Царды рындзӕй кӕсы  сӕрыстырӕй

0
434

Ӕнусмӕ ӕввахс кӕуыл цӕуы, ахӕм сылгоймаг Нартыхъӕуы кӕй цӕры, уый куы  базыдтам, уӕд нӕ бафӕндыд йемӕ  базонгӕ уӕвын. 99 азы чи фӕцард, уый куыд нӕ хъуамӕ бавзӕрстаид царды цӕлхъытӕ ӕмӕ амондджын рӕстӕджытӕ. Сӕттӕм ыл, уалдзӕджы йӕм уазӕгуаты куы цыдыстӕм, уӕд ӕнхъӕл уыдыстӕм, азтӕ сӕ уӕз кӕуыл ӕруагътой, ӕмӕ  сынтӕгӕй сыстынхъом чи нал у, ахӕм фӕкӕсынхъуаг адӕймаджы фендзыстӕм. Фӕлӕ йӕ цӕхӕрадоны хъӕдур садзгӕ куы баййӕфтам, уӕд нӕ дисӕн кӕрон нал уыд. Ацӕргӕ сылгоймаг ныл сӕмбӕлд цингӕнгӕйӕ.

Баскаты-Цопанаты Мисурхан райгуырд Куырттаты комы Зӕронд Дзуарыхъӕуы. Зын ӕмӕ ӕвадат рӕстӕджытӕм ӕрхаудтой йӕ сабидуг ӕмӕ ӕрыгоны бонтӕ. Хъысмӕт ын бирӕ бавзарын кодта зындзинӕдтӕ. Цы ма уа хӕстӕй ӕгъатырдӕр адӕймаджы царды! Уыцы рӕстӕджы Мисурхан медицинон хойӕ куыста, Куырттаты комы 13 хъӕуӕн цы иунӕг рынчындон уыд,уым, стӕй зӕхкусджытӕн ӕххуыс кодта колхозы быдыртӕ ӕфснайынмӕ дӕр. Йӕ хӕсыл нымадта рынчынӕн зӕрдӕтӕ авӕрын, ӕххуысхъуаг адӕймаджы фарсмӕ балӕууын, хистӕрӕн балӕггад кӕнын, кӕстӕры барӕвдауын. Хорз ма хъуыды кӕны, цӕф салдӕтты-иу сӕ рӕзты Хъобангоммӕ куы ластой, уӕд-иу сын йӕ зӕронд фыд ӕмӕ йе ‘мхъӕуккӕгтимӕ, кӕд сӕхӕдӕг дӕр ӕххормаг уыдысты, уӕддӕр ӕхсыр, цыхтытӕ, дзул  куыд хастой, уый.

— Нӕ салдӕттӕ Берлины сӕрмӕ Сырх тырыса сфӕйлауын кодтой, зӕгъгӕ, нӕм  хабар куы ‘рбайхъуыст, уӕд адӕмы цинӕн кӕрон нал уыд, цӕссыгкалгӕ кӕрӕдзийӕн хъӕбыстӕ кодтам. Уыцы бон колхозы ӕппӕты стырдӕр галтӕ  аргӕвстой, ӕмӕ ӕнӕхъӕн Куырттаты комы цӕрджытӕ  иумӕйаг куывд скодтой, — мысы Мисурхан.

