Къоста — Уыналы

0
355

Куыд зонӕм, афтӕмӕй Къоста 1901 азы Ирыстонмӕ рынчынӕй  сыздӕхт Херсонӕй. Дыууӕ боны фӕцис Дзӕуджыхъӕуы, ӕртыккаг бон — Алагиры, цыппӕрӕм бон араст йӕ райгуырӕн хъӕу Нармӕ.

Фӕссихор бахӕццӕ Уыналмӕ, ӕмӕ йӕм Цӕллагты хистӕртӕ ӕрхатыдысты, фысым нӕм бакӕн, зӕгъгӕ. Мыггагмӕ уыд дукани. Тифлисӕй ӕфцӕгыл  хастой хъуымӕцтӕ, сапӕттӕ, судзинтӕ, темантӕ, копрӕдзтӕ, ахорӕнтӕ, хуыд дзаумӕттӕ ӕмӕ къахыдарӕс. Сӕудӕджер кодтой. Се ‘лхӕнджытӕ уыдысты Уӕллаг Мызуры, Ходы, Цъусы, Сулӕрты, Сӕхӕгкаты, Ксурты ӕмӕ иннӕ чысыл хъӕуты цӕрджытӕ.

Уыцы бон Ксуртӕй, Уыналӕй уӕлдӕр хъӕуӕй фарастаздзыд лӕппу хӕрӕгыл бадгӕ йӕ нанаимӕ ӕрцыд хӕдзары дзаумӕттӕ ӕлхӕнынмӕ.

— Цӕллагты кӕрты Къоста бадтис хъӕуы хистӕртимӕ, — мысыд Баскаты Алыксандр. — Мӕныл  йӕ цӕст ахаста ӕмӕ бафарста: «Ацы хӕрӕгыл бадӕг кӕй лӕппу у?» «Баскаты, Ксуртӕй йӕ нанаимӕ  ӕлхӕнӕг сты…», — дзуапп ын радтой фысымтӕ.

— Сӕрӕн лӕппу у,  стыр лӕг дзы рауайдзӕн, — загъта Къоста.

Ивгъуыд ӕнусы  Алыксандрыл азтӕ сӕ уӕз куы ‘руагътой, уӕд кӕстӕртӕн радзырдта:

— Къоста уыди фыдхуыз, ӕнӕдаст,   йӕ рустӕ мидӕмӕ бахаудысты, тыхулӕфт кодта… — Уыцы ныхӕсты фӕстӕ арф ныуулӕфыд ӕмӕ загъта: — Къостайы ном ӕнӕхъӕн дунейыл айхъуст, уыд куырыхон, цыргъзонд, дардмӕуынаг… Мӕнӕй дӕр стыр лӕг куы рауадаид, уый йӕ, бӕргӕ, фӕндыд, фӕлӕ мӕ ницы  рауад. Ӕрмӕстдӕр хуымӕтӕг зӕхкусӕг ӕмӕ хистӕр фыййау.

Баскаты Олег, ӕхсӕнадон уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here