Ахсджиаг лӕвар — ног «Абетӕ»

0
383

Нӕ республикӕйы скъолаты фыццагкъласонтӕн радтой ирон ӕвзаджы ног чиныг «Абетӕ». Кусын ыл райдыдтой ацы аз мартъийы, чиныджы ис ӕртӕ хайы. Уырдӕм бахастой  ирон ӕвзаджы зӕлтӕ ӕмӕ дамгъӕтӕ сахуыр кӕныны 71 урочы, 15 сты «Кӕсыны уроктӕ», ӕртыккаг хай — «Ирон ӕвзаг» ахсы 12 урочы.

«Абетӕ» дзуапп дӕтты нырыккон ахуырадон стандарттӕн: у аив фӕлгонцгонд, ис дзы алыхуызон фӕлтӕрӕнтӕ ӕмӕ хӕслӕвӕрдтӕ, дзырдуат, ныхасыхъӕд сфидар кӕнынӕн дӕр — стыр ӕрмӕг, хъӕздыг у сфӕлдыстадон хӕслӕвӕрдтӕй ӕмӕ ӕндӕр алыхуызон мидисджын тексттӕй. Ахуырад ӕмӕ наукӕйы министрады национ хайады хицау Нӕкуысаты Иринӕ куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй ӕппӕт уыцы гӕнӕнтӕ фадат дӕттынц ног педагогон технологитӕ царды уадзынӕн, ахуыргӕнӕгӕн ӕнцондӕр у сывӕллӕтты ӕргом  ирон ӕвзагмӕ раздахын.

Ахуыргӕнӕн чиныджы фӕрцы лыггӕнӕн ис хъомылады, сабиты иумӕйаг рӕзты, ирон ӕвзаджы фонетикӕ, лексикӕ ӕмӕ грамматикӕйӕ зонындзинӕдтӕ райсыны ӕмӕ ӕндӕр фарстытӕ. Чиныгмӕ цы мидисджын уроктӕ хаст ӕрцыд, уыдоны фӕрцы сывӕллӕтты патриотизм зынгӕ фӕхъӕздыгдӕр уыдзӕн, аргъ кӕндзысты ӕндӕр адӕмты минӕвӕрттӕн, культурӕйӕн, сӕ дунеӕмбарынад фӕпарахтдӕр уыдзӕн, базонгӕ уыдзысты, бӕстӕйы алы кӕрӕтты чи цӕры, уыцы адӕмимӕ, ӕрдзимӕ, базондзысты бирӕ ногдзинӕдтӕ ӕмӕ ног ныхӕстӕ.

Куысты алы хуызтӕй пайда кӕнгӕйӕ, сывӕллӕттӕ фылдӕр бауарздзысты мадӕлон ӕвзаг, се ‘взаг хъӕздыгдӕр кӕндзӕн, бирӕ хъуыддӕгтӕ ӕнцондӕрӕй ӕмбардзысты, сӕ хъуыдыкӕнынад уыдзӕн иронау ӕмӕ суыдзысты ӕндӕр пайдайаг ӕууӕлты хицӕуттӕ. «Абетӕ», афтӕ зӕгъӕн ис, конд у национ-регионалон компонентӕй, уый та у ахуырады ӕмӕ хъомылады сӕйраг рахӕцӕн.

Гӕлӕуты Наталья

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here