РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав фембӕлд «Уӕрӕсейы хъӕууонхӕдзарадон банк»-ы Правленийы сӕрдары фыццаг хӕдивӕг Иринӕ ЖаЧкинаимӕ, банчы иннӕ минӕвӕрттимӕ. Фембӕлды ма архайдта Хицауады Сӕрдары фыццаг хӕдивӕг Сӕбӕтхъуаты Ӕхсарбег.
Иринӕ Жачкина ӕмбырды архайджыты базонгӕ кодта «Уӕрӕсейы хъӕууонхӕдзарадон банк»-ы Стъараполаг филиалы директор Зоя Тихомироваимӕ. Уый бӕрнон у банчы архайдӕн Цӕгат Кавказы, уыдонимӕ ис Республикӕ Цӕгат Ирыстоны операцион офис дӕр.
Ныхас рауадис банк ӕмӕ республикӕйы ӕмархайды фарстытыл, агропромышленнон комплексы инвестицион проекттӕн ӕххуысы мадзӕлттыл ӕмӕ хъӕууонхӕдзарадон продукциуадзджытӕн ӕнцойдзинӕдтимӕ ӕфстау дӕттыны уавӕртыл. Битарты Вячеслав куыд бафиппайдта, афтӕмӕй банчы къабазы рӕзт тынг ахсджиаг у Цӕгат Ирыстонӕн, уый уӕлӕмхасӕн гӕнӕнтӕ дӕтты амалхъомтӕн ӕмӕ се ‘хца, пайдайаг ӕууӕлтимӕ, банчы ӕвӕрынвӕнд кӕмӕ ис, уыцы граждӕнтӕн.
«Хъӕуты кусӕг чысыл амалхъомады минӕвӕрттӕн, фермерты хӕдзарӕдты хицӕуттӕн, чидӕриддӕр хъӕууонхӕдзарадон продукци уадзынвӕнд кӕны — уыдонӕн ӕххуыс кӕныны хӕс нын нӕ размӕ ӕвӕры паддзахад. Мах уыцы хӕстӕ ӕххӕст кӕнӕм, чысыл ӕмӕ рӕстӕмбис амалхъомады архайдимӕ баст сты бӕстӕйы экономикон рӕзты рахӕцӕнтӕ ӕмӕ дарддӕры нысантӕ», — загъта Иринӕ Жачкина.
«Уӕрӕсейы хъӕууонхӕдзарадон банк»-ӕн Цӕгат Ирыстоны цы хайад ис, уый ӕфстӕутты бӕрц 2019 азы 1 июлмӕ уыдис 313 милуан сомы. Абоны онг банк лӕггад кӕны дыууӕ мин организацийӕн. Азы райдайӕнӕй нырмӕ 40 компанийы ӕфстӕуттӕ райстой 263,4 милуан сомы. Уыдонӕй 259,8 милуан сомы комкоммӕ уалдзыгон-фӕззыгон хъӕууонхӕдзарадон куыстытӕн. Нырма хъуамӕ равзарой 12 куырдиаты 48 милуан сомӕн.














