Хуымӕллӕджы скъолайы байгом техникон центр

0
352

Знон, куыд нӕ бӕстӕйы бирӕ хъӕууон районты ахуырадон артдзӕстыты, афтӕ  нӕ республикӕйы ӕвддӕс хъӕууон  скъолайы байгом сты уӕлӕмхасӕн ахуырады центртӕ «Рӕзты тӕлмытӕ». Уыдоны фӕрцы скъоладзаутӕн сӕ бон уыдзӕн сӕ арӕхстдзинад ӕвдисын техникӕйы алы хуызты, фадат сын уыдзӕн  сӕ хъуыдыкӕнынадыл хорзӕй чи ахада, ахӕм хъӕзтытӕ кӕнын дӕр.

Ахӕм центртӕй иу байгом Рахизфарсы районы Хуымӕллӕджы Кокайты Саламджерийы номыл астӕуккаг скъолайы. Йӕ гом кӕныны кадджын ӕмбырды архайдтой РЦИ-Аланийы ахуырад ӕмӕ наукӕйы министр Людмилӕ Башарина, Рахизфарсы районы бынӕттон хиуынаффӕйады администрацийы сӕргълӕууӕг Беркъаты Къоста, скъолайы разамынд, ныййарджытӕ, скъоладзутӕ.

Цӕмӕй ахӕм центртӕ нӕ республикӕйы хъӕуты скъолаты фӕзына, уый тыххӕй национ проект «Ахуырад» ӕмӕ сӕрмагонд программӕ «Нырыккон скъола»-мӕ  гӕсгӕ  федералон бюджетӕй радих кодтой  26 милуан сомы.

Хуымӕллӕджы скъолайы нырыккон ахуырадон технологиты центр гом кӕнгӕйӕ, нӕ республикӕйы ахуырад ӕмӕ наукӕйы министр Людмилӕ Башарина куыд загъта, афтӕмӕй ма 2021 азмӕ  ахӕм центртӕ Цӕгат Ирыстоны байгом уыдзӕн 72 скъолайы.

Ныр, канд ацы хъӕуы нӕ, фӕлӕ районы иннӕ хъӕуты ахуырдзау фӕсивӕдӕн дӕр ам ис ӕппӕт фадӕттӕ дӕр, цӕмӕй, нырыккон ахуырадон домӕнтӕн дзуапп чи дӕтты, ахӕм техникон ӕмӕ цӕстуынгӕ ӕрмӕджыты фӕрцы фылдӕр кӕной сӕ зонындзинӕдтӕ информатикӕйӕ, ӕдас цардыуаджы ӕгъдӕуттӕ ахуыр кӕнынӕй. Развӕлгъау, йӕ дӕсныйадӕй йӕ зонындзинӕдтӕ чи фӕфылдӕр кодта, уыцы ахуыргӕнджытӕ сын амондзысты, нырыккон компьютерон техникӕимӕ куыд архайын хъӕуы, уый. Ахӕм центрты фӕрцы ма хуыздӕр ӕмӕ арфдӕр ахуыр кӕндзысты гуманитарон предметтӕ дӕр.

Хуымӕллӕджы скъолайы центр гом кӕныны рӕстӕг арӕзт ӕрцыд комкоммӕ бастдзинад Мӕскуыйы облӕсты скъолатӕй иуимӕ. Уым дӕр знон байгом ахӕм уӕлӕмхасӕн ахуырады техникон центр.

Уазджытӕн скъолайы ӕмӕ Хуымӕллӕджы Культурӕйы галуаны аивадон къордты архайджытӕ равдыстой зӕрдӕмӕдзӕугӕ концерт.

Гасанты Валери

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here