Хъæбатыртимæ фембæлд

0
566

 

Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны кадæн знон Дзæуджыхъæуы Хæлардзинады хæдзары, Цæгат-Кавказаг Суворовон училище, Дзæуджыхъæуы базарадон-экономикон техникумы ахуырдзаутæ æмæ хъазахъхъаг æхсæнадты минæвæрттæн уыдис фембæлд Афгайнаг æмæ Цæцæны хæстыты Уæрæсейы Федерацийы Хъæбатыртæ Валери КУКОВ æмæ Гасан НАДЖАФОВИМÆ, Афганистаны ветеранты советы сæрдар ПХАЛÆГАТЫ Сергей æмæ Дзæуджыхъæуы Галиуфарсы районы ветеранты советы сæрдар ЗОЛОЙТЫ Игоримæ

Фембæлды архайдта УФ-йы Хъæбатыр Андрей Днепровскийы мад Татьянæ дæр. Фембæлды архайджытæ бакастысты, Афганистан, Цæцæн, Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны уæрæсейаг æфсæддонтæ æмæ Хъæбатыртæ цы æнæмæлгæ сгуыхтдзинæдтæ равдыстой, уый тыххæй нывты, къамты скъуыддзæгтæм. Уый фæстæ мадзалмæ хуынд Хъæбатыртæ Валери Куков æмæ Гасан Наджафов æрыгон фæлтæрæн радзырдтой, фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы удыхъæд æмæ миниуджытæ хъуамæ цавæр уой, уый фæдыл сæ хъуыдытæ. Валери Куков загъта:

— Мæнæ ацы ран цы къамты равдыст федтат, уыцы хъæбатырты цард рæстдзинад æмæ нæ Райгуырæн бæстæмæ уарзондзинады бындурыл арæзт цыдис. Æмæ сæ удтæ æнæвгъауæй радтой сабыр дунейы сæраппонд, цæмæй нæ Фыдыбæстæ дидинæг кала. Мах бон цы уыд, уый бакодтам æмæ кæнæм, фæлæ фидæн та сымах къухты ис. Цавæр уыдзæн, уый уæхицæй аразгæ у, уæ патриотон хъомысæй. Патриотизм та райдайы, фыццаджыдæр, бинонтæ æмæ хæдзармæ уарзондзинадæй. Нæ иумæйаг хæдзар — Уæрæсе егъау паддзахад у, бирæтæ йæм æрбалæбурдтой хæстмондагæй, исты дзы ратоныны нысантимæ, хæст-иу уыдон райдыдтой, нæ бæстæйы хъæбатыр фæлтæртæ та-иу æй уæлахизимæ фесты. Сымахæн дæр мæ зæрдæ зæгъы, цæмæй уой рæстдзинадыл дзурæг, уæ намыс уæ цæсгом макуы фесафут æмæ уыдзыстут нæ Фыдыбæстæйæн аккаг хъæбултæ, ныфс æмæ æнцой, — загъта Валерий Куков.

Суворовонтæн рагагъоммæ бæрæгбоны арфæтæ ракодта Гасан Наджафов дæр æмæ бафæдзæхста, цæмæй арфдæр зонындзинæдтæ исой историйæ. Уый æппæт предметтæ фыццаг у, æфсæддон службæйæн йæ цард чи нывонд кæны, уыдонæн. Ахуырдзаутæм Хъæбатыртæ лæвæрдтой алыхуызон фарстытæ æмæ сын зæрдиагæй раст дзуаппытæ дæр радтой æвзонг суворовонтæ.

САУТÆТЫ Тамилæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here