Ног ахуыры азмӕ…

0
776

Фӕндӕгтыл ӕдасӕй цӕуыны РЦИ-Аланийы Хицауады сӕрмагонд къамисы радон ӕмбырд амыдта Хицауады Сӕрдары хӕдивӕг Томайты Ирбег.

Боны фӕткы фарстытыл дзургӕйӕ, къамисы сӕрдар фехъусын кодта, афӕдзы райдайӕнӕй республикӕйы фӕндӕгтыл кӕй ӕрцыд 452 фыдбылызы, 38 адӕймаджы дзы фӕмард, 665 адӕймаджы цӕфтӕ баййӕфтой. Ӕппӕты арӕхдӕр фӕндаггон фыдбылызтӕ цӕуы ӕрыдоны, ӕрӕфы ӕмӕ Горӕтгӕрон районты. Уӕззау уавӕр у, фӕлӕ, ивгъуыд азимӕ абаргӕйӕ, ацы цаутӕ фӕкъаддӕр сты 4,4 проценты.

— Хъыгагӕн, 59 фӕндаггон фыдбылызы бахаудысты сывӕллӕттӕ дӕр. Иу дзы фӕмард. Ног ахуыры аз ӕрхӕццӕ, ӕппӕт мадзӕлттӕ дӕр саразын хъӕуы, цӕмӕй нӕ кӕстӕртӕ ӕдас уавӕрты ахуыр кӕной. Районты сӕргълӕуджытӕ, Ахуырады министрад, скъолаты ахуыргӕнджытӕ, ныййарджытӕ сӕ хъуамӕ фыдбылызӕй бахизой, — загъта Томайы-фырт.

Ног, 2019-2020 ахуыры азмӕ цӕттӕ кӕнгӕйӕ, ахуырадон бынӕттӕм хӕстӕг цы фӕндӕгтӕ ис, уыдоны хъӕндзинӕдтӕ аиуварс кӕнынӕн цы арӕзт ӕрцыд, уый тыххӕй къамисы уӕнгтӕн радзырдта РЦИ-Аланийы ФӕЦПИ-йы хицауы хӕдивӕг Хӕбӕлаты Григори. Куыд загъта, афтӕмӕй бӕрӕггонд ӕрцыдысты республикӕйы ӕппӕт скъолатӕ дӕр. Ӕдӕппӕтӕй сты 210, уыдонӕй 58 — Дзӕуджыхъӕуы. Кусӕг къамис дзы сбӕрӕг кодта 228 аипдзинады. Зӕгъӕм, фӕндаджы уӕлцъар у ивинаг, нӕй дзы бацӕуӕн ӕвдисӕг урс хӕххытӕ, светофортӕ дзы нӕ сӕвӕрдтой, ӕмбонд ӕвӕрд не ‘рцыд скъолайы рахизӕны ӕмӕ ӕндӕртӕ.

— Скъоладзауты цы автобустӕ ласынц, уыдоны уавӕр дӕр бӕрӕг кодтам. 88 машинӕйӕ ссӕдзмӕ нӕй, сывӕллӕтты ласынӕн бар чи дӕтты, ахӕм ӕнӕмӕнг хъӕугӕ лицензитӕ, цыппар та дзы аразинаг сты, ӕмӕ сӕ нӕ пайда кӕнынц, — загъта паддзахадон инспекцийы минӕвар.

РЦИ-Аланийы фӕндӕгты хӕдзарады комитеты сӕрдар Солиты Тариэлы ныхас баст уыд, комитет дзуапдӕттӕг цы фӕндӕгтӕн у, уыдоны уавӕримӕ. Муниципалон ӕмӕ регионалон нысаниуӕг кӕмӕн ис, стӕй скъолатӕм, рӕвдауӕндӕттӕм хӕстӕг чи у, уыцы фӕндӕгтыл, бацӕуӕнты нысанӕй, урс ӕмӕ бур хӕххытӕй бӕрӕггонд ӕрцыдысты 58 объекты.

— Комитеты подрядон куыстуӕттӕ бацархайдтой ӕмӕ афойнадыл ӕппӕт куыстытӕ дӕр ахицӕн кодтой. Фӕндӕгты алыварс кӕрдӕг ныккарстой, базылдысты фӕндаджы уӕлцъармӕ, кусынц светофортӕ, электрон рухс ӕмӕ фӕндаггон нысантӕй дӕр сӕ сифтонг кодтой. Ранӕй-рӕтты та ма скодтой тагъд цыды уромӕнтӕ, цӕмӕй ацы ран шофыртӕ сӕ цыд фӕсабыр кӕной, уымӕн, — загъта Солыйы-фырт.

Дзӕуджыхъӕуы фӕндӕгты сӕрты бацӕуӕн ӕвдисӕг бынӕттӕ ис 494, уыдонӕй 53 сты скъолаты цур, ис дзы фӕндаггон нысантӕ дӕр. Уый тыххӕй загъта Дзӕуджыхъӕуы администрацийы сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Гусаты Аркади.

Хицӕнӕй фӕбӕрӕг кодта, 26-ӕм скъоламӕ бацӕуӕнтӕ дӕр афойнадыл кӕй бацӕттӕ кӕндзысты, уый.

Ӕмбырды ма раныхас кодтой РЦИ-Аланийы промышленност ӕмӕ транспорты министры хӕдивӕг Хъиргъуты Алан, ӕндӕр бӕрнон кусджытӕ.

Гугкаты Жаннӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here