Социалон, культурон, экономикон ахадындзинадимӕ фарстытӕ

0
359

«Нӕ бӕстӕйы конституцион ӕмвӕзады фидаргонд ӕрцыдысты бинонтӕ, ныййарджытӕ ӕмӕ сывӕллӕтты паддзахады ‘рдыгӕй хъахъхъӕныны фарстытӕ. Нырыккон социалон-экономикон уавӕр, бинонты ныллӕг ӕфтиӕгтӕ ӕвзӕрӕрдӕм фӕбӕрӕг сты ног фӕлтӕртӕ фӕзыныныл. Ӕппӕт зындзинӕдтӕ цас рӕвдз иуварсгонд цӕудзысты, уымӕй аразгӕ уыдзӕн паддзахады фидӕн ӕмӕ йӕ национ ӕдасдзинад. Уый тыххӕй хъуамӕ ӕхсӕнады фӕхуыздӕр уа бирӕсывӕллонджын бинонты социалон уавӕр», — знон парламентон советы ӕмбырды ацы ахсджиаг хъуыддагыл раныхас кодта социалон политикӕйы, ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынад ӕмӕ ветеранты хъуыддӕгты комитеты сӕрдар Реуазты Ларисӕ.

Ӕмбырд амыдта Парламенты Сӕрдар Алексей Мачнев.

Реуазты Ларисӕ куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй «Уӕрӕсейы Федерацийы бирӕсывӕллонджын бинонтӕн паддзахадон ӕххуысы мадзӕлтты тыххӕй» федералон закъоны проект баст у ӕххуысы гӕнӕнтӕ фӕхъомысджындӕр кӕнынимӕ. Уӕрӕсейы 2018 азы райдайӕны бирӕсывӕллонджын бинонты нымӕц уыдис 1,5 милуаны. Уыдонӕй 230 мин бинонтӕ хъомыл кодтой цыппӕргай сывӕллӕттӕ, 100 мин бинонтӕ — фондзӕй авд сывӕллоны онг, 5 мин бинонтӕ — астӕй дӕс сывӕллоны онг, 1 мин бинонтӕ — иуӕндӕс ӕмӕ фылдӕр сывӕллоны.

Бирӕсывӕллонджын бинонтӕн социалон ӕххуысы мадзӕлттӕ конд цӕуынц Уӕрӕсейы Президенты 1992 майы Указмӕ гӕсгӕ. Уӕдӕ регионтӕ дӕр сӕхӕдӕг скодтой алыхуызон закъонӕвӕрынадон документтӕ. Цард куыд ӕвдисы, афтӕмӕй алы регион дӕр хъуыддӕгтӕ ӕххӕст кӕны йӕхи барадон акттӕм гӕсгӕ, ӕххуысы бӕрц дӕр у алыхуызон. Зӕгъӕм, 82 регионы сфидар кодтой, бинонтӕ бирӕсывӕллонджыны статус ӕмӕ ӕххуысы мадзӕлттӕй кӕд ӕмӕ куыд фӕцух вӕййынц, уыцы барӕнтӕ. Сывӕллоныл 18 азы куы сӕххӕст уа, уӕд бинонтӕ бирӕсывӕллонджыныл нымад нал фӕцӕуынц. Кӕцыдӕр субъекттӕ уыцы кар адарддӕр кодтой 23 азы онг. Ис ма ӕндӕр цавӕрдӕр домӕнтӕ, уыдонӕй бирӕсывӕллонджын бинонты бартӕ фӕкъахыр вӕййынц. Ацы аз ӕппӕт бӕстӕйыл айхъуысти, Таганроджы горӕты бынӕттон закъонӕвӕрынады бындурыл бирӕсывӕллонджын бинонтӕн социалон ӕххуыс фӕйнӕ 47 сомы ӕмӕ 50 капеччы кӕй радих кодтой, уыцы хабар. Ацы закъоны проект зынгӕ фӕхуыздӕр кӕндзӕн ӕмӕ иумӕйаг бындуртӕ сӕвӕрдзӕн бирӕсывӕллонджын бинонтӕн ӕххуысы мадзӕлттӕн.

Закъонӕвӕрынады, закъонад ӕмӕ бынӕттон хиуынаффӕйады комитет ӕмбырдмӕ рахаста цалдӕр ахсджиаг документы, уыдонимӕ «Уӕрӕсейы Федерацийы Административон бархӕлдтыты тыххӕй кодексы 23.1 статьямӕ ивддзинӕдтӕ бахӕссыны фӕдыл» закъоны проект. Комитеты сӕрдар Ортабайты Тимур куыд радзырдта, афтӕмӕй нырыккон ӕхсӕнады стырдӕр тыхстдзинадыл банымайгӕ у наркомани, бынтондӕр та йӕ ахӕсты ӕнахъомтӕ кӕй бахауынц, уый. Ӕнӕзакъонӕй наркотиктӕй чи пайда кӕны, ӕнӕ уыдонӕй цӕрын чи нал фӕразы, уыдоны ныхмӕ ис алыхуызон административон бӕрнондзинад бадомыны фӕрӕзтӕ.

