Хæрзиуджытæ — алы рæттæй

0
1261

 

Ивгъуыд къуыри ирыстойнаг спортсментæ Уæрæсейы алы рæтты цы къорд ерысы архайдтой, уым сæхи равдыстой сæрæнæй æмæ Ирыстонмæ сыздæхтысты хæрзиуджыты хъæздыг хуынтимæ

Нæ цæнгдых фæсивæд армспортæй Екатеринбурджы ерыс кодтой Уæрæсейы чемпионаты æмæ сын бантыст 24 хæрзиуæджы рамбулын.

Сыгъзæрин майдантæ рамбылдтой: Церекаты Раман (60 кг онг уæзы), Таутиаты Георги (85 кг), Гасанты Сослан (100 кг), Байаты Миланæ (60 кг), Мæхъиты Иринæ (80 кг) дыууæ къухæй дæр рамбылдта 1-аг бынæттæ, æппæты уæззаудæр уæзы та галиу къухæй фыццаг бынат бацахста Хъайырты Мæдинæ.

Нæ фæсивæд ма æвзист майдантæ рамбылдтой иуæндæсæй, æртæйæ та систы бронзæ майдантæй хорзæхджын. Æвзист майдантæ рамбулæг сты: Цоциты Ибрагим (60 кг), Томайты Руслан (65 кг), Фæрниаты Егор (65 кг), Скъиаты Ортан (75 кг), Уыртаты Ацæмæз (85 кг), Золойты Хадзымурат (85 кг), Мæхъиты Алан (100 кг), Байаты Миланæ (60 кг, рахиз къухæй), Хъайырты Мæдинæ (+80 кг — рахиз къухæй).

Бронзæ майдантæй хорзæхджын систы: Моурауты Зæлинæ (55 кг), Цæрикъаты Алан (100 кг) æмæ Дыгурты Сæрмæт (75 кг).

Цæгат Ирыстоны армспорты федерацийы сæргълæууæг Цъæхилты Таймураз бузныг зæгъы РЦИ-Аланийы физикон культурæ æмæ спорты министр Гæбулты Владимирæн, ерыстæм ацæуынæн нæ командæйæн фадат кæй скодта, уый тыххæй.

Инвалидты спорты дæр ирыстойнаг къуырма футболисттæ сæхи равдыстой хъомысджынæй Уæрæсейы чемпионаты архайгæйæ.

Чемпионат цыди Астраханы æмæ нæ футболисттæ цы æхсæз хъазты акодтой, уыдоны фæхæрд сты æрмæстдæр иу хатт, уый дæр фæсхъазт 11-метрон цæфты азарæй.

Берозты Эрик разамынд кæмæн дæтты, уыцы командæ йæ дæлкъорды фæуæлахиз: Новосибирскы, Хабаровскы æмæ МариЭлы командæтыл. Уый фæстæ чемпионаты 1/4 хайы фæуæлахиз Тулæйы командæйыл 3:0 хыгъдæй. Æрдæгкæронбæттæны ерысы нæ футболисттæ фембæлдысты Волгограды командæимæ. Сæ хъазуатон хъазт ахицæн 3:3 хыгъдæй æмæ уæлахизуæвæг бæрæггонд æрцыд 11- метрон цæфты руаджы. Ацы фæлварæны рæстдзæвиндæр разындысты волгоградаг футболисттæ æмæ 3:2 хыгъдæй рамбылдтой сæ ныхмæлæуджытæй.

Ирыстойнаг футболисттæн ма фадат баззад 3-аг бынатыл тох кæнынæн æмæ уыцы гæнæнæй спайда кодтой иттæг æнтыстджынæй.

Нæ командæйы ныхмæлæууæг уыдысты Астраханы футболисттæ æмæ сæ кæд се ‘мзæххонтæ зæрдиагæй разæнгард кодтой размæ, уæлахизмæ бырсынмæ, уæддæр ирыстойнæгты ныббырстытæ рауадысты тыхджындæр æмæ ацы ныхмæлæуд ахицæн 4:2 хыгъдæй нæ республикæйы футболистты пайдайæн.

Чемпионаты æппæты фылдæр голтæ бакъуырæг ссис Ирыстоны командæйы размæбырсæг Олег Бакланов.

Нæ командæйы хистæр тренер Берозты Эрик æмæ нæ республикæйы къуыдтыты æхсæнады сæрдар Смайлиаты Артур бузныг зæгъынц РЦИ-Аланийы физикон культурæ æмæ спорты министр Гæбулты Владимирæн, ерыстæм ацæуынмæ сын кæй баххуыс кодта, уый тыххæй.

БАСКАТЫ Уырызмæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here