Станицæ Николаевскæйы цæрджытæ сæрбæрзонд кæмæй сты, уыцы сфæлдыстадон коллектив — хъазахъхъаг зарæггæнджыты къордыл сæххæст 70 азы. Уыцы æхсызгон цауы фæдыл станицæйы Культурæйы хæдзары арæзт æрцыд стыр бæрæгбон. Уый тыххæй фехъусын кодта РЦИ-Аланийы Национ ахастдзинæдты фарстаты фæдыл министрады пресс-службæ.
Станицæйы цæрджытæ æмæ коллективы уæнгтæн Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Битарты Вячеславы номæй арфæ ракодта республикæйы национ ахастдзинæдты фæдыл министр Цуциты Аслан. Министр зарæггæнджытæн бузныг загъта, бирæ азты дæргъы сæ аивадæй адæмы зæрдæтæ кæй рухс кæнынц, хъазахъхъаг зарæджы кад бæрзонддæр кæй исынц, уый тыххæй.
«Ныр 70 азы коллективы уæнгтæ цæсты гагуыйау хъахъхъæнынц адæмон сфæлдыстады хæзнатæ. Сценæмæ къорды алы рацыд дæр аивадуарзджытæн свæййы æцæг бæрæгбон. Уымæн ирд æвдисæн сты коллективы бирæ хæрзиуджытæ», — йæ раныхасы фæбæрæг кодта министр.
Бæрæгбоны архайджытæн арфæйы ныхас загътой культурæйы министры хæдивæг Дудайты Чермен, иннæ кадджын уазджытæ æмæ бынæттон цæрджытæ.
Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы изæр сценæйæ ногæй айзæлдысты æппæты уарзондæр хъазахъхъаг зарджытæ дæр.
Нæ уацхæссæг














