Зæххыл цæрынæн чи райгуыры, уыцы адæймæгтæн сæ нывыкарст алыхуызон вæййы. Чи йæ хъæубæстæн, чи сыхæн æмæ мыггагæн вæййы цин æмæ фарнхæссæг, чи та йæ зонды æмæ уды бæркад æгас дзыллæйыл фæтауы. Бакæны сын, аргъ кæмæн нæй, ахæм кæстæриуæг. Уыцы фæрнджын адæймæгтæй иу уыд ЦИПУ-йы журналистикæйы факультеты дзыллон коммуникациты фæрæзты ныхасы культурæйы кафедрæйы сæргълæууæг, профессор, УФ-йы уæлдæр скъолайы сгуыхт кусæг, РЦИ-Аланийы наукæйы æмæ техникæйы сгуыхт архайæг Къомайты Риммæ. Ирыстоны филологон наукæйы зынгæ архайæг, фæлтæрты хъомылгæнæг Риммæйы номыл бæрзонд арвыл стъалы куы ссыгъд, ацы дунемæ куы фæзынд, уæд ын дунесфæлдисæг, æвæццæгæн, йæ ныхыл бафтыдта адæмы дзырдаивады фарнæй хайджын кæныны хъомыс. Уыцы хæс нæ уарзон æмæ зынаргъ ахуыргæнæг фæхаста кад æмæ радимæ. Йæ царды фæстагдæр бонтæм табу кодта дзырды фарн æмæ хъомысæн. Йæ фæрцы уыд амондджын, йæ руаджы хызт иу зонадон æнтыстæй иннæмæ. Афтæ йын йæ хъомыс Ирыстоны кæстæрты зæрдæты тауыныл фæархайдта, зæгъæн куыд нæй, афтæ зæрдиагæй 50 азæй фылдæр.
Къомайты Зауырбеджы чызг Риммæ райгуырд 1930 азы 28 февралы Беслæны. Фидæны ахуыргондæн æнцон нæ уыдысты йе ‘взонджы бонтæ. Фæлæ уый хыгъд, йæ зæрдæ дзаг уыд зонындзинæдтæм тырнындзинады хъомысæй. Уый йын лæвæрдта æууæнк æмæ цæрыны ныфс. Риммæ æнтыстджынæй каст фæци Дзæуджыхъæуы 28-æм астæуккаг скъола сыгъзæрин майданимæ. Уый фæстæ та йæ царды фæндаг æркодта Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институты (ныртæккæ паддзахадон университет), историон-филологон факультетмæ. Æмæ йын уырдæм бацæуынæн мæнг æфсон нæ хъуыд. Йæ ныййарджытæ уыдысты Ирыстоны ахуыргонддæр минæвæрттæй. Йæ мад Зинаидæ бирæ азты уыд Дзæуджыхъæуы Хетæгкаты Къостайы номыл 13-æм астæуккаг скъолайы директор. Сæ ныййарæджы фарны хъомысæй Риммæ æххæстæй фæхайджын, зæгъгæ, куы зæгъæм, уæд рæдыд нæ уыдзæн. Уый афтæ, фæлæ ма нæм афтæ кæсы, æмæ Къомиан (афтæ йæ хуыдтой буцдæрæн йе ‘мкусджытæ, æмхъуыдыгæнджытæ æмæ студентты бирæ фæлтæртæ), уыцы фарныл бафтыдта дзæвгар фылдæр хæрзтæ æмæ сси канд йæ хæдзарвæндаджы æмæ мыггаджы сæрыстырдзинады тырыса нæ, фæлæ, Ирыстоны чидæриддæр йæ цард дзырдаивадимæ бабаста, уыдонæн хистæрæй-кæстæрмæ сæ дæсныйады фæндагыл рухсхæссæг стъалы, сæ хъысмæтты сæйрагдæр архайæг, сæ фарны мæсыг.
Зондагур чи цæуа царды фæндагыл, уый æппынфæстаг свæййы йæ рухстауæг фæлтæртæн. Нæ буц хистæр Къомианæн фыдæлты ацы æмбисонды хъуыды раджы бацагайдта йæ зæрдæ æмæ йын сси йæ фæндагамонæг цырагъ. 1952 азы Риммæ каст фæци пединститут. Къорд азы бакуыста астæуккаг скъолайы уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæгæй. Ам арфдæр банкъардта, фæсивæды миддунемæ дзырды фарны фæрцы раст æмæ рæсугъд фæндаг куыд айгæрдæн ис, уый. Ахуырады артдзæсты зонындзинæдтæ цы фæсивæд фæисынц, уыдон сты æхсæнады удварны рæзты уавæр æвдисæг дæр. Уый та æнцой кæны монон культурæйыл, ныхасы аивдзинадыл æмæ зонды бæркады хъомысыл. Царды ацы æцæгдзинад раджы бамбæрста Риммæ, æмæ фæскомцæдисы бæрнон хæстæ æххæстгæнгæйæ дæр, йæ зæрдæ ахсайдта ахуырадæн, зонадæн лæггад кæныны куыстмæ. Æмæ, кæддæр царды стыр фæндагмæ ныфсджын къахдзæф цы уæлдæр скъолайæ ракодта, уырдæм фæстæмæ 1963 азы æрыздæхт, педагогикæйы кафедрæйы хистæр ахуыргæнæгæй. Фæстæдæр уыцы хæстæ æххæст кодта филологон факультеты уырыссаг æвзаджы кафедрæйы дæр. 1965-1967 азты Риммæ ахуыр кодта Ленинграды паддзахадон университеты аспирантурæйы. Ам æнтыстджынæй нырыккон уырыссаг æвзагæй бахъахъхъæдта филологон наукæты кандидаты диссертаци.
