Нымæцон телеуынынад. Фиддонтæ. Сæйраг архитекторы службæ

0
421

 

«Адæмимæ фембæлдтыты рæстæг сæ бафæрсын нымæцон телеуынынадмæ рахизыны фадæттæй, фæлæ бирæтæ хъуыддаг нæ фæзонынц. Уымæ гæсгæ мæ фæнды, ацы ахсджиаг фарста республикæйы æххæстгонд куыд цæуы, уый тыххæй нын дзуапп раттæд СÆЛБИТЫ Алан», — знон РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг БИТАРТЫ Вячеслав районты разамонджытимæ, Хицауады кабинеты уæнгтимæ фембæлды рæстæг рæгъмæ рахаста ахсджиаг фарста.

Информацион технологиты æмæ бастдзинады управленийы разамонæг Сæлбиты Алан куыд бамбарын кодта, афтæмæй республикæ нымæцон телеуынынадмæ рахизыны охыл цæттæгæнæн куыстытæ бакодта. Цæгат Ирыстон хъуамæ æххæстæй нымæцон телеуынынадмæ рахиза 3 июны. «Фыццагдæр уал сбæрæг кодтам, 20 телеканалы сигнал æнæ уæлæмхасæн ифтонггæрзтæй цы цæрæнбынæтты исдзысты, уыдон. Фарстытæ сæвзæрд хæххон дæрддзæф хъæуты, уым ныр дæр сигнал нæ исынц. Ис ахæм цæрджытæ, æмæ сæ бон уæлæмхасæн ифтонггарз балхæнын нæу. Баххуыс кæнын хъæуы 2 минæй чысыл фылдæр бинонтæн. Мах банымадтам æппæт хæрдзтæ, зындгонд сты æххуысхъуаг бинонтæ дæр», — загъта Сæлбийы-фырт.

Куыд ма бафиппайдта, афтæмæй хæдзар-хæдзар фæзилынæн, уавæр бамбарын кæнынæн хорз æххуыс фæуаиккой волонтертæ, кæд æмæ дзыллон хабархæссæг фæрæзтæ дæр æмбарынгæнæн æрмæджытæ мыхуыр кодтой, уæддæр цæрджытæ се ‘ппæт хъуыддаг бындуронæй нæ зонынц. Битарты Вячеслав бахæс кодта Финансты министрадæн, районты разамонджытæн, цæмæй сбæрæг кæной хъæугæ ифтонггæрзтæ балхæнынæн æхца. Уымæй дарддæр бафæдзæхста æппæт хъуыддæгтыл дæр афтæ бакусын, цæмæй мартъи æмæ апрелы фарста лыггонд æрцæуа.

Æмбырдмæ цы фарстытæ хаст æрцыд, уыдонимæ уыд, республикон æмæ бынæттон бюджеттæ хардзгонд энергофæрæзтæн куыд фидынц, уыцы хъуыддаг дæр. Акционерон æхсæнад «Цæгаткавказэнерго»-йы директоры хæстæ æххæстгæнæг Андрей Ерешкин куыд бамбарын кодта, афтæмæй электрон тыхæн фиддонтæ 2018 азы æххæстгонд æрцыдысты афойнадыл, аз хорз сæхгæдтой. Æрмæстдæр фиппаинæгтæ æрхæссæн ис цæрæнуæттыкоммуналон хæдзарадмæ, уый дæр, разамынддæттæг компанитæ хардзгонд электрон тыхæн бафидынмæ куыдфæндыйы цæстæй кæй акастысты, уый аххосæй. Хæдзарад йæхæдæг бафыста фиддонты 63,8 проценты.

Андрей Ерешкины ныхасмæ гæсгæ, ацы азы январ рауадис уæззау, уымæн æмæ хъуамæ районтимæ бафыссой ног бадзырдтæ, хъуыддаг чысыл къуылымпы кæны. Фæлæ къазнайы архайд куы фæрæвдз уа, уæд дзы зындзинæдтæ нæ уыдзæн. Ныридæгæн уал арвыстой хыгъдтæ, фæлæ нырма ис рæстæг мæйы кæронмæ, уæд фиддонтæ æрвитын райдайдзысты. Хъуыддаг йæхиуыл схæцы февралмартъийы.

Битарты Вячеслав бузныг загъта Цæгат Кавказы регионты æхсæн дихгæнæн компанийы цæгатирыстойнаг филиалы директоры хæстæ æххæстгæнæг Къæбысты Ацæмæзæн, Мызуры поселок æнæ электрон тыхæй куы баззад, уæд уыцы куыстытæ сæхимæ кæй райстой, уый тыххæй. Уымæй дарддæр республикæйы Сæргълæууæг бафæдзæхста Хицауады кабинеты уæнгтæн, цæмæй равзарой электрон тыхы телты, æндæр хъæугæ ифтонггæрзты уавæр, æппæт хæдзарад цас хъомысджын у, уыдæттæ.

Республикæйы Сæргълæууæг æмбырды архайджыты базонгæ кодта Цæллагты Алыксандримæ, уый разамынд дæтдзæн Сæйраг архитекторы службæйæн. Цæлладжы-фыртмæ фæсидтис, цæмæй æркæса республикæйы горæттæ æмæ цæрæнбынæтты архитектурон фæлгонцмæ. Бафæдзæхста йын, цæмæй нæ сæйраг горæты центры æнæхъуаджы бирæуæладзыгон хæдзæрттæ арæзт мауал цæуой, уæдæ кæмтты æрдзон аив бакаст дæр алыхуызон кæркæ-мæркæ арæзтæдтæй хæлд ма цæуа. Районты æмæ Дзæуджыхъæуы разамонджытимæ та йын хъуамæ уа æмгуыстад, Сæйраг архитекторы службæ хуымæтæджы арæзт не ‘рцыд, дарддæр уыцы æдзæллаг, æнæбындур арæзтæдтæн быхсæн нал ис.

Æмбырды ма æрныхас кодтой æндæр ахсджиаг фарстатыл дæр, фæбæрæг кодтой, хæстæгдæр рæстæг цы хъуыддæгтыл бацархайын хъæудзæн, уыдæттæ.

БУТАТЫ Эльзæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here