«Хæдбар паддзахад куы систæм, уæд мæ размæ лæууыд фарста: «Ахсджиагдæр нын цы у? Политикæ æви экономикæ?» Мæхицæн скарстон — «экономикæ» æмæ ууыл райдыдтон архайын», — Казахстаны хæдбардзинадыл фынддæс азы куы рацыд, уæд афтæ дзырдта йæ президент Нурсултан Назарбаев. Экономикон æгъдауæй хæдбар уæвын у нырыккон Уæрæсейы регионты стырдæр нысан. Ома, хи æфтиæгтæ, хи авналæнты фæрцы цардарæзты ахсджиагдæр фарстатыл, социалон зæрдæдарæнтыл æххæссын. Нæ республикæйы Экономикон рæзты ведомствæ бабæрæг кæнгæйæ, «РЦИ-Аланийы 2030 азмæ Социалон-экономикон рæзты стратеги”-йæ министры фыццаг хæдивæг ЦОРИТЫ Алетæйы куыд нæ хъуамæ бафарстаин
— Дыууæ азмæ ахъаззаг куыст бакодтат, рагæйдæр ныхас цы исбоныл, цы фæрæзтыл цыд, цы хъомыс, цы авналæнты хицау стæм, уый сбæрæг.
— Афтæ, æрмæст нырма бакуыстам зæххон фæрæзтæ æмæ æнæзмæлгæ исбоныл. Сты республикон æмæ федералон нысаниуæгимæ. Сбæрæг, аргъ сын скæнын, уыд бирæвæрсыг, рæстæг æмæ бæстон архайд домæг куыст. Хъуыддæгтæм бавналыны агъоммæ хъуамæ зонæм, нæ рæбыны цы ис, цæмæй архайдзыстæм, уыдæттæ. Æрдзон хæзнатæ, æндæр фæрæзтæ… Промышленнон къабаз куы райсæм, уæд нын хъуамæ зындгонд уа йе ‘ппæт куыстуæтты уавæр, продукцийы хуызтæ, хъомыс, цы технологитæ, инновацитæй пайда кæнынц, уыдæттæ. Ома, къабазæн йæ экономикон бындуртæ. Нæ куыст хъуамæ аразæм, цы стратегион нысантæ нын ис, уыдонмæ гæсгæ.
Афтæ — хъæууон хæдзарады дæр. Ахæм дæнцæг — куыддæр Арвыкомы фæндаг æнæнхъæлæджы уавæрты тыххæй æхгæд æрцæуы, афтæ нæ базарадыл æваст фæзыны. Æргътæ дæр хæрдмæ ныццæвынц, уæдæ хойраджы бæрц дæр фæкъаддæр вæййы тæрхæджытыл. Уый тыххæй та хъуамæ нæ хъæууонхæдзарадон нысаниуæджы зæххытимæ архайд аивæм. Хойраджы æдасдзинад бахъахъхъæныны охыл хъуамæ нæхицæн фæнысан кæнæм, нæ бон цавæр культуртæ зайын кæнын у, ахсджиагдæр нын цавæр продукци у, уыдæттæ. Тауынæн бæзгæ зæххытимæ архайд хъуамæ суа æнцондæр ивгæ.
Цæгат Ирыстоны адæмы цард хъуамæ æддагон хойрагимæ баст ма уа. Ацы ран хъуамæ балæууæм, кусынвæнд кæмæ ис, ахæм адæймæгты цур. Нæ республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав дæр фарста афтæ æвæры. Цæгат Ирыстоны 2030 азмæ конд Стратеги та хæдзарадон къабæзтæм гæсгæ срæвдз ис, бæрæг сты йæ сæйраг бындуртæ. Æмбæлгæ ныхас ыл рауад, ныртæккæ ис хицаудзинад æххæстгæнæг фæдералон оргæнтæм. Ныронг æм цы фиппаинæгтæ хаст æрцыд, уыдæттæ дзы баивтам. Документ куы цæттæ кодтам, уæд Уæрæсейы Президенты 2018 азы майы фидаргонд национ проекттæ нæма уыдысты. Уый нымайгæйæ, Стратегимæ хæссæм ивддзинæдтæ, кæд æмæ се ‘хсæн æмхуызондзинæдтæ ис, уæддæр уыдæттæн æнæкæнгæ нæй, уымæн æмæ ныл федералон центр æвæры нысангонд бæрæггæнæнтæ æххæст кæныны хæс.
