Хæрзиуджытæ алы рæттæй

0
433

 

Ирыстоны спортсментæ, ивгъуыд къуыри алы рæтты цы ерысты архайдтой, уыдоны хорзæхджын систы къорд хæрзиуæгæй.

Словенийы сæйраг горæт Люблянæйы фесгуыхтысты нæ тхэквондисттæ Аветис Оганесянцы хъомылгæнинæгтæ Гуырцъыты Георги æмæ Цакъоты Сæрмæт. Люблянæйы дунеон турнир уыди рейтингон, дунейы чемпионатмæ балцæг райсынæн æмæ дзы ерыс кодтой къорд бæстæйы тыхджындæр тхэквондисттæ.

Уыдонимæ ерысы сæхи хъомысджынæй равдыстой Ирыстоны минæвæрттæ. Гуырцъыты Георги 58 кг уæзы цы цыппар ныхмæлæууæгимæ фембæлд, уыдоныл фæуæлахиз æнæкъуылымпыйæ. Афтæмæй хорзæхджын ссис сыгъзæрин майданæй.

Цакъоты Сæрмæт 68 кг уæзы хæцгæйæ, фæуæлахиз æртæ ныхмæлæууæгыл æмæ кæронбæттæны фембæлд польшæйаг тхэквондистимæ. Сæ ныхмæлæуд рауад тынг хъазуатон. Польшæйы чемпион разынд чысыл рæстдзæвиндæр æмæ тæрхонгæнджытæ уæлахиз радтой уымæн.

Сæрмæт ссис хорзæхджын æвзист майданæй. Фæсарæнты ерыс кодтой нæ дзюдоисттæ Лæппынæгты Аслан, Тасойты Инал æмæ Коцойты Зелим дæр.

Гермайнаг горæт Дюссельдорфы дунеон турнир «Стыр згъæр худ»-ы нæ æртæ лæппуйы рамбылдтой дыууæ æвзист æмæ иу бронзæ майданы.

Лæппынæгты Аслан 81 кг уæзы хæцгæйæ, фæуæлахиз Стюарт Макваттыл (Англис), Луис Карлосыл (Португали), Нямсурен Дагвасуреныл (Мангол) æмæ белгиаг дзюдоист Матиас Кассейыл. Кæронбæттæны йæ ныхмæлæууæг уыд Апоны чемпион æмæ дунейы чемпионаты дыккаг бынат бацахсæг Фудживара. Сæ тохы уæлахиздзауыл нымад æрцыд Фудживара, фæлæ Лæппынæгты Аслан дæр йæхи равдыста сæрæнæй æмæ суанг кæронмæ дæр бæрæг нæ уыд, чи фæуæлахиз уыдзæн, уый.

Æвзист майданæй хорзæхджын ссис Тасойты Инал дæр. Уæззау уæзы хæцгæйæ, ирон богал фæдфæдыл рамбылдта казахстайнаг дзюдоист Казываевæй, Азийы цыппар хатты чемпион, корейаг уæззаууæзон Кимæй, австриаг Хегийæ, Апоны чемпион Огавайæ æмæ кæронбæттæны фембæлд иннæ зындгонд апойнаг уæззаууæзон Харасаваимæ. Ацы ныхмæлæуды спортивон амонд фæци Харасавайы фарс æмæ йын бантыст Иналæй рамбулын.

Аслан æмæ Иналы ерыстæм бацæттæ кодтой Беккуызарты Алик æмæ Айларты Ирбег.

Дюссельдорфы ма бронзæ майданæй хорзæхджын ссис Коцойты Зелим. Уый фæстаг рæстæг дунеон ерысты архайы Азербайджаны номæй æмæ йæхи къорд бæрнон ерысы равдыста хъомысджынæй. Ацы хатт Зелим 100 кг онг уæзы хæцгæйæ, рамбылдта фондз ныхмæлæууæгæй, фæлæ æрдæгкæронбæттæны ацы уæзы фыццаг бынат бацахсæг апойнаг дзюдоист Кентаро Иидейæн кæй фæхæрд, уымæ гæсгæ бацахста æртыккаг бынат.

Грекъаг-ромаг хъæбысхæстæй дæр ирыстойнаг богæлттæ Богъаты Вадим æмæ Мæрзойты Аскар хорзæхджын систы сыгъзæрин æмæ бронзæ майдантæй. Ацы хæрзиуджытæ нæ богæлттæ рамбылдтой Мæскуыйы Олимпаг хъæзтыты чемпион Борис Гуревичы номарæн æппæтуæрæсеон турниры ерыс кæнгæйæ.

Богъаты Вадим фæуæлахиз 65 кг онг уæзы, Мæрзойты Аскар та 3-аг бынат бацахста 80 кг онг уæзы хæцгæйæ.

Нæ сæрæн лæппуты ерыстæм бацæттæ кодтой тренертæ Фæрниаты Сослан æмæ Хъазыбег.

БАСКАТЫ Уырызмæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here