Уӕлахиздзаутӕ сбӕрӕг сты

0
368

Спортивон ӕхсӕнад «Динамо»-йы ерысты залы цыдиc Цӕгат Ирыстон-Аланийы 16-ӕм чемпионат армхӕстӕй. Архайдтой дзы фараст командӕйы, ӕдӕппӕт уыдысты 60 адӕймаджы. Ацы ерысты ‘руаджы сбӕрӕг сты Цӕгат Ирыстоны иумӕйаг командӕйы уӕнгтӕ. Уый архайдзӕн Цӕгат Кавказы федералон зылды ерысты. Уыдон цӕудзысты 4-6 октябры Стъараполы.

Сӕхи уӕзты чемпионтӕ систы:

60 кг — Бураты Руслан (тренер Илаты М.Е.).

65 кг — Хъойбайты Роберт (Кадиты Н.К., И.Г.Циклаури).

70 кг — Къӕбулты Хъазыбег (Илаты М.Е.).

75 кг — Малиты Эльбрус (Илаты М.Е.).

80 кг — Сабанты Хетӕг (Дзуццаты С.К.).

90 кг — Елбачиты Аслӕнбег (Дзуццаты С.К.).

+ 90 кг — Хъазиты Арсен (Джабиты Р.В.).

Командон хыгъды фыццаг бынат райстой РСО-Аланийы Мидхъуыддӕгты министрады спортсментӕ, дыккаг бынатмӕ рацыдысты спортивон скъолайы минӕвӕрттӕ, ӕртыккаг бынат бацахстой сывӕллӕтты     3-ӕм спортивон скъолайы хъомылгӕнинӕгтӕ.

РЦИ-Аланийы спорты министрад

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here