Уый æнцон хъуыддаг нæу, иуæй-иу нысантæн æгæр бæрзонд барæнтæ ис, фæлæ уæддæр архайæм, цæмæй нын бантысой, ууыл. Цæттæ кæнæм сæрмагонд мадзæлттæ уый охыл, алы мæй дæр федералон хицаудзинады раз дзуапп дæттæм, нæ архайд хъуамæ уа барст, бæлвырдгонд. Афтæ хъуамæ ма рауайа, æмæ нæ бон уыцы нысангонд бæрæггæнæнтæ сæххæст кæнын нæу. Ацы хъуыддаг комкоммæ баст у республикæйæн бюджетон фæрæзтæ дих кæнынимæ. Раздæр-иу хъуыддаг æххæстгонд цыдис социалонэкономикон программæтимæ уыцы-иу рæстæг. Ныр кæд нысангонд бæрæггæнæнтæм нæ сарæхстæ, уæд республикæйы бюджет «æрцыбыртæ» кæндзысты.
Цыбыр дзырдæй, базарадон экономикæйы куыддæриддæр æмбæлы, афтæ нæ бæрнондзинад комкоммæ баст у æхцаимæ. Социалонэкономикон рæзты бæрæггæнæнтæ не ‘ййафут, уæд уæ финансон æххуыс дæр фæкъаддæр уыдзæн. Фарста карзæй æвæрд цæуы. Ис ма æндæр, национ проекттимæ баст дыууæсæдæйæ фылдæр барæнтæ, æмæ уыдоны тыххæй дæр алы мæй дæр дзуапп дæттæм федералон центры раз.
— Арæх сæвзæры фарст, Экономикон ведомствæ бæрнон цавæр хъуыддæгтыл у, цавæр сты йæ хæстæ, зæгъгæ?..
— Нæ министрады уагæвæрдмæ гæсгæ нæм хауы 60 алыхуызон хæсы, фæлæ æцæгдзинад ахæм у, æмæ дзуапп дæттæм 158 хъуыддагыл. Уыдæттæй уæлдай, алы боны царды цы бирæ уынаффæтæ, амынддзинæдтæ фæзыны, уыдоныл дæр. Цæмæй социалон-экономикон рæзт нывылгонд уа, уый тыххæй цæттæ кæнæм нормативон-барадон акттæ. Æрмæст 2017-2018 азты республикæйы рæзты Стратеги сæххæст кæныны охыл бацæттæ кодтам 70 закъоны æмæ уынаффæйы бæрц. Нырмæ нæм нæ уыдис «Стратегион пълангæнынады закъон», бахъуыд ма нæ æндæр акттæ дæр. Æппæт уыцы закъонæвæрынадон документты фæрцы фæзындис фадат территориты рæзты схемæтæ, паддзахадон программæтæ цæттæ кæнынæн, программæтæн мадзæлттæ хæссынæн. Иннæ ахæм — рагагъоммæйы бæрæггæнæнтæ бæлвырд кæнынæн. Финансон æххуыс нын цавæр æмæ цас уыдзæн, уый баст у, федералон центримæ куыд кусæм, ацы бæрæггæнæнтæ куыд æххæст кæнæм, уыимæ.
Бюджеты тыххæй закъонæй уæлдай ма ахсджиаг уыд республикæйы фæллойадон базары уавæры бæрæггæнæны тыххæй закъоны проект дæр. Æндæр бæстæтæй нæм цы фæллойадон мигранттæ æрбацæуы, уыдон нæхи граждæнтæй къаддæр фыстой æфтиæгтæй хъалон. Уый раст нæу, бацæттæ кодтам документ, æмæ ныр ацы закъонæвæрынадон хъæппæрисы руаджы уæлæмхасæн æфтиæгты бæрц 1,7 хатты фæфылдæр, бюджетмæ æрбарвыстой 40 милуан сомы бæрц.
