Дӕ куыст куы уарзай, уӕд размӕ цӕуы

0
442

Аивадон тыгъдады дӕхи хорз нӕ банкъардзынӕ, курдиаты «цъыртт»  дӕм куы нӕ фӕхӕццӕ уа, уӕд. Уый  та  ссаргӕйӕ нӕу, фӕлӕ  тугӕй рахӕсгӕ хорздзинад. Хӕтӕлдойнаг Гуызыттаты Оксанӕйӕн ӕнахъомӕй фӕндыры цагъдмӕ йӕ уӕнгтӕ сӕхӕдӕг размӕ агайдтой. Къӕхтӕ дӕр -иу сӕ фӕдыл ныййарц сты.

Кафт фӕндыры цагъдимӕ сусӕгӕй цыдӕртӕ фӕдзуры. Йӕ ныхӕстӕ солисты уӕнгты цӕхӕр  змӕлдӕй фӕцӕуынц. Хӕтӕлдоны Культурӕйы хӕдзары балетмейстер Оксанӕйӕн  иууылдӕр  ӕмбӕрстгонд вӕййынц.  Алы хореографион  номыр дӕр ын куыд хуыздӕр хъуамӕ уа, афтӕ рӕсугъд арӕзт уый тыххӕй рауайы.

Сӕрд ахицӕн, фӕззӕг цӕуы. Гуызыттаты чызг хӕдахуыр солисттимӕ  дарддӕр кусын райдыдта. Фарон йӕ «тыллӕг» бӕркадджын рауад  Йӕ ансамблы хистӕр къордӕн 3 кафты сӕвӕрдта, кӕстӕртӕн — дыууӕ. Не стыр Уӕлахизы  75 азы юбилеймӕ  йӕ нысантӕ — бирӕ. Ӕцӕг уал сӕ нырма сусӕггагӕй дары.

— Гыццылӕй, стырӕй мӕ хъомылгӕнинӕгтӕ дзӕвгар сты, — дзуры Оксанӕ. — Репетицийы рӕстӕг дзы дыккаг дзырд кӕнын никӕмӕ бахъӕуы. Сӕ рӕсугъд уӕнгтӕн  сын  ног фӕзилӕн ацамонын ӕмӕ мӕ бафӕзмынц. Фарон районы фестивалы нӕ «Хонгӕ кафт» раззаг бынӕттӕй иу бацахста. Уӕдӕ ма нӕм ӕндӕр  ӕнтыстытӕ дӕр уыди. Лӕппутӕ та нӕм нырма гыццыл цӕуы.  Уымӕ гӕсгӕ уал мӕ фӕнды  «Чызджыты кафт» сӕвӕрын. Кафт ног нывтыл карст  цӕмӕй рауайа, ууыл архайдзынӕн. Тагъд «Хохаг кафтыл» дӕр кусын райдайдзыстӕм. Дарддӕр цард йӕхи равдисдзӕн.

Нигколты Зельдӕ фӕндырӕй цӕгъдын цы сывӕллӕттӕн амоны, уыдон дзӕвгар сты. Ацы Культурӕйы хӕдзары ӕхсӕз азы кусы.  Ирон музыкӕйы зӕлтӕм сӕ цӕстытыгагуытӕ дӕр ма кӕмӕн сӕрттивынц, хъӕуы нырма ахӕм чызджытӕ ис. Дӕс адӕймагӕй уал фӕндырӕй базыдтой. Ныр  сӕ бон сыхӕгты хъӕлдзӕгдзинады  ацӕгъдын бауыдзӕн.

Зельдӕйы хъомылгӕнинӕгтӕ курдиатджын сывӕллӕттӕ сты. Уайтӕккӕ дӕр аив зӕлтӕн сӕ райдайӕн ацахсынц. Уый фӕстӕ цагъд йӕхӕдӕг йӕхи амонын райдайы ӕмӕ кӕронмӕ йӕ фӕдыл «ацӕуынц.» Ардыгӕй зымӕгмӕ ног программӕ бацӕттӕ кӕныныл бацархайдзысты.

