«Ирыстоны фæскомцæдис»

0
571

 

Алы адæймагмæ дæр йæхи хъуыды ис, зæгъгæ, фæзæгъынц. Иннæтæй хицæнгæнæг цау царды куы æрцæуы, уæд уæлдæрамынд хъуыдыйы æнæхиндзинад раргом вæййы. Æхсæнадон организаци «Ирыстоны фæскомцæдис» нæ республикæйы кæй фæзынд, уый фæдыл адæммæ сæвзæрд алыхуызон хъуыдытæ.

70-90-æм азты бæстæйы æппæтæй дзыллондæр æхсæнадон-политикон фæсивæдон организацийы алыхуызон бæрнон бынæттæ чи ахста, уыцы адæм, æмбырд саразгæйæ, раст уынаффæ рахастой æви нæ, уый фæстæдæр рабæрæг уыдзæн. Хъæбатыр хæстон æмæ намысджын фæллойадон æгъдæуттæ кæмæн уыд, уыцы амынд æхсæнадон организацийы уæнгтæ уыдысты 200 милуан лæппу æмæ чызгæй фылдæр.

Азтæ кæуыл рацыд, уыцы раздæры фæскомцæдисонтæ, кæрæдзиимæ фембæлгæйæ, ацы æвæджиауы организацийæн кад цæмæ кæнынц, зæгъгæ, хъуыддæгтыл стырзæрдæ нæуæвæг адæймаг ахæм фарстæн дзуапп ратдзæн. Фæскомцæдис кæд нал ис, уæддæр ацы адæм, стыр ныфс æвдисгæйæ, фæскомцæдис мысынц æмæ, рæзгæ фæлтæры хъысмæтыл хъуыды кæнгæйæ, фæскомцæдисон организаци ногæй аразынц.

Æвзыгъд фæскомцæдисонты разамындæй æхсæнадон организаци «Ирыстоны фæскомцæдис» фæсивæды патриотон хъомыладæн æмæ сфæлдыстадон рæзтæн ахъаз кæй кæндзæн, ууыл дызæрдыг нæ кæнын.

Зæнджиаты Чермен сæрдариуæг кæм кодта, «Ирыстоны фæскомцæдис»-ы активы уыцы радон æмбырды архайджытæ æрныхас кодтой организацийы дарддæры куысты пълантыл.

Уагæвæрдон архайды сæйраг къабæзтæм гæсгæ арæзт æрцыдысты къамистæ æмæ комитеттæ. Уымæй уæлдай, паддзахадон хицаудзинады оргæнты, политикон партитæ æмæ кадджын æхсæнадон организациты разамындæй республикæйы кæй аразынц, социалон уагæй ахадгæ акциты куыд архайдзысты «Ирыстоны фæскомцæдис»-ы минæвæрттæ, ууыл дæр ныхас цыд. Рæхджы «Ирыстоны фæскомцæдис» республикæйы æхсæнадон-политикон царды зæрдиагæй архайын кæй райдайдзæн, уый мæ уырны.

Владимир ИВАНОВ

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here