— Федералон центр æвдисы бæрнон ахаст, ома, кæд домæнтæн дзуапп дæттут, уæд æмбæлгæ алывæрсыг æххуыс дæр райсдзыстут…
— Алы аз дæр регионты социалон-экономикон рæзт раиртасын, сæ хицаудзинады архайды ахадындзинад сын сбæрæг кæныны охыл бацæттæ кæнынц барæнтæ (рейтинг). Цæгат Ирыстонæн социалон-экономикон рæзт рæвдз кæй æнтыст, уымæ гæсгæ нын 2017 азы радтой грант — 84,9 милуан сомы. Хардзгонд æрцыд социалон хъуыддæгтыл. Уыдыстæм, экономикон рæзт кæмæн æнтысы, Уæрæсейы ахæм 40 регионы ‘хсæн. Уыцы змæлд, размæцыд бæрæг дары, паддзахадон программæтыл куыд кусæм, федералон бюджетæй нын цы æхца радих кæнынц, уымæй дæр. Æппæт паддзахадон программæтæн 2016 азы райстам 4,5 миллиард сомы, 2019 азы та — 11,4 миллиард сомы. Социалон ахадындзинадимæ арæзтæдтыл хæрдзтæ 2,7 хатты фылдæр фесты
Кæд æмæ 2016 азы капиталон бавæрдты бæрц уыдис 1,9 миллиард сомы, уæд 2019 азы — 5,1 миллиард сомы. Иннæ — æнæкапиталон бавæрдтæ 2016 азы уыдысты 2,6 миллиард сомы, 2019 азы та — 6,3 миллиард сомы. Цыбыр рæстæгмæ Цæгат Ирыстон архайын райдыдта фылдæр паддзахадон программæты, уымæй нын фæфылдæр федералон бюджетæй дихгонд æхца дæр. Уый æвдисы республикæйы æппæт æмвæзады хицаудзинады куыстхъомдзинад, комкоммæ, Экономикон рæзты министрады — куыд æппæт хъуыддæгтæ аразæг, нывылгæнæг ведомствæйы куыст.
— Сусæггаг нæу, раздæр-иу программæтæн дихгонд æхца нæ бон нæ бацис бакусын, фæстæмæ-иу сæ арвыстам. Иннæ ахæм — æрдæгарæзт объекттæ.
— Уыдæттæн нæм бынат нал ис, бирæ аразгæ у разамонæджы, бæрнон адæймаджы фидар уынаффæтæй, йæхæдæг куыстмæ цы ахаст æвдисы, уымæй. Ахæм специалисттæ ис, æмæ сæ куыст куы ныууадзынц, уæд се ‘мсæр, се ‘мзонд ссарæн нал вæййы. Историон цауты дæр ма хицæн адæймæгты ахадындзинад, сæ зонды авналæнтæ цæвиттонæн хæссинагæй баззайынц. Æппæт уыцы æууæлтæ паддзахадон куыстарæзты ноджы ахсджиагдæр сты. Паддзахадон разамынды хъуыддæгтæ чи æххæст кæны, уыдон хъуамæ зоной цæрджыты, республикæйы æппæт фарстатæ, къæрцхъус сæм уой, цæлхдуртæ æмæ гæрæнтæ афойнадыл иуварс кæной, рæзты, размæцыды политикæ фидар кæной, сæхи бар сæ ма ауадзой, сæ банывыл кæнын дæр у сæ комкоммæ хæс.
Иу ран дæр æнæмæт, уазалзæрдæ кусæг нæ хъæуы, паддзахадон разамынды къабазмæ та сæ хæстæг уадзæн нæй. Тынг хорз хъуыды кæнын амалхъомад цæмæй райдыдта, йæ къахыл слæууыны охыл ын арæзтам паддзахадон æххуысы мадзæлттæ. Чидæриддæр цæстфæлдахæн, «ратона»-йы фæрцы самадта йæ амалхъомадон «мæсыг», уыдон фæстæдæр фæцудыдтой. Экономикæ кæддæриддæр æнцайдзæн хæрзæгъдаудзинадыл.
