Бетъырбухы медицинон университеты дохтыртӕ ссӕудзысты Ирыстонмӕ

0
223

Бетъырбухы дохтыртӕ ацы мӕйы кӕрон радон хатт ссӕудзысты Цӕгат Ирыстонмӕ, цӕмӕй республикӕйы цӕрджытӕн хъӕугӕ медицинон ӕххуыс бакӕной. Уый тыххӕй фехъусын кодта УФ-йы Президенты цур РЦИ-Аланийы Иудадзыгон минӕварады пресс-службӕ.

Пресс-службӕйы минӕвары ныхасмӕ гӕсгӕ, ацы хӕрзаудӕн акци ныр арӕзт ӕрцӕудзӕн фӕндзӕм хатт. Бетъырбухаг терапевттӕ, кардиологтӕ, хирургтӕ, стоматологтӕ, травматологтӕ, неврологтӕ ӕмӕ ӕндӕр специалисттӕ ӕххуысхъуаг адӕмӕн сараздзысты консультацитӕ ӕмӕ сӕ дарддӕр дзӕбӕх кӕнынмӕ арвитдзысты Бетъырбухы фыццаг медицинон университеты клиникӕтӕм.

Сӕрмагонд проект «Бетъырбухы дохтыртӕ — Ирыстонӕн» ӕххӕстгонд цӕуы Цӕгат-Ныгуылӕйнаг федералон зылды РЦИ-Аланийы минӕварад ӕмӕ Бетъырбух ӕмӕ Ленинграды облӕсты ирон ӕхсӕнады уӕнгты хъӕппӕрисӕй. Уыимӕ, акцийы архайджытӕн хъӕугӕ фадӕттӕ саразы Цӕгат Ирыстоны разамынд.

Амӕй размӕ цыппар азы дӕргъы бетъырбухаг дохтырты ӕххуысӕй спайда кодтой 5 мин адӕймагӕй фылдӕр. Уыдонӕй 1300 адӕймаджы дзӕбӕх кӕнынмӕ арвыстой Бетъырбухмӕ. Ныронг куыд уыд, афтӕ ацы аз дӕр акцийы фӕлгӕты ӕппӕт медицинон ӕххуыс дӕр уыдзӕн лӕвар.

Акцийы архайӕг дохтыртӕ Цӕгат Ирыстоны уыдзысты 23-28 сентябры, рынчынтимӕ ӕмбӕлдзысты 9 сахатӕй 18 сахаты онг ахӕм графикмӕ гӕсгӕ: 23 сентябры кусдзысты Цыколайы, районы Центрон рынчындоны, 24 сентябры — Октябрыхъӕуы, районы поликлиникӕйы, 25 ӕмӕ 26 сентябры — Дзӕуджыхъӕуы, 1-ӕм поликлиникӕйы ӕмӕ 27 сентябры — Алагиры, районы Центрон рынчындоны.

«Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ахӕм ахсджиаг ӕмӕ хъӕугӕ мадзал бацӕттӕ кӕнынӕн хъӕуы бирӕ хъарутӕ ӕмӕ фӕрӕзтӕ, ӕмӕ уыцы хъуыддагмӕ йе ‘ххуысы хай чи бахаста, уыдонӕй мах стӕм бузныг», — зӕгъы Цӕгат-Ныгуылӕйнаг федералон зылды РЦИ-Аланийы минӕвар Газалты Барис.

Нӕ уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here