Ирон адӕмы фарны мӕсыг

0
405

Ирыстоны кады мӕсыг Хетӕгкаты Къостайы райгуырды 160 азы сбӕрӕг кӕныны фӕдыл мадзал арӕзт ӕрцыд Комсомольскы хъӕуы. Бынӕттон Культурӕйы хӕдзары кусджытӕ бацӕттӕ кодтой ирон литературӕйы бындурӕвӕрӕджы уацмысты ӕмӕ йӕ конд нывты равдыст.

Комсомольскӕгтӕм уазӕгуаты ӕрцыдысты Ирыстоны Фысджыты цӕдисы ӕмсӕрдар Агънаты Гӕстӕн, фысджытӕ Дауыраты Дамир ӕмӕ Цгъойты Хазби. Фембӕлд байгом кодта ацы рӕнхъытӕ фыссӕг, ӕмбырды архайджыты базонгӕ кодта уазджытимӕ. Скъолайы ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ахуыргӕнӕг Дзиуаты Любӕ цыбырӕй радзырдта фысджытӕй алкӕмӕндӕр йӕ цард ӕмӕ сфӕлдыстадон фӕндаджы тыххӕй. Уыдон та сын лӕгъз нӕ уыдысты. Хӕсты хъӕбултӕ бавзӕрстой бирӕ зындзинӕдтӕ, фӕлӕ сӕ сӕрты уӕндонӕй ахызтысты. Разӕнгард сӕ кодта ахуырмӕ тырнындзинад, ӕртӕйӕ дӕр каст фесты уӕлдӕр скъолатӕ.

Фембӕлды архайджытӕн — скъоладзаутӕ, сӕ ныййарджытӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕн — уӕлдай ӕхсызгон уыдис, Дзиуаты Любӕ сӕ уазджытимӕ иу рӕстӕг ЦИПУ-йы кӕй ахуыр кодта, уый. Уымӕн сын-иу сарӕзтой тыхджын къухӕмдзӕгъд, сӕ алы ныхасмӕ дӕр сын хъуыстой стыр цымыдисӕй.

Хъӕуы цӕрджыты хистӕртӕй бирӕтӕ хъуыды кӕнынц Дауыраты Дамиры. Уый ивгъуыд ӕнусы ӕхсайӕм азты кӕрон куыста Кировы районы газет «Размӕ»-йы редакцийы. Бирӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ уацхъуыдтӕ ныффыста колхоз «Фӕскомцӕдисон»-ы механизаторты, фосдарджытӕ ӕмӕ иннӕ колхозонты ӕнӕзӕрдӕхудт фӕллойы тыххӕй. Фӕлӕ йӕ раныхасы фылдӕр кодта Къостайы кой.

— Йӕ цытджындзинад Иры бӕрзонд стъалыйӕн у ӕгӕрон, — дзырдта Дамир. — Стыр советон уырыссаг фыссӕг Александр Фадеев Къостайы тыххӕй фыста: «Дзырд дӕр ыл нӕй — Хетӕгкаты Къоста йӕхирдыгонау уыдис ирон адӕмы Леонардо да Винчи… Зӕронд Ирыстоны мылазон уавӕрты уыцы-иу рӕстӕг поэт дӕр у, прозаик дӕр, драматург дӕр, театралон архайӕг дӕр, нывгӕнӕг дӕр, публицист дӕр, ӕхсӕнадон архайӕг дӕр…». Уыцы ныхӕстӕ дӕр ӕгъгъӕд сты Иры уарзон хъӕбулы сурӕт ирдӕй равдисынӕн.

