Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон нæ бæстæйы кæддæриддæр бæрæггонд цæуы куыд æппæтадæмон бæрæгбон, афтæ, уымæн æмæ нæ уæлахизхæссæг æфсад махæн фадæттæ аразы сыгъдæг арвы бын цæрынæн, фæллой кæнынæн æмæ сывæллæттæ хъомыл кæнынæн. Уый та у æппæты сæйрагдæр хъæздыгдзинад.
Ирыстоны уæлдай стырдæр кад ис, æфсæддон хæс чи æххæст кæны, уыдонæн. Махмæ фæзынд хорз æфсæддон традицитæ, кæцытæ ирдæй разындысты Фыдыбæстæйы Стыр хæсты азты, ирысойнæгтæ тохты быдырты сæхи хъæбатырæй куы равдыстой, Дзæуджыхъæу та æнæбасæтгæ фидар куы сси, æмæ ардыгæй Советон Æфсады размæбырст куы райдыдта, уæд.
Фæлтæр ивы фæлтæры, фæлæ æппæт рæстæджыты дæр Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнын уыдис æмæ у нæ удварн æмæ хорздзинады барæн. Æмæ абон мах сæрыстыр стæм, РЦИ-Аланийы территорийыл легендарон æфсæддон иугæндтæ кæй ис, уымæй, уыдон сты Уæрæсейы хуссайраг арæнтыл сабырдзинад хъахъхъæнæг тых.
Бæрæгбоны зæрдиаг арфæтæ — Уæрæсейы Федерацийы Гæрзифтонг тыхты службæгæнæг салдæттæн æмæ афицертæн, зынаргъ ветерантæн, алы азты æфсады чи службæ кодта, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр, уыдон иумæ фидар кодтой нæ паддзахады хъомыс æмæ хъахъхъæнынад.
Мæ зæрдæ уын зæгъы фидар æнæниздзинад, амонд æмæ стыр æнтыстдзинæдтæ нæ бирæнацион Уæрæсейы хорздзинадæн!
Алексей МАЧНЕВ, Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты Сæрда














