Бакуыстой Уӕрӕсейы фидӕны сурӕтыл

0
515

Уӕрӕсейы ӕрыгон политологты форум «Дыгургом» кадджын уавӕры йӕ куыст кӕронмӕ ахӕццӕ кодта. Зындгонд куыд у, афтӕмӕй дзы ӕппӕт бӕстӕйӕ архайдтой 150 ӕрыгон политолоджы. Уыдон эксперттимӕ, зындгонддӕр ахуыргӕндтимӕ архайдтой Уӕрӕсейы фидӕны сурӕт ӕрхъуыды кӕныныл.

Форумы куысты фӕстаг бон ма ӕрыгӕтты раз раныхас кодта мӕскуыйаг ахуыргонд, политикон наукӕты доктор Еленӕ Бродовская. Лекцийы рӕстӕг куыд бацамыдта, афтӕмӕй нымӕцты дуг йемӕ хӕссы бирӕ алыхуызон фӕзындтӕ, ис дзы тӕссагдзинӕдтӕ дӕр. Гӕнӕн ис, ӕмӕ ӕхсӕнады фӕзындзӕн, хидарыны мӕнг ӕууӕлтӕ чи хӕсдзӕн, ахӕм адӕймӕгтӕ. Уыдонӕй та тынг ӕнцонӕй ис спайда кӕнӕн, цавӕрдӕр тӕссаг ӕмӕ знаггадхӕссӕг хъуыдыйыл хӕст чи у, ахӕмты ‘рдыгӕй.

Экстремизм ӕмӕ дин зыгъуыммӕгӕнӕг хъуыдытӕ чи парахат кӕны, уыдонӕн ныхкъуырд раттӕн цӕй фӕрцы ис, уый тыххӕй уыдис йӕ ныхас ахуыргонд Айказ Микаелянӕн. Ӕхсызгонӕй ӕрыгон политологтӕ байхъуыстой историон наукӕты доктор, политолог Сергей Перевезенцевмӕ. «Куыдӕй ис наукӕйӕ, политикӕйӕ, ӕхсӕнадон куыстӕй архайӕн дӕ бӕстӕйы историон ивгъуыд нӕ зонгӕйӕ? Абон куыд цӕрӕм, уый комкоммӕ баст у нӕ историимӕ. Кӕддӕр нӕ рагфыдӕлтӕ цы ногдзинӕдтӕ байгом кодтой, уыдон нын ахсджиаг сты абон дӕр, пайда сӕ кӕндзыстӕм фидӕны дӕр. Уыимӕ, хъӕугӕ ӕрмӕст мах адӕмтӕн не сты, фӕлӕ ма дунеон ахастдзинӕдты дӕр», — загъта Мӕскуыйы паддзахадон университеты политологийы факультеты профессор.

Изӕрырдӕм форумы архайджытӕ рӕгъмӕ рахастой, къуырийы дӕргъы цы проекттыл куыстой, уыдон. Сӕ куысты сӕйраг нысан уыдис Уӕрӕсейы фидӕны сурӕт саразын. Уыцы проекттыл рауадис ӕхсызгон ӕмӕ хъуыддаджы ныхас. Фӕсивӕды хъуыддӕгты федералон агентады разамонӕджы уынаффӕгӕнӕг Сергей Степанов форум ӕхгӕнгӕйӕ, арфӕ ракодта ӕрыгон политологтӕн, куыд бафиппайдта, афтӕмӕй зӕрдӕ дарынц, лӕппутӕ ӕмӕ чызджыты хъуыдытӕ, фӕндӕттӕ царды кӕй сырӕздзысты ӕмӕ нӕ бӕстӕйӕн пайда кӕй ӕрхӕсдзысты, ууыл.

Уый фӕстӕ ӕмхуызонӕй форумы архайджытӕ иумӕ акафыдысты ирон адӕмон кафт «Симд». Тынг дзӕбӕх сын бантыст, уый размӕ семӕ бакуыстой ӕххуысгӕнджытӕ.

РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ Хицауады пресс-службӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here