— Сӕрыстыр дӕн мӕ хъомылгӕнинаг Дзотты Аннӕйӕ. Уый 11 къласы фӕцис ӕмӕ дарддӕр  музыкантыл ахуыр кӕны, — дзуры Зельдӕ.  Скъоладзау Гаглойты Викӕйы ӕнгуылдзтӕ дӕр  фӕндыры амонӕнтыл рогӕн ӕруайынц. Мӕ къордмӕ ног чызг Тыджыты Зӕлинӕ цӕуын райдыдта. Афтӕ мӕм кӕсы, цыма уый дӕр  йӕхи аивадӕн нывондӕн ӕрхӕсдзӕн. Фӕндырдзӕгъдджыты  ансамбл сарӕзтам.

Хӕбӕлаты Зӕлинӕ Культурӕйы хӕдзары цыппар азы кусы. Вокалон къордӕн разамынд дӕтты. Йӕ хъомылгӕнинӕгтӕ тынг курдиатджын сывӕллӕттӕ сты. Зарын уарзынц, сценӕйыл фидауынц. Алы концерт дӕр стыр бӕрӕгбоныл нымайынц.  Ноджы ма йӕм сӕ ныййарджыты дӕр  ӕрбахонынц.

“Мах сӕрыстыр стӕм нӕ хъомылгӕнинӕгтӕй. Сӕ иу — Абайты Артур. Гыццыл лӕппуйӕ нӕм цӕуын райдыта. Абон Дзӕуджыхъӕуы   Культурӕйы колледжы студент у.  Канд Алагиры фестивалы нӕ, фӕлӕ республикон ӕмвӕзады дӕр бирӕ конкурсты  рамбылдта. Хистӕркъласонтӕй  ӕртӕ чызгмӕ бӕрзонд хъӕлӕсы уаг рабӕрӕг. Ӕцӕг семӕ бакусын хъӕуы. Ныхас дӕр дзы нӕй, уый фӕстӕ сӕ цӕттӕ трио  рауайдзӕн, —  зӕгъы Зӕлинӕ.

Театралон аивадмӕ тырнындзинад алы ӕрыгон адӕймагмӕ дӕр равзӕры. Фӕлӕ сценӕйы фӕлгонц саразынӕн хӕдбындур курдиат хъӕуы. Артист Хуыбецты Зауыр ныртӕккӕ драмон къордӕн разамынд дӕтты. Уый раздӕр Ирон театры актер уыдис. Ныр та  режиссерӕй Хӕтӕлдоны Культурӕйы хӕдзары йӕ арӕхстдзинад  фӕлвары. Сывӕллӕттимӕ кусын ӕнцон нӕу, фӕлӕ суинаг куы уой, уӕд ӕндӕр хъуыддаг.

«Ӕрра фыййау»  хуыйндзӕн йӕ фыццаг спектакл. Мӕгуыр  лӕппу хъӕздыг хӕдзарӕй рацӕуӕг чызджы бауарзта. Уый раздӕр  хуымӕтӕджы хъуыддаг нӕ уыд. Стыр ӕвзарӕнтӕ баййӕфтой, бирӕ хъару сӕ бахъуыд. Фӕлӕ зӕрдӕты ӕнкъарӕнтӕ  ноджы тыхджындӕр рауадысты. Уый зӕгъы:

Пьесӕйы ис дыууӕ сӕйраг архайӕджы. Аивадон хихъӕппӕрисады дӕр лыстӕг хъуыддӕгтӕ ис. Дыууӕ уарзонӕй иуы  фӕлгонц сараздзӕн Цопанаты Сослан. “Чызджы ролмӕ та  Зауыры цӕст ӕртӕ кандидатурӕйыл ӕрхӕцыд. Кӕй хал дзы схаудзӕн, уый фӕстӕдӕр рабӕрӕг уыдзӕн”.

Битарты Светланӕ — Культурӕйы хӕдзары директор: «нӕ нысантӕ — бирӕ, нӕ размӕ нын цы хӕстӕ ӕвӕрынц, уыдон — бирӕвӕрсыг. Фӕлӕ нӕ уавӕртӕ сты мӕгуыргомау. Афтӕмӕй  дӕр нӕ культурӕйы артдзӕст у сыгъдӕг ӕмӕ райдзаст. Фидӕнмӕ Хӕтӕлдоны дӕр ног Культурӕйы хӕдзар кӕй сараздзысты,  уый нӕ уырны.»

Дзуццаты Къоста

Авторы ист къам

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here