Зӕгъӕм, Удмуртийы республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, 2018 азы ӕнӕзакъонӕй наркотиктӕй пайда кӕныны тыххӕй скодтой 437 суагъӕйы, ацы аз уал сӕ бӕрц у 549. Наркотиктимӕ баст чи у, уыцы адӕймӕгтӕй административон бӕрнондзинад бадомын сӕйраг нысан нӕу, фӕлӕ закъонмӕ гӕсгӕ уыцы адӕймаджы арвитӕн ис йӕхи дзӕбӕх кӕнынмӕ. Уыцы закъонтӕ, 16-18 азы кӕуыл цӕуы, наркотиктӕм чи фемхиц, ахӕм ӕвзонг фӕсивӕдыл не ‘ххӕссынц. Уымӕ гӕсгӕ, Административон бархӕлдтыты тыххӕй кодексмӕ хъӕуы бахӕссын ахӕм ивддзинӕдтӕ, цӕмӕй наркотиктӕм ӕмхиц рӕзгӕ фӕлтӕр дзӕбӕх кӕнынмӕ ӕрвыст цӕуой закъоны бындурыл.

Бюджеты, хъалонты,  исбонад ӕмӕ кредитон организациты комитеты сӕрдар Баликъоты Валери ӕмбырды архайджыты цы федералон закъоны проекттимӕ базонгӕ кодта, уыдонимӕ уыдис хицӕн амалхъомты архайд фӕрогдӕр кӕныны тыххӕй документ дӕр. Кӕд ӕмӕ нӕ бӕстӕйы Конституци амалхъомады сӕрибар архайд фӕсидт, уӕддӕр кӕцыдӕр закъӕттӕм срастгӕнинӕгтӕ чысыл амалхъомады уавӕр ӕваст февзӕрдӕр кодтой. Зӕгъӕм, контролон-кассӕйы аппараттӕ сӕвӕрын кӕй домынц, йӕ куысты сӕ пайда кӕнын чи нӕ райдайа, уыдон ӕфхӕрд цӕуынц административон ӕгъдауӕй. Сӕвӕрынц сыл стыр ивартӕ, сӕ архайд сын бауромынц. Уыимӕ, ивары ӕппынкъаддӕр бӕрц вӕййы 10 мин сомы, зӕгъӕм, ӕлхӕнӕгӕн гӕххӕттын-электронон чек куы нӕ радтой, уӕд та амалхъом иваргонд цӕуы 2 мин сомӕй. Иннӕ ӕфхӕрӕн мадзӕлттӕ дӕр сты карз, уымӕ гӕсгӕ бирӕ амалхъомтӕ сӕ куыстуӕттӕ сӕхгӕдтой.

Нырыккон кассӕйы аппараттӕ сты тынг зынаргъ, цӕмӕй сӕ техникон ӕгъдауӕй алы мӕй дӕр бӕрӕг кӕной, уый аргъ дӕр у тынг бӕрзонд. Ӕппӕт уыцы хъуыддӕгтӕ февзӕрдӕр кодтой чысыл амалхъомады уавӕр, ацы закъоны проект та разӕнгард кӕндзӕн амалхъомадон архайд, адӕмӕн фӕзындзӕн фылдӕр куысты бынӕттӕ.

Советы уӕнгтӕ сразы сты, Карелийы республикӕйы Закъонӕвӕрынадон ӕмбырды депутаттӕ Уӕрӕсейы Хицауады Сӕрдары хӕдивӕг Ольгӕ Голодецмӕ цы Сидт арвыстой, уыимӕ. Уыдон курынц, цӕмӕй Паддзахадон Думӕ ӕркӕса ӕмӕ ивддзинӕдтӕ бахӕсса хицӕн закъонӕвӕрынадон акттӕм ӕмӕ уый фӕрцы экскурсоводты, гид-тӕлмацгӕнджыты ӕмӕ инструкторты барадон архайд фӕнывылдӕр кӕна. Карелиаг депутатты хъуыдымӕ гӕсгӕ, Уӕрӕсейы ӕппӕт субъектты экскурсоводты, гидтӕ ӕмӕ инструкторты лӕггӕдты базарады ис ӕмхуызон зындзинӕдтӕ. Хъуамӕ уа ахӕм специалисттӕ цӕттӕгӕнӕн иумӕйаг системӕ, уымӕй дарддӕр цы туристон лӕггӕдтӕ кӕнынц, уыдоны хӕрзхъӕддзинад бӕрӕггӕнӕнтӕ дӕр.

Фӕстаг рӕстӕг фыдыбӕстаг туристон базарад сабыргай-сабыргай бацахстой фӕсарӕйнаг гид-тӕлмацгӕнджытӕ. Ӕндӕр бӕстӕтӕй ӕрбацӕуӕг туристтӕ Уӕрӕсейы историйы тыххӕй райсынц мӕнг зонындзинӕдтӕ, уымӕн ӕмӕ сӕм ӕй хӕццӕ кӕнынц, сӕ дӕсныдзинад ныллӕг кӕмӕн у, ахӕм экскурсоводтӕ. Экспертон ӕмӕхсӕнад иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ домдта, цӕмӕй туризмы специалисттӕн ӕнӕмӕнг кӕной аттестаци. Экскурсоводы, гиды бынатмӕ чи цӕуы, уый хъуамӕ уа хорз цӕттӕгонд специалист, уымӕй дарддӕр регионы историон ӕмӕ культурон хицӕндзинӕдтӕ зона иттӕг хорз. Ацы ӕмӕ ӕндӕр фарстытӕ федералон ӕмвӕзады рагӕй дӕр нывылгонд нӕ цӕуынц. Уымӕ гӕсгӕ карелиаг депутаттӕ сӕ Сидты раргом кодтой, къабазы уавӕр сӕ тынг кӕй тыхсын кӕны ӕмӕ, хъуыддӕгтӕн дарддӕр ӕргъӕвӕн кӕй нал ис, уый.

Парламенты советы ӕмбырды ма равзӕрстой ӕмӕ сфидар кодтой ӕндӕр ахсджиаг закъоны проекттӕ дӕр.

Бутаты Эльзӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here