Дарддæр турниры архайджытæ музейæ бацыдысты районы Культурæйы галуанмæ. Шахмæтты «быдыры» тохтæ рауадысты тынг цымыдисаг. Архайджытæ равдыстой хорз цæттæдзинад, фæлæ алы ерысты дæр вæййы уæлахиздзаутæ, æмæ ам дæр тæрхонгæнджытæ сбæрæг кодтой хуыздæрты. Фыццаг бынæттæ бацахстой Челдыты Элинæ, Раббия Шаипова, Абубакар Шаипов, Имран Мурзабеков, Али-Булат Сулейманов; дыккаг бынæттæ – Арина Нагоева, Алия Харсиева, Хусейн Цицкиев, Цехъойты Алан, Бæззаты Алан; æртыккæгтæ – Айза Албакова, Козаты Александрæ. Тыбылты Алан, Хуыбиаты Линæ, Раян Идрисов, Бекъойты Владимир, Амир Хакимов, Данияр Идрисов, Джелыты Азæмæт, Али Цицкиев.
Кадджын уавæры уæлахиздзаутæ æмæ призон бынæттæ бацахсджытæн лæвæрд æрцыд грамотæтæ, майдантæ, кубоктæ æмæ æхцайы премитæ. Æнæрхъуыдыйæ нæ баззадысты, призон бынæттæ чи нæ бацахста, уыцы чызджытæ æмæ лæппутæ дæр – раттам сын грамотæтæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ.
Ам фæнысан кæнын хъæуы, хæрзиуджытæ турниры архайджытæн кæй снысан кодтой Цæголты Николайы фырты фырттæ Николай æмæ Алыксандр. Турнир саразыны фарстатæ та сæхимæ райстой Цæголты Георгийы номыл историон-мемориалон хæдзар-музей æмæ Патриотон клуб «Райгуырæн бæстæ».
ХЪАРДАНТЫ Тимур,
Патриотон клуб «Райгуырæн бæстæ»-йы разамонæг














