Фӕсивӕдон форум «Машук»-мӕ

0
415

Райсом горӕт Пятигорскы йӕ куыст райдайдзӕн Цӕгат Кавказы фӕсивӕдон форум «Машук». Ацы уӕрӕх ӕмбырды архайджытӕ суыдзысты Цӕгат Кавказы ӕппӕт субъектты 3 мин ӕрыгон минӕвары. Уыдонӕй уӕлдай, форумы уазджытӕ уыдзысты Уӕрӕсейы ӕндӕр регионтӕ ӕмӕ цалдӕр фӕсарӕйнаг бӕстӕйы фӕсивӕд.

Юбилейон, дӕсӕм форумы организацион комитет, раздӕры азты фӕлтӕрддзинад хынцгӕйӕ, бацархайдта, цӕмӕй йӕ программӕ уа мидисджындӕр ӕмӕ хъӕздыгдӕр, фӕзына дзы ногдзинӕдтӕ. Иннӕ азтау фӕсивӕдӕн ацы хатт дӕр араздзысты мастер-класстӕ цардархайды алы къабӕзты темӕтыл, ӕхсӕнадон архайджытӕ ӕмӕ политологтӕ сын кӕсдзысты лекцитӕ… Лагеры архайджытӕн фембӕлдтытӕ уыдзӕн политиктимӕ, амалхъомтимӕ, культурӕ ӕмӕ аивады минӕвӕрттимӕ. Программӕйы ис ӕндӕр цымыдисаг мадзӕлттӕ дӕр.

Зындгонд куыд у, афтӕмӕй форумы сӕйрагдӕр хӕйттӕй иу у социалон-экономикон ӕмӕ ӕхсӕнадон райрӕзтимӕ баст проектты конкурс. Фӕсивӕды минӕвӕрттӕй бирӕтӕ ныридӕгӕн сӕ проекттӕ балӕвӕрдтой конкурсмӕ. Уыдонӕн сӕ хуыздӕртӕ ӕмӕ цымыдисагдӕртӕ сбӕрӕг уыдзысты форумы рӕстӕг. Куыд иннӕ азты, афтӕ ныр дӕр конкурсы уӕлахиздзаутӕ райсдзысты ӕхцайы гранттӕ. Ацы хатт грантты фонды ис 100 милуан сомӕй фылдӕр.

«Машук-2019» йӕ куыст кӕндзӕн 30 августмӕ.

Ӕмӕ ма ахӕм нымӕцтӕ: Цӕгат Ирыстонӕй форумы архайдзысты 300 адӕймаджы бӕрц.

Нӕ уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here