Хуыцау Заремæйæн цы æнкъарæнджын зæрдæ балæвар кодта, уый дзаг у адæммæ æмæ цардмæ уарзондзинадæй. Цы хъуыддагмæ бавналы, уый йæ уды фарнæй дидинæг ракалы. Йæ уæздан ныхас мадæлон ирон æвзагыл лæгæн æвдадзы хос фесты æмæ йыл базыртæ разайы. Алы кæстæры дæр бафæнды ахæм хæрзæгъдау сылгоймаджы миниуджытæ бафæзмын.
Заремæ! Дæу хуызæн сылгоймæгтæй фидауы нæ цард! Нæ зæрдæ дын зæгъы, цæмæй дæ алы райгуырæн боныл дæр дæ фæрныг бинонтæ æмæ бирæ хæлæрттимæ æмбæлай зæрдæрухс æмæ арф æнкъарæнтимæ. Иунæг Кадджын Стыр Хуыцау зæгъæд, цæмæй, дæ зæрдæйы арфы цы бæллицтæ ис, уыдон иууылдæр сæххæст уой. Мах та уырны, уыдон иууылдæр Ирыстоны хæрзæбонимæ, нæ кæстæрты рухс фидæнимæ, нæ мадæлон ирон æвзаджы хъомысимæ баст кæй сты, уый. Ды канд хистæртæн нæ дæ лæггадгæнæг, фæлæ — кæстæртæн дæр. Уымæн æмæ стыр æвæрæн хæссыс сæ хъомыладон куыстмæ суанг рæвдауæндæттæй райдай æмæ уæлдæр ахуыргæнæндæттæй фæу.
Хорздзинад адæймагмæ фæстæмæ здæхы, фæзæгъынц, æмæ ма цы уа хуыздæр, ды хайджын кæмæй дæ, уыцы адæмы хорзæхæй! Дæ рæсугъд бинонтимæ Мады-Майрæмы фæдзæхст у. Дæ кæстæрты кæстæрты цинæй буц дæ, æмæ сæ Ирыстонæн сомыгæнæн хъæбултæ рауайæд!
Дæуæн стыр аргъ кæнгæйæ, «Иры Стыр Ныхас»-ы Ахуырад æмæ ирон æвзаг бахъахъхъæныны фарстаты фæдыл комитеты уæнгтæ, дæ бирæ хæлæрттæ