1967 азы Къомайты Риммæ Ирыстонмæ куы ссыд, уæд ноджы зæрдиагдæрæй бавнæлдта зонадон, æхсæнадон æмæ рухстауæн куыстмæ. Фыццаг уыд уырыссаг æвзаджы кафедрæйы доцент, фæстæдæр та ЦИПУ-йы филологон факультеты деканы хæдивæг. Уыцы рæстæг бахсыст йæ зонд уырыссаг æмæ ирон æвзæгты хъомыс, сæ методикæ æмæ методологи студенттæн амоныны фæндагыл, фæзынд ын йæхи зонадон æмæ рухстауæн скъола æмæ хæдхуыз «цæсгом» «нывы карст». Уый та дзурæг у ууыл, æмæ Риммæ никуы зыдта йæхицæн æнцой царды, зонадон æмæ рухстауæн агуырды. Йæ зæххон балцы фæстаг бонмæ дæр уыд уæлтых куыстгæнæг ахуыргонд, хъуыдыгæнæг ахуыргæнæг, дæсны лектор.
— Риммæ Зауырбеджы чызг махæн, куыд нæ университеты æппæт ахуыргæндтæн дæр уыд уарзон æмæ зынаргъ адæймаг. Æз, куыд филологон факультеты раздæры студент, афтæ уыдтæн Риммæйы зонд æмæ удварнæй хайджын. Йæ лекцитæ-иу афтæ мидисджын, аргументтæй, цардимæ, æхсæнадимæ баст уыдысты æмæ раст диссаг, — зæгъы ЦИПУ-йы ирон филологийы факультеты национ скъолайы уырыссаг æвзаг амоныны кафедрæйы раздæры доцент, педагогон наукæты кандидат Джелыты Зæлинæ. — Не ‘ппæтмæ дæр каст домаг, фæлæ аудæг цæстæй. Чи зоны, æмæ фыццаг бакастæй уыди тызмæг, фæлæиу нæ ахуыры кæнæ æхсæнадон куысты не ‘нтыстытыл куы дзырдта, уæд-иу йæ мидбылхудтæй мах зæрдæтæ дæр-иу ныррухс сты. Йæ лекцитæ уыдысты алы хатт дæр мидисджын, бæстон æрмæгæй хъæздыг. Фæлæ уый ууыл дзурæг нæ уыд, æмæ Риммæ йæ лекциты æрмæстдæр йæ рухстауæн архайдмæ хауæг, филологиимæ баст фарстатыл дзырдта. Нæ, уый-иу лекцийы «нау» фæзылдта андæр фæндагыл. Æмæ-иу немæ дзырдта царды тынг ахсджиаг фарстатыл.
1971 азæй фæстæмæ Риммæ разамынд лæвæрдта ЦИПУ-йы филологон факультетæн. Уыцы азты ам арæзт æрцыд бирæ хорздзинæдтæ. Сæ сæйрагдæр у, кæй дзы байгом наукон иртасæн лаборатори «Æвзаджы арæзтад Цæгат Ирыстоны». Уый фæрцы факультетæн æмæ университетæн фæзынд фидар бастдзинæдтæ нæ бæстæйы, хæстæг æмæ дард фæсарæнты филологийы, педагогикæйы фарстатæ иртасæг институттимæ, уæлдæр скъолатимæ, æндæр рухсадон артдзæстытимæ. Къомайты Риммæ ссæдз азæй фылдæр уыд филологон факультеты декан. Уыцы рæстæг уый сси сæйраг йæ ахуыргæндты бирæвæрсыг æмæ арф зонындзинæдтæй, æхсæнадон куыстæй, университеты факультетты æхсæн раззагдæртæй иу.
