Знон РЦИ-Аланийы мыхуыры æмæ дзыллон коммуникациты комитеты сæрдар ФИДАРАТЫ Юри газет «Рæстдзинад»-ы редакцийы коллективы базонгæ кодта газеты ног сæйраг редактор, УФ-йы æмæ РЦИ-Аланийы культурæйы сгуыхт кусæг, филологон наукæты кандидат, УФ-йы Фысджыты æмæ Журналистты цæдисты, журналистты æппæтдунеон организацийы уæнг ХОЗИТЫ Барисимæ.
— Хозиты Барис нæ республикæйы зындгонд у куыд литературæйы дæсны иртасæг, курдиатджын публицист æмæ журналист. Уырны мæ, газеты сæргъы цы редактортæ лæууыд, уыдоны фарныл кæй бафтаудзæн æмæ, нæ республикæйы иунæг ирон æрвылбонон газет дарддæр йæ кады æмæ намысы фæндæгтыл кæй цæудзæн, уый.
Йæ ныхасы Хозиты Барис та фæнысан кодта, ацы бæрнон куысты бынатмæ, куыд ахуыргонд нæ цæуы, фæлæ куыд Ирыстоны патриот æмæ йæ адæмы иузæрдион хъæбул.
Газет «Рæстдзинад»-ы ног сæйраг редактор райгуырд Рассветы хъæуы. Æнтыстджынæй каст фæци Ленинграды паддзахадон университеты журналистикæйы факультет æмæ аспирантурæ. Советон æфсады службæ кæнгæйæ ма райста æфсæддон журналисты дæсныйад. У ЦИПУ-йы журналистикæйы факультеты кафедрæйы доцент. 2011 азæй ныры онг разамынд лæвæрдта ЦИПУ-йы ирон филологийы факультетæн. Барис у зонадон монографиты, уацты автор. Кусы ирон литературæйы, культурæйы, аивады фарстатæ иртасыныл. Иудадзыгдæр архайы дунеон, Æппæтуæрæсеон æмæ республикон наукон конференциты.














