Сумоисттæ фесгуыхтысты

0
1429

 

Смоленскы Ивгъуыд къуыри Смоленскы Уæрæсейы чемпионаты сумойæ ирыстойнаг бæгъатыр-фæсивæд рамбылдтой иуæндæс хæрзиуæджы.

Уæрæсейы чемпион суæвыныл тох кодтой нæ бæстæйы 30 регионæй 400 сумоисты. Уыдон ерыс кодтой дыууæ кары. Сæ иуы уыдысты, 24 азæй кæстæр чи уыд, уыцы фæсивæд, иннæ къорды та тохты бацыдысты уыдонæй хистæр сумоисттæ.

Дыууæ кары ерысты дæр ирыстойнаг спортсментæ уыдысты тыхджындæртимæ. 24-аздзыд фæсивæды ерысты Цагъаты Давид 115 кг онг уæзы бацахста фыццаг бынат. Ацы уæзы æртыккаг бынатмæ рацыд Рæмонты Азæмæт, фæлæ бронзæ хæрзиуæгыл не ‘рлæууыд æмæ тохы бацыд абсолютон уæзы æмæ фæуæлахиз йе ‘ппæт ныхмæлæуджытыл дæр.

Æвзист майданæй хорзæхджынгонд æрцыд, уæззау уæзы хæцгæйæ, Коцты Сослан.

Хистæр спортсменты ерысты ирыстойнаг фæсивæд рамбылдтой æртæ сыгъзæрин, æртæ æвзист æмæ иу бронзæ майданы.

Уымæй дæр нæ лæппутæ сæ хæрзиуджытæ рамбылдтой сумойы æппæты кадджындæр уæзты, ома, 115 кг онг æмæ æппæты уæззаудæр — 115 кг уæлдæр уæзы.

Уæззау уæзы Багаты Руслан æмæ Мæргъиты Васили бацахстой 1-аг æмæ 2-аг бынæттæ, æмæ кæронбæттæны фембæлдысты абсолютон уæзы хæцгæйæ.

Ацы хатт Руслан æмæ Васили сæ бынæттæ баивтой æмæ Мæргъийы-фырт ссис Уæрæсейы чемпион. Ацы кары æртыккаг сыгъзæрин майдан рамбылдта Хъараты Зауыр. 115 кг онг уæзы хæцгæйæ, Зауыр фæуæлахиз йе ‘ппæт ныхмæлæуджытыл дæр. Йæ уæзы 3-аг бынатмæ рацыд Куыдзойты Эдуард. Нæ лæппутæй ма сыгъзæрин майданмæ хæстæг уыди Бызыккаты Аслан. Уый хæцыди сумойы æппæты рогдæр уæзы (85 кг онг) æмæ рацыд 2-аг бынатмæ.

Афтæмæй нæ сæрæн фæсивæд рамбылдтой 5 сыгъзæрин, 4 æвзист æмæ 2 бронзæ майданы. Кæй зæгъын æй хъæуы, ахæм хъæздыг бæрæггæнæнтæ иу командæйæн дæр нæ бантыст равдисын. Нæ командæйы тренертæ сты Токаты Владислав æмæ Рæмонты Эдуард.

Ирыстоны сумойæ иугонд командæйы хистæр тренер Токаты Владислав зæгъы: «Нæ лæппутæ сæххæст кодтой сæ размæвæрд хæс. Нæ командæ бацахста 1-аг бынат. Ноджы сæйрагдæр та у, Европæйы чемпионатмæ нæ спортсментæ авдæй балцæгтæ кæй райстой, уый. Афтæ зæгъæн ис, æмæ Уæрæсейы иугонд командæйы бындур сты нæ лæппутæ. Ныр нæ нæхи цæттæ кæнын хъæудзæн Европæйы чемпионатмæ. Уый цæудзæн апрелы фæстаг бонты Таллины».

БАСКАТЫ Уырызмæг

 

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here