— Демæ разы дæн, Алетæ, уымæн æмæ царды рæстдзинадæн, æрдзы фидыцæн фæливæн нæй. Фæлæ Цæгат Ирыстоны цардарæзтæн цы Стратеги бацæттæ кодтат, уый æххæстгонд куыд цæудзæн, ууыл нæ алчидæр хъуыды, мæт кæны. Иутæ афтæ æнхъæлынц, уый хъуамæ йæ хæдзары фæлмæн къæлæтджыны рæдзæмæдзæ кæна, Стратегийы нысантыл та æндæр чидæр удуæлдайæ кусдзæн…
— Стратеги у, Цæгат Ирыстоны размæцыд цæимæ бæттæм, ахæм документ, фæлæ хъæппæрисджын, сфæлдыстадон хуызы хъуыдыгæнæг адæм хъуыддаджы куы нæ балæууой, уæд хъуамæ царды куыдæй сырæза?! Мæт дæр ыл куыннæ хъуамæ кæнæм, дыууæ азы цы хъуыддагыл фæцархайдтам, уый хъысмæт нын тынг ахсджиаг у. Фæлæ нæ куыст раст куы саразæм, цы барæнтæ сæвæрдтам, уыдонæй иуварс куы нæ хизæм, уæд алцыдæр бантысдзæн. Республикæйы Сæргълæууæг Битарты Вячеславы уынаффæйæ рагацау конд æрцыд «Проектон офис», ахæм къуыри нæ уыд, æмæ Битарты Вячеслав 2-3 сахаты дæргъы ма æрныхас кæна Стратегийыл, ма фæбæрæг кæна, ацы кæнæ йæ иннæ нысантæ куыд æххæстгонд цæуынц, уый.
Уыцы-иу рæстæг Стратегийы фæлгæты цы проекттæ ис, кæй сфидар кодтам, уыдон хæссæм паддзахадон программæтæм, национ проекттæм. Стратегийы нысантæй иуæй-иутæ ныридæгæн æххæстгонд цæуынц. Æппынæдзух нæм ис цæстдард республикæйы Сæргълæууæджы æмæ федералон центры ‘рдыгæй, уыимæ, домæнтæ къаддæр нæ кæнынц — афтæмæй нæм хауы æнæрынцойæ, уæхскуæзæй кусыны хæс.
— Министрады хæстæм рахизгæйæ, дарддæр цы ис ранымайæн?
— Бынæттон хиуынаффæйады оргæнты архайдæн аргъ скæныны охыл бацæттæ кодтам барæнтæ. Федералон æмвæзады ныртæккæ кусынц Уæрæсейы Федерацийы Социалон-экономикон рæзты стратегийыл, цæмæй йын аргъ скæнæм, «нæхиуыл æй абарæм», уый охыл нæм æрырвитынц документтæ. Ис ма иу ахсджиаг документ, мах дæр ыл тынг бакуыстам: «Уæрæсейы тыгъдадон рæзты проект». Уый фæрцы хъавынц регионты хъомыс раиртасын, сæ рæзты рахæцæнтæ сын сбæрæг кæнын. Рагæйдæр мах рæгъмæ хастам хæххон территориты сæрмагонд нысаниуæг фæбæрæг кæныны фæндон.
Æрмæст Цæгат Ирыстоны нæ, фæлæ æппæт Уæрæсейы дæр хæххон бынæтты цæрæг адæмы уавæртæ сты уæззаудæр, быдираг хъæутæ æмæ горæттæй фæстæзаддæр. Хъуамæ фæзыной хæххон цæрæн бынæттæн баххуыс кæныны уæлдай мадзæлттæ. Ацы дæнцæг æрхастон, федералон центримæ куыд кусæм, уый равдисыны охыл. Хъуамæ регионты тыхстаг фарстатæ нымад цæуой. Иннæ вазыгджын фæзилæн: тынг арæх æвæрдтон фарст, нæ бæстæйы æрдзон фæрæзтæй пайда кæныны тыххæй иугонд стратеги кæй нæй, уый фæдыл. Цавæрдæр уавæрæн дзуапдæттæг уынаффæтæ райсынæн нæ, фæлæ дæргъвæтин æмгъуыдмæ конд документ.
