Сӕрдыгон скъола «Зонд»

0
650

Сӕрдыгон проектон скъола «Зонд» йӕ куыст фӕци. Дзӕуджыхъӕуы архайдта сывӕллӕтты технопарк «Кванториум-15»-ы бындурыл. Уый иу кӕны ӕппӕт бӕстӕйы ног хуызы регионалон сӕрдыгон скъолатӕ ӕмӕ нымад у  ӕппӕтуӕрӕсеон проект «Фӕсивӕды ногдзинӕдты фӕз»-ы хайыл.

Скъола «Зонд» сарӕзтой Уӕрӕсейы Ахуырады министрады грант «Алы сывӕллоны ӕнтыстдзинад»-ы фӕрӕзтӕй Цӕгат Ирыстоны Ахуырады министрады организацион ӕмӕ ӕхцаты ӕххуысӕй. Уӕрӕсейы ӕртӕ регионы, стӕй Хуссар Ирыстоны, Анголӕйы, Камеруны, Кот д’ Ивуар ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕты минӕвӕрттӕ — 200  фылдӕр — вазыгджын технологитӕй пайда кӕнгӕйӕ, скъолайы  куыстой туристон  проекттыл.  Цӕгат Ирыстоны туризмы комитет, Туристон информацион центр, Дзӕуджыхъӕуы администрацийы фӕсивӕдон политикӕйы комитет, Национ парк «Алани» ӕмӕ Ossetia news — скъолайы архайджытӕн радтой хӕслӕвӕрдтӕ.

Дыууӕ къуырийы дӕргъы 12-25-аздзыд лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕ куыстой туристтӕн мобилон уӕлӕфтуантыл, арӕзтой рӕсугъд ӕрдзы  къамты проекттӕ, истой зӕрдылдарӕн бынӕтты рекламон видеороликтӕ.

Фондз проекты нымад ӕрцыдысты скъолайы уӕлахиздзаутыл:

— национ   парк «Алани»-йӕн цалдӕр видеороликы;

— Фӕлхасгӕнӕджы кар ӕмӕ интерестӕ нымайгӕйӕ, туристтӕн цыртдзӕвӕнтӕ чи равзары, ахӕм интеллектуалон фӕндонхӕссӕг системӕ;

— мобилон телефон SHAZAM Tour-ы ӕххуысӕй зайӕгойтӕ ӕмӕ цӕрӕгойты рахатыны системӕ;

— адӕм уынгты бырӕттӕ цӕмӕй ма ӕппарой, уымӕн ахъазгӕнӕг роботизацигонд урнӕ «Биомуcоркӕ»;

— компьютерон хъазтимӕ, зӕрдылдарӕн бынӕтты тыххӕй хабӕртты ӕмӕ цыппар ӕвзагыл аудиогидимӕ туристтӕн мобилон уӕлӕфтуан veko.

Ацы командӕты авд минӕвары  (цӕгатирыстойнӕгтӕ Даниил Лесь, Тауаситы Алыксандр ӕмӕ Хъӕстуаты Хетӕг, стӕй хуссарирыстойнӕгтӕ Джиоты Константин, Гуыцмӕзты Андрей, Зассеты Максим ӕмӕ Остъаты Сӕрмӕт) ацӕудзысты Фӕсивӕдон ногдзинӕдты дунеон чемпионаты архайынмӕ. Фӕсивӕдӕн чемпионаты уыдзӕн канд сӕхи проекттӕ бавдисыны нӕ, фӕлӕ ма дзыллон мадзалы ахъаззаджы ӕмгуыстгӕнӕг компаниты хӕслӕвӕрдтыл бакусыны фадат дӕр.

Проектон скъола «Зонд»-ы экспертты зӕрды ис хуыздӕр проектон командӕтимӕ дарддӕр ӕмгуыст кӕнын.

Светланӕ Макаренко

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here