— Ӕвӕдза, ӕрмӕстдӕр стыр, домбай курдиаты хицауы къухы бафтдзысты ӕппӕт уыдӕттӕ, уымӕй дӕр, йӕ адӕмы ӕнӕкӕрон уарзтӕй чи уарзы, уымӕн, — Дамиры ныхас адарддӕр кодта Агънаты Гӕстӕн. — Иу классик афтӕ загъта: «Къостайы ном, куыд фӕзӕгъынц — «гыццыл» ирон адӕмы стыр поэты ном — бахаудзӕн Зӕххы къорийы ӕппӕтӕн зындгонд адӕймӕгты номхыгъдмӕ…». Ӕмӕ уӕвгӕ дӕр афтӕ рауад. Абон Къостайы сфӕлдыстадимӕ зонгӕ сты дунейы фылдӕр бӕстӕты. Уымӕн ӕмӕ йӕ рӕстӕджы нӕ мадӕлон литературӕ райрӕзынӕн сарӕзта бирӕтӕ. Мах ногӕй ницы ӕрхъуыды кӕндзыстӕм, Къоста уыдис ирон литературӕйы, ирон литературон ӕвзаджы бындурӕвӕрӕг.

Нӕ генийы юбилеймӕ Ирыстоны Фысджыты цӕдис Цӕгаты дӕр ӕмӕ Хуссары дӕр цӕттӕ кӕны бирӕ мадзӕлттӕ. Стыр ӕргом нӕм аздӕхта Цӕгат Ирыстоны Хицауад, фыццаджыдӕр, РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав. Уырны нӕ, нӕ нысантӕ нӕ къухы бафтдзысты.

Журналист, фыссӕг, Цӕгат Ирыстоны культурӕйы сгуыхт кусӕг Цгъойты Хазбийы ӕрмӕджытӕ газет «Рӕстдзинад»-ы чи нӕ бакаст, уый йӕхи ирон ма хонӕд. Иннӕ ахӕм йӕ чингуытӕ нӕ фыдӕлты ӕгъдӕутты тыххӕй. Ацы куырыхон лӕг дӕр йӕхи кой кӕнын нӕ уарзы. Фембӕлды йӕ раныхасы ӕрхаста Ирыстоны кадджындӕр хъӕбултӕй иу — Джусойты Нафийы ныхӕстӕ: «Иры хур ыскаст Нары».

— Къостайы тыххӕй уыйбӕрц загъд ӕмӕ фыст ӕрцыд, ӕмӕ мах ногӕй ницыуал ӕрхъуыды кӕндзыстӕм, — дзырдта Цгъойы-фырт. — Махӕн нӕ хӕс у нӕ рӕзгӕ фӕлтӕры Хетӕджы-фырты сфӕлдыстадимӕ базонгӕ кӕнын. Бамбарын сын кӕнын, Къоста ӕрмӕст поэт кӕй нӕ уыдис, ирон адӕмы зондахасты, Дзанайты Иваны (Нигеры) загъдау, уый у цавӕрдӕр тыхджын, цавӕрдӕр домбай аргъӕутты хъӕбатыр. Ӕмӕ йӕ ахӕмӕй ӕвдисынц адӕмон зарджыты ӕмӕ таурӕгъты. Стыр уырыссаг фыссӕг Петр Павленко та йӕ схуыдта адӕмон хъӕбатыр, йӕ зарӕггӕнӕг ӕмӕ рыцар: йӕ ном сси ирон поэзийы историйы райдайӕн…

Уазджытӕ ӕмӕ фысымтӕ цымыдисӕй бакастысты, Культурӕйы хӕдзары хихъӕппӕрисадон къорды ӕрыгон архайджытӕ цы чысыл, фӕлӕ мидисджын концерт равдыстой, уымӕ. Стӕй азӕлыдысты Къостайы ӕмдзӕвгӕтӕ, кастысты сӕ скъоладзаутӕ. Алкӕуыл дӕр дзы ӕмбӕлдысты тыхджын къухӕмдзӕгъдимӕ.

Уазджытӕн ма иу хатт арфӕ ракодтой хъӕуы сӕргълӕууӕг Аулохты Валери, скъолайы директор Кобесты Маринӕ, хъӕуы Ныхасы сӕрдар Габойты Руслан, чиныгдоны сӕргълӕууӕг Мерденты Римӕ.

КЪУБАЛТЫ Солтан,

журналист, Цӕгат Ирыстоны культурӕйы сгуыхт кусӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here