Уый махæн тынг хъæугæ у, хъуамæ нæм уа геологон-сгарæн куыстыты программæ. Мах ма ныр дæр æнцайæм советон заманы геологон-сгарæн куыстыты хатдзæгтыл. Кæд ссæдзгай азты дæргъы уыцы архайд урæд æрцыд, уæд хъуамæ нæ республикæйы æрдзон фæрæзты нырыккон экономикон хъомыс цас у, уый куыдæй зонæм? Чи йæ хъуамæ раиртаса? Æрмæстдæр тынг дæсны специалисттæ, махмæ та ахæм сæрмагонд организацитæ нал ис. Афтæ — иннæ регионты дæр. Федералон хицаудзинад уыцы хæс махыл æвæры, фæлæ йæм цæмæй бавналæм? Мах уæддæр фарста рæгъмæ хастам, фыстам центрмæ. Ныр ныл æхсызгон хабар сæмбæлд, ныртæккæ фидаргонд æрцыд «Уæрæсейы Федерацийы 2035 азмæ конд минералон-хомаджы къабазы рæзты стратеги”. Хъуамæ нын нæ æрдзон авналæнты æвæрæнтæн, сæ бæрц уа зындгонд, æндæр куыдæй ис куыстад байгом кæнæн? Зæрдæ дарын, къабаз йæ къахыл кæй слæудзæн, геологон-сгарæн архайдмæ ахаст кæй аивдзæн, ууыл.
— Алетæ, амалхъомадон архайд фидар кæнын дæр у уæ ахсджиагдæр хæстæй иу…
— Нæ хæстæй иунæгæн дæр хуымæтæг схонæн нæй. Амалхъомадæн паддзахадон æххуыс кæнын æмæ инвестицион архайд дæр нæ бæрны сты. Уæлдæр куыд загътон, афтæмæй экономикæ æмæ социалон къабазмæ инвестициты бавæрд фæфылдæр. Паддзахадон программæтæн инвестицитæ бюджетæй лæвæрд цæуы, миллиардтæ ранымадтон. Фæлæ ма ис бюджеты æдде хицæн адæймæгты фæрæзтæ. Амалхъомтæ се ‘хцайæ не ‘ххуысы фæрцы сæ проекттæ царды æххæст кæнынц. Фароны фараст мæймæ инвестициты бæрц 8,8 проценты фылдæр фæцис, 2017 азы уыцы рæстæгимæ абаргæйæ. Цæй фæрцы, зæгъгæ, уæд не ‘ххуысы руаджы, уыимæ, семæ æмархайд, æмдзу кæй кæнæм, уый охыл. «Цæгат Кавказы федералон зылды социалон-экономикон рæзты» паддзахадон программæйы сæхицæн бынат ссардтой цæгатирыстойнаг амалхъомты цыппар проекты. Уымæй дарддæр амалхъомады архайд фæрогдæр, æнцонвадатджындæр скæныны тыххæй æххæст кæнæм 12 нысаны. Административон гæрæнтæ алыхуызон сты, зæгъæм, объект саразынæн кадастрон пълан райсыныл амалхъом хардз кодта 45 боны. Суанг-иу сæ æхсæзгай мæйтæ дæр бахъуыд зилын документыл. Ныртæккæ æмгъуыд у 20 бонæй — 30 боны онг.
Иннæ ахсджиаг документ — проектон хæрдзты экспертизæйы хатдзæг райсыны æмгъуыд раздæр уыдис 45 боны, ныр — 30 боны. Ноджыдæр ма ахæм бæрæггæнæнтæ: ныртæккæ арæзтад райдайыны тыххæй бардæттæг документмæ æнхъæлмæ кæсынц 7 бонæй 10 бонмæ, паддзахадон кадастрон хыгъдæй документмæ — 5 бонæй 10 бонмæ. Афтæ зæгъæн дæр нæма ис, æмæ 5 бонмæ æмхуызонæй уыцы гæххæтт сæ къухмæ райсынц, уавæртæ алыхуызон вæййынц. Фæлæ амалхъомтыл бардæттæг документтæ рæвдздæр кæй сæмбæлынц, сæ хъуыддæгтыл балæууыны сæ размæ цы цæлхдуртæ уыд, уыдон иуварсгонд кæй æрцыдысты, уый дæр у бæрæг.
