Уӕгъдибар хъӕбысхӕст: архайдзысты дунейы чемпионаты

0
300

Казахстайнаг горӕт Нур-Султаны 14 сентябры райдайдзӕн дунейы чемпионат спортивон хъӕбысхӕстӕй.

Уыцы ерысты Уӕрӕсейы спортивон кад хъахъхъӕндзысты не ‘мзӕххонтӕ Байты Давид, Сидахъты Зауырбег, Найфонты Артур ӕмӕ Хуыгаты Алан.

Цӕгат Ирыстоны Физикон культурӕ ӕмӕ спорты министрады пресс-службӕ куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй дунейы чемпионат райдайдзӕн грекъаг-ромаг хъӕбысхӕсты ерыстӕй, уый фӕстӕ хӕцдзысты сылгоймӕгтӕ.

19 сентябры та райдайдзысты уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй ерыстӕ. Уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй Уӕрӕсейы иугонд командӕйы уӕнгтӕ сты цыппар ирон спортсмены: 70 кг уӕзы — Байты Давид, 74 кг уӕзы — Сидахъты Зауырбег, 86 кг уӕзы — Найфонты Артур ӕмӕ 125 кг уӕзы — Хуыгаты Алан.

Нӕ лӕппуты ӕнтыстджын архайдыл мӕ зӕрдӕ дарын. Уыимӕ, зӕгъын хъӕуы, дунейы чемпионаты уӕлахиздзаутӕ рамбулдзысты 2020 азы Олимпаг хъӕзтытӕм лицензитӕ дӕр.

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here