Къомайты Риммæйы хъæппæрисæй ЦИПУ-йы филологон факультеты æмæ уæлдæр амынд лабораторийы ахуыргæндты хъусдардæй 1985 æмæ 1989 азты арæзт æрцыд дыууæ стыр наукон-практикон конференцийы. Йæ архайджытæ Ирыстоны, Цæгат Кавказы зындгонддæр лингвисттæ, педагогикæйы фарстатæ иртасджытæ, бæстон ныхас кодтой, æвзаг æмæ ахуырады рæзты цы лыггæнинаг фарстатæ ис, уыдоныл.
1983 азæй Къомайты Риммæ уыд ЦИПУ-йы национ скъолайы уырыссаг æвзаг амоныны методикæйы кафедрæйы сæргълæууæг. Уыцы рæстæг, æмæ уый размæ дæр, йæ разамындæй æмæ комкоммæ æххуысы фæрцы, бирæ студенттæ, æрыгон ахуыргæндтæ æнтыстджынæй-иу бахъахъхъæдтой дипломон кустытæ æмæ кандидатон диссертацитæ. Зонады æмæ сфæлдыстадон дунейы фыццаг къахдзæфтæ чи кæны, уыцы студенттимæ наукон куыст кæнгæйæ-иу уæлдай ирддæрæй рабæрæг сты Къомайты Риммæйы удыхъæды æппæт фæзминаг миниуджытæ: арф æмæ бирæвæрсыг, аналитикон зондахаст, цæстуарзондзинад, бæрнондзинад, фыццаджыдæр йæхимæ, стæй уæд та студенттæм, аспиранттæм домаг цæстæй кæсын, зæрдæхæлардзинад.
1993 азы Риммæйы снысан кодтой ЦИПУ-йы ирон филологийы æмæ журналистикæйы факультеты деканæй. Цы рæстæг дзы бакуыста, ахуыргæндты æмæ кæстæр зонадон кусджыты, уымæй ахуыргæнæджы архайд систа ног къæпхæнмæ. Факультеты зонадон, хъомыладон уагæн æрæвæрдта ног бæлвырддæр фæтк, стыр куыст бакодта Ирыстоны цæрджыты цæсты, фæсивæды æхсæн йæ кад фæбæрзонддæр кæныныл.
— Къомайты Риммæ уыд нæ республикæйы интеллигенцийы хистæр фæлтæры минæвар. Йæ арф зонд æмæ удыхъæды бæрзонд æмвæзад хурау тавтой, йæ алыварс чи уыд, уыцы адæмы хистæрæй-кæстæрмæ, — зæгъы нын газет «Рæстдзинад»-ы сæрмагонд уацхæссæг, РЦИ-Аланийы аивæдты сгуыхт кусæг Баскаты Уырызмæг. — Æз æй базыдтон, телеуынынады куы куыстон, уыцы азты. Кæддæриддæр дис кодтон йæ арф æмæ бирæвæрсыг, æрдзон, иуцасдæр философон зондахастыл. Уæдæ-иу телеуынынады, радиойы исты радиобакастмæ байхъуыста, кæнæ телеравдыстмæ бакаст æмæ дын цæстуарзонæй бузныджы ныхас, кæнæ йæ фиппаинæгтæ, цыргъзонд юморы фæрцы ма бамбарын кодтаид, уый никуы уыд. Афтæ зæгъæн ис, Риммæ нын уыд стыр æххуыс не сфæлдыстадон куысты. Уæдæ йын æхсæнады цы кад æмæ рад уыд, уый хорзæхты тыххæй дзурын никæмæн хъæуы. Мæнмæ афтæ кæсы, æмæ Риммæйæн Ирыстоны уыд æцæг нæртон сылгоймаджы кад.
Риммæйы наукон архайдыл дзургæйæ, æнæ зæгъгæ нæй, зонадон уагыл филологийы цы фарстатæ иртæста, уыдоны тыххæй: фразеологи, лексикæ, социолингвистикæ, орфоэпи, педагогикæ, ныхасы культурæ æмæ æндæр фарстатæ. Нæ нæртон хъæбул Хетæгкаты Къостайы сфæлдыстадон бынтæм гæсгæ цы иртасæн куыстытæ ныффыста, уыдоны тыххæй та йын саккаг кодтой Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон преми. Йæ наукон фæллæйттæ сты агургæ æмæ æнæаргæ зонадон хæзнатæ: «Хетæгкаты Къостайы уырыссаг уацмысты фразеологи», (Орджоникидзе, 1966 аз), «Ныхас æмæ фæлгонц» (1987 аз), «Мивдисæгæй судз адæмы зæрдæтæ» (1989 аз), «Аив дзырды эстетикæ» (1993), «Орфоэпикон, орфографион æмæ фæсарæйнаг дзырдты дзырдуæттæ скъоладзаутæн.” Ацы æмæ æндæр наукон монографион куыстытæй сæ алкæцыйыдæр Риммæ æвæрдта йæ зæрдæйы къæртт æмæ йе ‘нкъараг уды цæхæр.
