Мӕздӕгмӕ фӕндаджы рацарӕзт

0
336

Автомобилон фӕндаг «Кавказ”-ы хай — “Хурыхъӕу-Малгобек-Мӕздӕг»-ы реконструкци йӕ тӕмӕны бацыд. Дзӕуджыхъӕу нӕ республикӕйы стырдӕр ӕмӕ бӕркадджындӕр районимӕ  чи бӕтта, ахӕм, дыууӕ хатты цыбырдӕр фӕндаг фӕзындзӕн.

“Цӕудзӕн нӕхи зӕххыл. Фӕахъаз уыдзӕн районы экономикон рӕзтӕн, фылдӕр гӕнӕнтӕ уыдзӕн товарласджытӕн, хӕстӕг хъӕуты цӕрджытӕн фӕзындзӕн ног куысты бынӕттӕ”, —  загъта нӕ республикӕйы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав фӕндаджы арӕзтад гом кӕнгӕйӕ. Ноджы ма бафиппайдта, ацы проектӕн регионалон нысаниуӕг дӕр кӕй ис, уый.

Абон фӕндагаразӕг дагестайнаг компани — «Дагспецстройсервис»-ы специалисттӕ уыцы-иу рӕстӕг кусынц 58 километры дӕргъӕн фӕндаджы 12 хайы. Хуымӕтӕджы фӕндаг нӕ уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ сфидаудзӕн ӕртӕ хидӕй, йӕ бынты цӕудзӕн 32 донуадзӕн хӕтӕлы, ифтонггонд ӕрцӕудзӕн ӕрдзон газ ӕмӕ электрон тыхӕй.

Ныртӕккӕ уал «ИрСтройИнвест»-ы кусджытӕ аразынц Камбилеевкӕйы доны сӕрты фидӕны хидӕн йӕ быцӕутӕ, фӕстӕдӕр сӕ быраутӕ ӕмӕ ӕндӕр техникӕ кусдзысты Мӕздӕджы районы Чысылкӕсгон донхорыджы къанауы сӕрты хиды арӕзтады. Куыстытӕм йӕ цӕст дары директор Зӕнджиаты Аслӕнбег.

Тыхджын фӕндаггон техникӕ цӕттӕ кӕны,  доны хӕтӕлтӕ кӕм сӕвӕрдзысты, уыцы бынӕттӕй иу. Кусджыты иннӕ къорд сыгъдӕг кӕны хъӕдӕй ӕмбӕрзт фӕзуат, 8 километрӕй ма сын баззад 1,8 километры бӕрц.

«Дагспецстройсервис»-ы филиалы директор Алавдин Курбанов куыд загъта, афтӕмӕй ацы объекты цы бирӕ адӕм фӕллой кӕны, уыдонӕй 20  сты Ног Бӕтӕхъойыхъӕуӕй, 25 — Хурыхъӕуӕй. Бонӕй-бонмӕ куыстытӕ кӕнынц парахатдӕр, тагъд дзы фӕзындзӕн ног куысты бынӕттӕ, уым та кусдзысты хӕстӕг хъӕуты цӕрджытӕ.

2020 азы кӕронмӕ ног фӕндаджы реконструкци хъуамӕ кӕронмӕ ахӕццӕ уа.

Гугкаты Жаннӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here