Проект «Медиатор» Цӕгат Ирыстоны

0
284

Цӕгат Ирыстоны Хетӕгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты арӕзт ӕрцыд дискуссион интегративон фӕзуат «Национ ахастдзинӕдты культурӕ информацион тыгъдады». Конд ӕрцыд РЦИ-Аланийы Мыхуыры ӕмӕ дзыллон бастдзинады фӕрӕзты комитеты ӕххуысӕй.

Фарон Хуссар федералон зылды ӕхсӕнадон хъӕппӕрисады центр Президенты фондӕй райста финансон ӕххуыс проект «Медиатор» царды рауадзынӕн. Проекты нысан у национ ахастдзинӕдтӕ ӕмӕ дины фӕдыл фарстытыл ӕрдзурын. Проекты бындурыл ӕппӕт Хуссар федералон зылды дӕр цыд иртасӕн куыст.

Проекты автор ӕмӕ йӕ аразӕг Залму Магомедова куыд зӕгъы, афтӕмӕй:

— Алы республикӕйы дӕр фарст ӕрцыдысты 500 адӕймаджы бӕрц, 18 азӕй 60 азы онг кӕуыл цӕуы, ахӕмтӕ. Адӕмы фарстой экономикон ӕмӕ нациты ‘хсӕн ахастдзинӕдты уавӕртӕй, дзыллон бастдзинады фӕрӕзтӕм, Хицауадмӕ ӕмӕ барадхъахъхъӕнджыты оргӕнтӕм адӕмы ӕууӕнкӕй. Ныр бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ арӕзт цӕуынц дискуссион фӕзтӕ, фембӕлдтытӕ студенттимӕ. Уым ӕрныхас кӕнӕм ацы ахсджиаг фарстытыл.

РЦИ-Алани у бирӕнацион республикӕ, цӕры дзы 100 адӕмыхаттӕй фылдӕр. Кавказы республикӕтӕй иу дӕр ахӕм нымӕц нӕ равдисдзӕн. Ныртӕккӕйы царды адӕм ӕнгом баст сты Интернеты тыгъдады, куысты фӕрцы, телеуынынады, социалон ӕхсӕнхыз ӕмӕ ӕндӕрты фӕрцы. Уымӕ гӕсгӕ дзыллон бастдзинады фӕрӕзтӕй бирӕ аразгӕ у, цӕмӕй адӕмты ‘хсӕн царды хабӕртты ӕмӕ дины фарстыты фӕдыл быцӕутӕ ма ӕрцӕуа, фӕлӕ хӕларӕй цӕрой, кӕрӕдзи ӕмбарой. Уымӕн проект «Медиатор» стыр ахъаз фӕуыдзӕн.

Хъойбайты Галинӕ

Къам систа Юлия Василенко

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here