Уæдæ-иу Риммæ университеты уа, республикæйы хицауады æмбырдты куы ныхас кодта, уæд йæ аив дзырдмæ, цыма, уæлæрвты бадæг зæдтæ дæр-иу æрыхъуыстой, афтæ-иу зал ныссабыр. Уымæ дæр Риммæ тынг хорз арæхст, суанг маиу йæ раныхасы юмористон æмæ сатирикон хъуыдытæ дæр уыд арæх.
Ирыстоны адæмæн йæ цардæй æмæ архайдæй стыр хæрзты чи бацыд, уыдонæй у ЦИПУ-йы фыццаг ректор Цыбырты Христофор. Йæ райгуырдыл 100 азы сæххæсты бонмæ университеты ЮНЕСКО-йы залы цы æмбырд уыд, уым чи раныхас кодта, уыдонæй иу уыд Къомайты Риммæ. Уый йæ кæддæры хистæр æмкусæджы тыххæй афтæ загъта: «Христофоры тыххæй бирæ дзурæн ис. Уый уыд æцæг куырыхон, фендджын лæг. Профессор æмæ йæ академик кæй нæ хонын, уый тыххæй мын бахатыр кæнут. Ныртæккæ уый сæйрагдæр нæу. Наукæ тынг бæрзонд къæпхæнмæ схызт, æмæ гæнæн ис, æмæ иунæг мах университеты уа цалдæр академикы. Уый та уымæн, æмæ нæм ис наукон куыст кæнынмæ æгæрон тырнындзинад. Фæлæ уыдоны се ‘ппæты дæр дзырддзæугæ схоныны ныфс мæхимæ нæ исын. Гæнæн ис, æмæ уат дæсны профессионалтæ, хорз ахуыргæндтæ, кафедрæйы сæргълæуджытæ. Фæлæ дзырддзæугæ та хонын æз уыцы адæймаджы, æмæ йæ цард æнæхъæнæй дæр кæстæрты номыл зонды скъола кæмæн басгуыхы. Æз амондджын дæн, Христофоримæ иумæ къорд азы кæй бакуыстон. Ныртæккæ дæр ын йæ ном куы фæзæгъынц, уæд мын мæ хъуыр кæуындзæг ахгæны. Уымæн æмæ уый æппæтæй дæр йæхи снывонд кодта, йæ алыварс чи уыд, уыцы адæмæн».
Ахæм хъуыдытæ зæгъдзæн, лæджы цард æмæ арфæйаг хъуыддæгтæн æцæгæйдæр аргъ æмæ кад кæнын чи зыдта æмæ зоны, йæ дзыллæйы амонд йæхи амондыл чи нымайы, æрмæстдæр ахæм адæймаг, æцæг интеллигент.
Къомайты Риммæ йæ царды фæстаг азты куыста ЦИПУ-йы журналистикæйы факультеты кафедрæйы сæргълæууæгæй. Кæддæриддæр ын кад æмæ аргъ кодтой университеты æмæ факультетты ахуыргæндтæ æмæ студенттæ, кæддæриддæр-иу ын лæвæрдтой рæсугъд æгъдау. Уыцы уагыл æм кастысты нæ республикæйы хицауад дæр. Иудадзыгдæр Риммæ архайдта Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон преми дæттыны къамисы æмæ ирон æвзаджы рæзты къамисты куысты.
Зындгонд ахуыргонд Къомайты Риммæ цы фæсивæд схъомыл кодта, куыд интеллигенцийы раззагдæр минæвæрттæ, уый дæр кæуылтæ у, кæуылты. Йæ рухс ном æмæ удварнæн аргъ кæнгæйæ, ЦИПУ-йы разамынд æмæ журналистикæйы факультеты хъæппæрисæй Ахуыргонды райгуырæн бон 28 февралы, ЦИПУ-йы журналистикæйы факультеты байгом уыдзæн наукон-практикон конференци «Къомианы бакастытæ». Арæзт æрцыдысты фыццаг хатт æмæ уал дзы архайдзæн 160 адæймагæй фылдæр. Конференцийы цы секцитæ уыдзæн, уым ныхас кæндзысты журналистикæйы æмæ педагогикæйы ахсджиагдæр фарстатыл. Уыцы бонмæ уагъд æрцыд журналистикæйы факультеты зонадон уацты æмбырдгонд ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл.
Зындгонд ахуыргонд, профессор Къомайты Риммæ æрæджы фæхъуыд не ‘хсæнæй. Фæлæ йæ рухс ном æмæ арфæйаг хъуыддæгтæй йæ адæмы удварнæн цы фидар мæсыг самадта, уый тæмæн цæудзæн фыдæй-фыртмæ, Ирыстоны зонды æмæ ныфсхастдзинад лæвар кæнгæйæ.
ГАСАНТЫ Валер














