Кӕлӕддзаг хӕдзӕрттӕй — ног цӕрӕнуӕттӕм

0
621

Дзӕуджыхъӕуы бынӕттон хиуынаффӕйады администраци дарддӕр кусы адӕмы кӕлӕддзаг хӕдзӕрттӕй ног цӕрӕнуӕттӕм раивыны программӕйы уагӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕныныл.

Уый тыххӕй фехъусын кодта  РЦИ-Аланийы Цӕрӕнуӕтты-коммуналон хӕдзарады, артаг ӕмӕ энергетикӕйы министрады пресс-службӕ.

Программӕйы чи архайы, уыдонӕй уал фыццаг 7 бинонтӕн фатертӕ радих кӕныны тыххӕй администраци подрядон организацитимӕ бафыста бадзырдтӕ. Уыимӕ, уыцы категорийы адӕмӕн фатертӕ балхӕныны фӕдыл тендер цӕуы дарддӕр. Куыд нысангонд цӕуы, афтӕмӕй ноджыдӕр ма 45 фатеры балхӕныны тыххӕй бадзырдтӕ фидаргонд ӕрцӕудзысты сентябры кӕронмӕ. Уый фӕстӕ ма программӕйы архайӕг бинонтӕн балхӕнын хъӕудзӕн 2 фатеры.

«Афтӕмӕй кӕлӕддзаг хӕдзӕрттӕй ног цӕрӕнуӕттӕм фыццаг къӕпхӕны раивдзыстӕм 123 адӕймаджы», — радзырдта цӕрӕнуӕтты-коммуналон хӕдзарады, артаг ӕмӕ энергетикӕйы министр Таматы Майрӕн.

Министры ныхасмӕ гӕсгӕ, программӕ ӕххӕст кӕнынӕн фӕрӕзтӕ дихгонд ӕрцыдысты Цӕрӕнуӕтты-коммуналон хӕдзарады рацарӕзтӕн ахъазгӕнӕг фондӕй (65 милуаны), республикон (3,4 милуаны) ӕмӕ муниципалон (18 милуан сомы) бюджеттӕй.

Зындгонд куыд у, афтӕмӕй адӕмы кӕлӕддзаг хӕдзӕрттӕй ног цӕрӕнуӕттӕм раивыны программӕ у национ проект «Цӕрӕнуӕттӕ ӕмӕ горӕты алфамбылай»-ы иу хай.

Нӕ уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here