Алагиры районы зӕххытӕ дыргъы куыстӕн бӕззон сты. Кӕрдо кӕнӕ фӕткъуыйы талайы быныл цалдӕр белгомы сыджыт бакал, ӕмӕ уайтагъддӕр йӕ уидаг фӕхӕцы. Уый нӕ, фӕлӕ йӕм фыццаг дыргъ райсынмӕ дӕр бирӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын нӕ бахъӕуы. Уалдзӕг йӕхи ма фӕхъулон кӕнӕд, ӕндӕр алы къалиуы дидинджытӕй дӕр исты рауайы.
Ацырдыгон, бирӕ хъӕуккаг бинонтӕ сӕ цӕхӕрадӕттӕй дыргъдӕттӕ аразын райдыдтой. Науӕд адӕмӕй ферох уыдаид алагираг ӕмӕ уынайлаг дыргъты ад. Ныридӕгӕн алы фӕззӕг дӕр бирӕ продукци райсынц. Базары йын аргъ ис, фӕлӕ бынтон бӕрзонд нӕу. Тыллӕг ӕфснайд куы ‘рцӕуа, уӕд, чи зоны, ӕмӕ ма ноджы фӕныллӕгдӕр уыдзӕн.
Раздӕр Црауы совхозы дыргъдон 300 гектары ахста. Зӕронд бӕлӕстӕ раджы акалдтой. Ӕхсӕнад «Владка» уыцы фӕзуӕтты цы талатӕ ныссагъта, уыдон 112 гектарыл айтынг сты. Иууылдӕр дыргъ дӕттын райдыдтой. Фӕткъуыйы тыллӕг ӕфснайӕн куыстытӕ хӕдзарады сӕ тӕмӕны бацыдысты. Нырыккон технологийы бындурыл базылдысты кӕрдо бӕлӕсты 10 гектармӕ дӕр.
Цӕллагты Марат — уынайлаг хъуыддаджы лӕг. Кӕрдойы куыстмӕ йӕ ных сарӕзта. Йӕ фӕзуат — 2 гектары. Фӕткъуы бӕлӕсты кооперативтӕ «Тилан»-ы — 2, «Нива»-йы 3 гектары ис. Дзуарыхъӕуы 4 гектары зӕхх алтъами бӕлӕстӕн равзӕрстой. Ам дӕр хъуыддаг ӕнтысы.
Нӕ уацхӕссӕг














