Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеславæн кусæг фембæлд уыд Хъалонты федералон службæйы цæгатирыстойнаг управленийы разамонæг ТАЙМАЗТЫ Тимуримæ. Ведомствойы хицау радзырдта 2018 азы куысты бæрæггæнæнтæ, стæй ацы азы архайды нысанты тыххæй.
Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы æмæ РЦИ-Аланийы Хицауады пресс-службæ.
Битарты Вячеслав бузныг загъта хъалонты управленийы разамонæгæн, 2018 азы куыст æнтыстджын кæй рауад, уый тыххæй. Куыд загъдæуыд, афтæмæй ивгъуыд азы хъалонтæ æмбырд кæныны куыст зынгæ фæрæвдздæр, Уæрæсейы Федерацийы бюджетон системæйы пъланон бæрæггæнæнтæ къухы бафтыдысты.
— Хи æфтиæгтæ фæфылдæр кæныны хъуыддаджы Цæгат Ирыстоны къухы хорз бæрæггæнæнтæ бафтыд. Уыцы хъуыддагмæ аккаг æвæрæн хæссы хъалонты службæ. Уæ ведомствойы арфæйаг архайдæн æвдисæн у, фæстаг дыууæ азы дæргъы Цæгат Ирыстоны бюджетмæ зынгæ фылдæр хъалонтæ кæй æфты, уый дæр. 2019 азы дæр нæ размæ бирæ ахсджиаг социалон-экономикон нысантæ лæууы. Бакæнинаг хъуыддæгтæ ис нырма хъалонты бæрцыл бафтауыны, æмæ, æмткæй райсгæйæ, республикæйы хи æфтиæгтæ ноджыдæр фæфылдæр кæныны фарстаты, — йæ ныхасы фæбæрæг кодта Битарты Вячеслав.
РЦИ-Аланийы хъалонты управленийы разамонæг фæбæлвырд кодта 2018 азы куысты бæрæггæнæнтæ. «Уæрæсейы Федерацийы консолидацигонд бюджетмæ азы дæргъы барвыстæуыд 18,7 миллиард сомы (2017 азимæ абаргæйæ, уый у 1,1 миллиард сомы фылдæр). Уыцы фæрæзтæй РЦИАланийы консолидацигонд бюджетмæ æфтиæгты хуызы бафтыд 11,6 миллиард сомы, кæнæ æппæт фæрæзтæн сæ 62 проценты», — загъта Таймазыфырт.
Управленийы разамонæджы ныхасмæ гæсгæ, хъалонты æппæт хуызтæ дæр рæзты бæрæггæнæнтæ æвдисынц. Зæгъæм, хицæн адæймæгты æфтиæгты хъалоны бæрц рауад 6,5 миллиард сомы (бафтыд ыл 616 милуаны), æфтыд аргъы хъалон та — 2,2 миллиард сомы (рæзт рауад 16 процентæй фылдæр). Акцизты фиддонтæ схæццæ сты 5,8 миллиард соммæ, исбонады хъалонтæ та — 1,5 миллиард соммæ (бафтыд сыл 10 процентæй фылдæр). Уымæй уæлдай, æнæбюджетон паддзахадон фондтæм алыхуызон фиддонты хуызы барвыстæуыд 8,9 миллиард сомы (2017 азимæ абаргæйæ, рæзт рауад 13 проценты).
Ныхасы рæстæг æркастæуыд æндæр фарстатæм дæр.
Нæ уацхæссæг














