Паддзахадон хæрзиуджытæ — журналисттæн

0
307

 

Мæскуыйы цы кадджын æмбырд сарæзтæуыд, уым Хуссар Ирыстоны Президент БИБЫЛТЫ Анатоли паддзахадон хæрзиуджытæ радта, 2008 азы августы гуырдзиаг æрбалæбурды рæстæг республикæйы цаутæ рæстагæй чи æвдыста, уыцы уæрæсейаг журналистты къордæн. Уый тыххæй фехъусын кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Минæварады пресс-службæ.

Президент куыд загъта, афтæмæй 2008 азы августы цаутæ æххæстæй æмæ æппæтвæрсыгæй кæй æвдыстой, уый тыххæй, стæй Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хæдбардзинад банымайыны 10 азы кадæн журналисттæ хорзæхджынгонд æрцыдысты «Фыдыбæстæйы хæсты Хуссар Ирыстоны адæмы уæлахизы 10 азы кадæн» майданæй. Хæрзиуджытæ чи райста, уыдонимæ сты: Æппæтуæрæсеон паддзахадон телерадиокомпанийы сæрмагонд уацхæссæг Евгений Поддубный, рауагъдадон центр «Известия»-йы продюсер Ольгæ Кирий, телеканал «Russia Today»-ы телеоператор Кокайты Асхат æмæ уацхæссæг Ашраф Эль Саббах, телеканал «Звезда»-йы продюсер Николай Баранов, телеканал «ТВ Центр»-ы телеоператор Алексей Комаров æмæ звукооператор Алексей Степанов-Молодова.

Бибылты Анатоли журналисттæн зæрдиаг арфæ ракодта æмæ сæ республикæмæ фæхуыдта, цæмæй сæхи цæстæй феной, Хуссар Ирыстоны хуыздæрæрдæм цы ивддзинæдтæ цæуы, уый. «Мæхицæн кадыл нымайын Хуссар Ирыстоны адæмы номæй сымахæн паддзахадон хæрзиуджытæ раттын. Сымах зæрдиагæй архайдтат, цæмæй гуырдзиаг æрбалæбурды хабæрттæ дунейы адæммæ æххæст æмæ рæстагæй хæццæ кæной. Уæрæсейаг информацион агентадтæ æмæ дзыллон хабархæссæг фæрæзты минæвæрттæ уыцы бонты равдыстой æрмæст профессионалон дæсныдзинад нæ, фæлæ хъæбатырдзинад», — йæ раныхасы фæбæрæг кодта Президент.

Фембæлды архайдта Республикæ Хуссар Ирыстоны Æххæстбарджын минæвар Уæрæсейы Федерацийы Гасситы Знауыр.

Нæ уацхæссæг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here