Инвестицион архайд банывыл кæныны охыл фидар кæнæм закъонтæ, афтæмæй инвестор, амалхъом æнкъары хъалонæвæрынадон, æндæр удæнцойдзинæдтæ, йæ авналæнтæ парахатдæр кæнынц. Уыдæттæ иумæйагæй фæзындысты уавæрыл, нæ амалхъомтæ хуыздæр цæрын райдыдтой, сæ уæхсджытыл схæцыдысты. Уый æвдисы инвестициты бæрц дæр. Федералон хицаудзинад йæ хъус дары регионты инвестицион уавæрмæ, цас зæрдæмæдзæугæ, æнцонвадат у, уымæ. Дыууæ азмæ Цæгат Ирыстон инвестицион авналæнтæм гæсгæ, национ барæнты схызт 11 къæпхæны уæлдæр æмæ ис 68 бынаты. Зæрдæ дарæм, 2018 азы бæрæггæнæнтæ ноджы хуыздæр кæй уыдзысты, ууыл.
Нырма нæм ис лыггæнинаг фарстытæ, кусæм сыл. Нæ размæ сæвæрдтам чысыл æмæ рæстæмбис амалхъомадæн паддзахадон æххуысы æппæт хуызтæ баиу кæныны хæс. Ома, фæзындзæн иугонд центр: «Мæ бизнес». Йæ зæрды хъуыддаджы балæууын, куыстад байгом кæнын кæмæн ис, уыцы адæймаг ахæм центрмæ æрбацæугæйæ, йæ фæндæттыл æрдзурдзæн. Центры специалисттæ та йын æппæт амынддзинæдтæ, фæзилæнтæ, хабæрттæ радзурдзысты. Хъуамæ йын æрхæссой, базарады ныртæккæ цавæр продукци, лæггад агуырд цæуы, цы домы, цас у йæ бæрц, экономикæ хъуагдзинæдтæ цæмæй æййафы, цы ран ис балæууæн, цæимæ, цы хуызы, уыдæттæ. Уый бирæвæрсыг фарста у, хъуамæ уыцы адæймаг йæхæдæг дæр базарады домæнтæ раиртаса æмæ афтæмæй иу фæндмæ æрцæуа. —
Йæхицæн скарста, хъуамæ бавналон кусынмæ. Дарддæр центр цæмæй æвæрдзæн зæрдæ фидæны амалхъомæн?
— Цæттæ йын кæны амалхъомадон пълан, хъуамæ бацархайа паддзахадон æххуыс райсыны ерысты. Бæстыхай, хъæугæ специалисттæ ссарыны дæр ын æххуыс кæнæм. Хъуыддаг райдайынæн цыдæриддæр бахъæудзæн — нормативон-барадон акттæ, амынддзинæдтæ, хъалонтæ куыд, цас, кæдæм фидгæ сты… Цæмæй йæ, куыд амалхъомы, регистраци скæной, уыцы ран дæр йæ цуры балæууæм. Адæймаг сфæнд кодта хъуыддаг байгом кæнын, æмæ уымæй фæстæмæ йемæ æмдзу кæнæм, не уæхск æм дарæм, кæд йæхæдæг цæмæдæрты хорз нæ арæхсы, уæд.
Æххуысы центр «Мæ бизнес» фидар кæныныл ныртæккæ архайæм, уый тыххæй нын федералон центр дих кæны æхца. Районы цы бирæфадатджын центртæ ис, уым дæр байгом кодтам амалхъомтæн æххуысы «рудзгуытæ». Фæлæ нырма сæ архайд уыйас ахадгæ нæу, адæм сæм нæма цæуынц. Уым чи кусы, уыдон дæр хъуамæ хъæппæрисджындæр уой. Æппæт уыцы пайдайаг, зонинаг хабæрттæ мах министрады сайтыл дæр равæрæм. Фæлæ алчи уыцы сайттыл нæ зилы. Дзыллон хабархæссæг фæрæзты фæрцы дæр кæнæм æмбарынгæнæн куыст, рауагътам методикон литературæ, къахдзæфгай дзы фæбæрæг кодтам æппæт фæзилæнтæ дæр.
Алцыдæр дзы ис базонæн: паддзахадон æххуысы хуызтæ, кæдæм бацæуын хъæуы, юридикон кусæндон байгом кæнын, цытæ домы æмæ афтæ дарддæр. Районты бирæфадатджын центрты дæр уыцы цæстуынгæ æрмæг равæрдтам, чи æрбацæуы, уыдонæн дæр сæ амонын хъæуы… Амалхъомад æмæ инвестицион архайдæн цыдæриддæр паддзахадон æххуысы хуызтæ ранымадтон — материалон-финансон, зæрдæдарæнтæ, лизинджы фæрцы ифтонггæрзтæ, технологитæ балхæнын, амалхъомадон пълантæ кæнын — æппæт уыцы лæвар мадзæлттæ æххæст кæнынæн 2019 азы лæвæрд æрцæудзæн 751,5 милуан сомы, уыдонæй 663,5 милуан сомы — федералон бюджетæй.
