«Дуне, хæрзбонтæ дыл кæнæд!»

0
681

 

Номдзыд фысджытæ, стыр лæгтæ фыссæнгарз цæмæн райсынц, уыцы нысантæй фыццаг у дуне фæрайдзастдæр кæнын, адæмы хъæндзинæдтæ фæкъаддæр кæнын, цæмæй адæймаг йæ уды уаргъ хæссын фæраза æмæ фыдуавæрты дæр адæймагæй баззайа. Хуымæтæджы нæ амидин кæны цæрынмæ ирон æмбисонд дæр: «Цард хæс у». Æмæ дын кæд цыфæнды зын у, кæд арвæй зæххæн æнæуромгæ дур æрхауд, уæддæр цæрын хъæуы — уый дæ хæс у, адæймаг.

Уд куы снарæг вæййы æнтъыснæгæй, æрдуйыл ма куы фæхæцы, уæд райгонд нал вæййы суанг дунейы равзæрдæй дæр. Зын ссарæн у, уыцы зæрдæйы уаг чи нæ бавзæрста, ахæм стыр фыссæг, уæлдайдæр тугæйдзаг ХХ æнусы фысджытæй. Астæуккаг æнусты хъуыдыгæнджытæ нæ федтой Освенцим, Бухенвальд æмæ Дахау, Хиросимæ æмæ Нагасаки, Хатын æмæ Беслæн, нæ фехъуыстой, адæм кæрæдзи цæгъдынæн ныр цы æбуалгъ хæцæнгæрзтæ аразынц, цы мадзæлттæ мысынц, уыдоны тыххæй. Фæлæ уæды заманты дæр адæймаг адæймаг уыд: арæхст мæнгард, фæлывд уæвынмæ, зыдта стигъын æмæ марын, уарзта кад æмæ æхца. Æмæ-иу барджын ссæста, æфхæрдта æнæбары, сæнад-иу ын кодта йæ цард. Уый фæдыл дзырдта ХVII æнусы фысджытæй иу Ганс Гриммельсгаузен (1621- 1676) йæ роман «Симплициссимус»-ы.

Ацы романæй скъуыддзаг ирон æвзагмæ ратæлмац кодта Джыккайты Шамил. Бæлвырд бæрæг у, йæ зæрдæ йын фæцагайдта Гриммельсгаузены роман. Шамил, чи зоны, дис дæр фæкодтаид, мæнæ мын мæ хъуыдытæ куыд загъта, зæгъгæ.

Цыфæндыйæ дæр, Шамилы фæндыд, цæмæй дуне ма уа, немыцаг фыссæг æй куыд сныв кодта, ахæм, фæлæ дзы уæлахиз кæной амонд æмæ уарзт, иу иннæмæн ма уа æххуырст, иу иннæйы ма кæна дæлдзиныг æмæ дæлдæр. Уымæ бæллыд цæрæнбонты. Уымæн хаста иу удæй уыйас æргъом: æхсæвбон нæ хицæн кодта, афтæмæй куыста литературæйы æппæт къабæзты, наукæйы, филологон факультеты фæсивæды ахуыр кæнгæйæ. Архайдта, цæмæй, ирон туг, ирон стæг кæмæн ис, уыдонæн ирон уой сæ удтæ дæр — ирон дзырды фарнæй. Дæс чиныджы рацыдысты йе ‘мдзæвгæтæ æмæ хицæн уацмыстæ: «Æфсарм» (1964), «Цæф сæгуыты маст» (1969), «Амыраны зæрдæ» (1979), «Сагъадахъ», (1980), «Æхсæвы æртытæ» (1990), «Хъодыгонд зæд» (1993), «Саст дзæнгæрæг» (2000), «Изæрмилты кувын» (2002), «Арт æмæ æртхутæг» (2007), «Намыс» (2010), наукон-критикон уацты æмбырдгæндтæ литературæйы, фольклоры, æвзагзонынады æмæ культурæйы фарстатыл æмæ ахуыргæнæн чингуытæ дæс: «Фольклор æмæ ирон поэзи» (1972), «Ирон литературæ», «Зонадон-критикон уацтæ» (1986), «Ирон литературæ: ахуыргæнæн чиныг-хрестомати 8-æм къласæн” (1994), «Нигер: портреттæ, иллюстрацитæ, документтæ» (1996), «Ныхасы фарн» (1996), «Разагъды лæгтæ: сфæлдыстадон сурæттæ» (1999), «Ирон литературæйы истори (1917- 1956)», «Ирон дзырдаивад: поэтикæйы фарстатæ» (2005), «Рагон цард æмæ зондахаст» (2009). Публицистон уацтæ æмæ рецензитæ 350 бæрц. Романтикон зæрдæйы хицау уыд Шамил æмæ йæ фæндыд, цæмæй арфæйаг дзырды хъомысæй зæххыл фесæфа хæрам.