Хӕсты фӕстӕйы азтӕ ӕххормаг уыдысты, фӕлӕ Мисурханыл ноджы тыхстдӕр рӕстӕг скодта, йӕ мой йӕ куы ныууагъта, ӕмӕ ӕхсӕз сывӕллонимӕ, иу иннӕмӕй къаддӕртимӕ, уынджы куы баззад, уӕд.  Лӕджы куыст уа, сылгоймаджы, сӕ уӕз иууылдӕр йе  уӕхсчытыл ӕрӕнцад. Йӕхи къухтӕй сарӕзта самандурӕй дыууӕуатон тъӕпӕнсӕр хӕдзар, фӕлӕ ӕхсӕз сывӕллоны хӕхты ӕвадат царды иунӕгӕй хъомыл кӕнын, хор амал кӕнын  ӕнцон нӕ уыд. Ӕмӕ 60 азты хуыздӕр цардагур Нартыхъӕумӕ ралыгъдысты бинонтӕ, ӕмӕ ам Мисурхан колхозы ныллӕууыд. Алы куыстмӕ дӕр арӕхсти, йе ‘ххуысы хай кӕм хъуыди, уырдӕм ӕй ӕнӕзивӕгӕй  хаста. Бирӕ азты фӕкуыста хъугдуцӕгӕй, хуыты фермӕйы, колхозы быдырты, алы хатт дӕр уыд раззагдӕртимӕ. Йе ‘нӕзӕрдӕхудт куысты тыххӕй йын  лӕвӕрд ӕрцыд арфӕйы гӕххӕттытӕ, хӕрзиуджытӕ ӕмӕ фӕллойы ветераны кадджын ном.

Мисурхан  хъӕубӕсты хистӕр у, цӕрджытӕ йӕ зонынц фыдӕбонджын, цӕстуарзон, ӕнӕхин, фӕллойуарзаг адӕймагӕй. Йе ‘хсӕз хъӕбулӕй ма абон сӕрӕгас сты ӕртӕйӕ. Ныкъкъахыртӕ ис мады зӕрдӕ, фӕлӕ йӕ маст ныхъуыргӕйӕ цӕры дарддӕр. Йӕ сабибонтӕй фӕстӕмӕ фыдӕбон кӕнын сахуыр ӕмӕ зӕрондӕй дӕр ӕнцой нӕ зоны.

Ацы аз дӕр та йӕ  зӕххы хайы иу гӕппӕл дӕр ӕнӕкуыст нӕ баззад. Адӕм се ‘ппӕт дӕр картоф нӕма ныссагътой, Мисурханӕн  та дидинӕг калы. Хъӕдындзтӕ, нурытӕ, алыхуызон басгӕрдӕджытӕ ӕмхуызонӕй цъӕх-цъӕхид дарынц, се ‘хсӕн иу кӕрдӕджы хал дӕр нӕй.

— Мӕ бон ӕнцад бадын нӕу. Цалынмӕ адӕймаг змӕлын фӕраза, уӕдмӕ хъуамӕ кусгӕ кӕна, фӕллой царды рухс у, — зӕгъы Мисурхан. — Ныртӕккӕ ме ‘нӕниздзинад фӕцудыдта, ӕмӕ мӕ бахъуыд мӕ хъом ауӕй кӕнын, нал сыл ӕххӕссын. Фӕлӕ мӕ цӕхӕрадоны мӕ бон ӕрзайын кӕнын цы у, уыдонӕн фидгӕ цӕмӕн хъуамӕ кӕнон. Мӕ чындз Лияйӕ бузныг дӕн, арӕх мӕм ӕрбауайы, аххуыс мын кӕны. 9 майы та мӕм скъоладзаутӕ ӕрбацыдысты, лӕвӕрттӕ мын ӕрбахастой, дидинджытӕ, сбуц мӕ кодтой, тынг ӕхсызгон мын уыди. Мӕ зӕрдӕ алкӕмӕн дӕр зӕгъы ӕнӕниздзинад, мӕ бӕрц царды бонтӕ, фӕлӕ ӕз цы тухитӕ федтон, уыдон макуы мачи бавзарӕд, нӕ кӕстӕртӕ та зӕрдӕрухс уӕнт, топпы гӕрах макуы фехъусӕнт.

Мисурхан кӕд йӕ кары бацыд ӕмӕ йын кӕд ӕнусы сӕрты ахизынмӕ  бирӕ нал баззад, уӕддӕр у уӕнгрог, цыргъзонд, ӕмӕ суанг йӕ цӕстытӕй дӕр худгӕ чи кӕны, ахӕм зӕрдӕмӕдзӕугӕ адӕймаг. Йӕ ныхас у аив, дзуры рӕсугъд ирон ӕвзагыл. Нӕ зӕрдӕ йын зӕгъы фидар ӕнӕниздзинад ӕмӕ зӕрдӕрухсдзинад.

Сихъоты Маринӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here