Экономикон рæзты министрады архайды стыр бынат ахсынц ерысхъомдзинады рæзт æмæ паддзахадон (муниципалон) нысаниуæджы æлхæнинæгты хъуыддаг нывылдæр кæныны хæстæ дæр. Æрмæст 2017 азы алы æмвæзады хицаудзинады оргæнтæй æрвыст æлхæнинæгты тыххæй куырдиæттæй равзæрстам 845. Уым кастыстæм, æргътæ сын куыд сфидар кодтой, базарады цавæр æргътæ ис, документтæ куыд æххæстгонд сты, уыдæттæм. Æппынæдзух нæ хъус дарæм, базарады сæ æргътæ кæмæн «фенкъуысынц», уыцы товартæм. Иртасæм сæ, хатдзæгтæ кæнæм.
Ерысхъомдзинады рæзты бæрæггæнæнтæй дæр хъуамæ æххæстæй пайда кæнæм. Куыд зонæм, афтæмæй монополитæ, кæрæдзиимæ сусæгæй баныхас кæнгæйæ, фæархайынц базарады ерысхъомдзинад скуынæг, уырдыгæй йæ фæхауæггаг кæныныл. Фæлæ рагагъоммæйы мадзæлтты фæрцы Цæгат Ирыстоны ис уавæртæ сæрибар ерысхъомдзинадæн, уый фæбæрæг кодта Уæрæсейы Монополиты ныхмæ федералон службæ дæр. Сæ ныстуанмæ гæсгæ нæ фæлтæрддзинадæй хъуамæ пайда кæной иннæ регионтæ дæр.
— Нæ республикæйы экономикон-инвестицион хъомыс равдисыны охыл ма цы ис фæбæрæг кæнæн?
— Æмгуыстад, бастдзинæдтæ рапарахат кæныны тыххæй фæархайæм регионты ‘хсæн дунеон, æппæтуæрæсеон форумты, равдыстыты. Ахадгæдæрты ‘хсæн сты 2017 азы июны, нæ бæстæйы Федерацийы Советы конд Цæгат Ирыстоны бонтæ. Уый бындурыл фæзынд сæрмагонд уынаффæ «Паддзахадон æххуыс РЦИ-Аланийы социалон-экономикон рæзтæн». Куыд æххæстгонд цæуы, уымæ сæ хъус дарынц Советы разамынд, федералон ведомствæтæн æппæт нысантæ сты æнæмæнг бакæнинаг.
Бетъырбухы, Сочийы дунеон экономикон форумтæ, Цæгат Кавказы «Тыгъдадон рæзт æмæ адæймаджы фæллой”, уæдæ ам, Ирыстоны скодтам регионты ‘хсæн форум «Хуссары кулдуар». Æрмæст 2017 азы ахæм хъуыддаджы фембæлдтыты фæрцы бафыстам 13 экспортон бадзырды. Царды æххæст кæнæм программæ » Фæстауæрцгæнæг хицауад», уый хорз ахъаз у амалхъомтæн рæвдздæр, æнæкъуылымпытæй баххуыс кæнынæн. Æмæ ма иу ахсджиаг хъуыддаг: адæм нæм цы фыстæджытæ, куырдиæттæ, домæнтæ æрбарвитынц, уыдон. Дыууæ азмæ æркастыстæм æмæ равзæрстам, бакуыстам, дзуаппытæ радтам 13977 ахæм фыстæгæн. Экономикон ведомство цы хæстæ æххæст кæны, уыдон фæнымайынæн ноджы фылдæр рæстæг бахъæудзæн. Махæн сæйрагдæр сты нæ архайды фæстиуджытæ, хорзæрдæм ивддзинæдтæ. Тырнæм, архайæм, цæмæй сæ адæм сæ цардыл æнкъарой…
— Бузныг, Алетæ, бантысæд уын.
Ныхас ныффыста
БУТАТЫ Эльзæ