Уыцы нысанæн ратæлмац кодта Гриммельсгаузены романы иу хай дæр.

Хъуыды кæнын кæмæ цæуы, куырм, къуырма чи нæу, йæ намысæй йæ гуыбынæн цагъар чи не скодта, уыдон цы хъуамæ зæгъой немыцаг фыссæджы хатдзæгты ныхмæ? Цæмæй нæу раст? Цард куы нæуал вæййы цардау, уæд дзы нал цæуы цæрын. Дуне разыны мылазонæй. Дзесты Куыдзæгмæ, дам, ахæстоны цавæрдæр хъахъхъæнæг æртхъирæнтæ кодта, ныртæккæ дæ ныммардзынæн, мæ коммæ куы нæ бакæсай, уæд, зæгъгæ. Æмæ йын Куыдзæг афтæ: «Кæд æз цæрон æви мæлон, уый дæ хуызæттæй аразгæ у, уæд мæн ахæм цард нал хъæуы!» Гуырысхойаг нæу, æцæгдæр æй ахæм цард кæй нал хъуыд, æнцонæй йæ кæй рауæлдай кодтаид, уый.

Раджы уа, æрæджы, уæддæр базонæм царды зыгъуым, маст æмæ катай, бахауæм фыдæвзарæнты. Фæлæ уæддæр зынтæн фæбыхсæм. Уымæн æмæ нæ фарсмæ вæййы, царды æбуалгъдзинæдтæй сæ уды хъомыс тыхджындæр кæмæн разыны, ахæм адæймæгтæ — зæрдæйы ныфс цудын чи нæ уадзы, ахæм фарны лæгтæ. Уыдонæй уыдтæ ды, Шамил. «Мæнæн ацы мæнг дуне дæуæй уыди рухс». Афтæ зæгъдзысты бирæ-бирæтæ, дæ сæр нывондæн кæмæн хастай, уыцы Иры — ды кæмæн уыдтæ, ды кæмæн нал дæ, сæ цæстытыл кæмæн уайыс, сæ зæрдæтæй цух кæмæн нæ кæныс… Дæ фæстæ цыма ирон дзырд йæ риуы дзаг нал сулæфдзæн, афтæ фæкæсы хатгай æрхуымзæрдæйæ. Фæлæ йын дæ цæст ахæм хъысмæт нæ бауарздзæн. Уымæн æмæ ды ирон дзырд æвæрдтай уæллаг арвæй уæлдæр, дæ удлæууæн уыд, æмæ йыл хæрзаудæн кæндзынæ…

Фæзæгъынц: «Фидар лæууын хъæуы». Фæлæ куыд, цы мадзалæй, уый ничи зоны, адзалы фæндагæй раздахын куыд ничи зоны, афтæ. Фæкурынц: «Дæ фарн демæ ма ахæсс». Фæлæ уый гæнæн дæр куыд ис? Ахæм гæнæнтæ куы уаид, уæд Иры удварны быдыртæ зæрæстон нæ кæниккой фæлтæрæйфæлтæрмæ — Къоста, Васо, Елбыздыхъо, Секъа, Арсен, Цомахъ, Цоцко, Дæбе, Грис, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты цæхæры чи басыгъд, уыцы нæрæмон фæсивæд… Æлборты Барысби, Багаты Никъала, Тедеты Георги, Уарзиаты Вилен æмæ иннæ разагъды лæгты фарнæй, абон ирон дзырдæн æнувыдæй чи лæггад кæны, уыцы нымад къорды арфæйæ афонмæ ирон адæм зæдтæ æмæ дауджытæ басгуыхтаиккой. Ирон æвзаг, ирон поэзи, прозæ, драматурги, литературон критикæ та уаиккой тæхудиаджы уавæры. Шамил Къостайæ фыста: «Æцæг поэтæн йæ цард вæййы тох æмæ куыст, æхсар æмæ быхсын», «Къоста дзырдта йæ зæрдæйы маст, йæ зæрдæйы маст та уыди адæмы маст, дзыллæты хъыг». Йæхицæн дæр равзæрста ахæм цард, ахæм хъысмæт. Йе стырдæр бæллиц уыд Иры амонд æмæ рæсугъд фидæн. Нæ разагъды лæгты хæстæ сæхимæ чи райса, сæ бирæ кусинæгтæ кæронмæ чи хæццæ кæна, Фыдыбæстæ уарзгæйæ, бæргæ ахæм цæхæрцæст ног фæлтæр куы раттид дунейы фарн Ирыстонæн Цæгатæй Хуссармæ, уæд Шамилы фæндиæгтæй иу сæххæст уаид.

АБАЙТЫ Арбилянæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here