Газет «Рӕстдзинад»-ы фыццаг номыр рухсмӕ фӕзынд 1923 азы 14 мартъийы Дзӕуджыхъӕуы. Уыцы рӕстӕджы национ интеллигенцийы хуыздӕр минӕвӕрттӕ, сӕ хъарутыл нӕ ауӕрдгӕйӕ, ӕххуыс кодтой, цӕмӕй газет ирон ӕвзагыл цӕуа — зынгзӕрдӕ революционер-демократ, ирон литертурӕйы классик, йӕ фыццаг редактор Гӕдиаты Цомахъ, фысджытӕ ӕмӕ ӕхсӕнадон архайджытӕ Барахъты Гино, Гулуты Андрей, Малиты Георги, Коцойты Арсен, Косыраты Сӕрмӕт, Бутаты Хъазыбег, Мамсыраты Саханджери, Брытъиаты Цӕра ӕмӕ бирӕ ӕндӕртӕ. Уыдоны архайдӕй бындур ӕвӕрд ӕрцыд газет «Рӕстдзинад»-ы намысджын традицитӕн, сӕ фӕрцы сси ирон адӕмы национ исбон.
Сӕдӕгай ӕмӕ суанг мингай бархи ӕхсӕнадон уацхӕсджытӕ Ирыстоны алы рӕттӕй фыстой редакцимӕ сӕ мӕт, сӕ сагъӕсты, сӕ зындзинӕдтӕ ӕмӕ циндзинӕдты тыххӕй. Уымӕй редакцийӕн уыдысты, аргъ кӕмӕн нӕй, ахӕм ӕххуысгӕнджытӕ.
Газет «Рӕстдзинад» йӕ фыццаг бонтӕй фӕстӕмӕ сси Ирыстоны историйы азфыссӕг ӕмӕ ног царды арӕзтады архайӕг, республикӕйы экономикон ӕмӕ ӕхсӕнадон-политикон рӕзтыл ахадгӕйӕ.
Ирыстоны царды ӕппӕт ахсджиаг цаутӕ, арӕзтӕдтӕ (Джызӕлдоны ГЭС, Беслӕны хоры комбинат, заводтӕ, фабриктӕ…), промышленнон ӕмӕ хъӕууонхӕдзарадон арӕзтады къӕпхӕнтӕ, ӕппӕт лыггӕнинаг фарстытӕ ӕмӕ зындзинӕдтимӕ аккаг хуызы зындысты газеты фӕрстыл.
Газет стыр бавӕрӕн бахаста республикӕйы цардмӕ, паддзахадон арӕзтадмӕ, национ паддзахадондзинады рӕзтмӕ, демократон сӕрибарадтӕ ӕмӕ бартӕ хъахъхъӕныны, ирон адӕмы иудзинады, ӕппӕт адӕмтимӕ хӕлар сыхӕгтӕй цӕрыны хъуыддагмӕ.
Республикӕйы хӕдзарадон ӕмӕ культурон арӕзтады рӕзтмӕ стыр бавӕрӕн бахӕссыны тыххӕй газет «Рӕстдзинад»-ӕн 1973 азы лӕвӕрд ӕрцыд Кады Нысаны орден.
Газет «Рӕстдзинад» ирон адӕмы национ хиӕмбарынады, национ культурӕйы, литературӕ ӕмӕ аивады, адӕмы хуыздӕр традицитӕ бахъахъхъӕныны ӕмӕ рӕзын кӕныны хъуыддагмӕ цы бавӕрӕн бахаста, уымӕн аргъ нӕй.
80 азы дӕргъы газет ӕнӕрхъуыдыйӕ нӕ ныууагъта йӕ республикӕйы ӕхсӕнадон-политикон царды иу цау дӕр, ирон аивады иу зындгонд архайӕг дӕр ын рохуаты нӕ баззад. Газет национ культурӕйы рӕзтмӕ цы бавӕрӕн хӕссы, уый иугай хъуыддӕгтӕй, афӕдзы бӕрӕггӕнӕнтӕй баргӕ нӕу, культурӕйы ӕнтыстджынӕй кусы бындур ын сӕвӕрынӕй фӕстӕмӕ.
Национ культурӕйы бындур ирон ӕвзаг у ӕмӕ уый хъахъхъӕнӕг кӕй у, йӕ уыцы архайдӕн та бынтон аргъ нӕй. ӕвзагыл ӕнувыддзинад у газет «Рӕстдзинад»-ы сӕрмагонд хӕрзиуӕг. Нацийы цард национ ӕвзаджы цардхъомысӕй кӕй у, афтӕ ма хъуыды кӕнынӕн ӕй ницавӕр экономикон зындзинӕдтӕ басастой.
1928 азӕй, республикӕйы иу журнал дӕр ирон ӕвзагыл куы нӕма цыд, уӕддӕр газет «Рӕстдзинад» зӕрдиагӕй мыхуыр кодта райдайгӕ авторты уацмыстӕ, ӕмӕ уымӕй зындгонд фысджыты ӕмӕ журналистты иу ӕмӕ дыууӕ фӕлтӕры не схъомыл кодта. Газеты фӕрстыл мыхуыргонд цыдысты Хъамбердиаты Мысосты, Дзесты Куыдзӕджы, Мамсыраты Дӕбейы, Епхиты Тӕтӕрийы, Бесаты Тазейы, Цӕгӕраты Максимы, Плиты Грисы, Хъайтыхъты Георы, Токаты Асӕхы ӕмӕ ӕндӕр фысджыты уацмыстӕ. Газет «Рӕстдзинад» уыцы традицийыл хӕст у абон дӕр, ӕмӕ ахъаз уыцы традицийыл хӕст у абон дӕр, ӕмӕ уымӕй ахъазгӕнӕг у ирон литературӕйы дарддӕры рӕзтӕн.
Йӕ равзӕрынӕй абонмӕ газет «Рӕстдзинад» уӕлдай тынгдӕр йе ‘ргом здӕхта ӕмӕ здахы абон дӕр ирон адӕмы намысджын фырт Хетӕгкаты Къостайы сфӕлдыстадмӕ. Хетӕгкаты Къостайы темӕ «Рӕстдзинад»-ы ӕппӕт фӕлтӕрты журналисттӕн дӕр у табуйаг. Ӕмӕ уыдонӕй бирӕтӕ хъуамӕ сӕрӕстыр уой, газеты фӕрстыл ирон литературӕйы бындурӕвӕрӕджы цард, ӕхсӕнадон архайд ӕмӕ сфӕлдыстадон бынты тыххӕй хуыздӕр ӕрмӕджытӕ ныммыхуыр кӕнынӕн бынат кӕй ссарынц, уымӕй.
2000 азы газет “Рӕстдзинад”-ӕн саккаг кодтой Хетӕгкаты Къостайы номыл преми.
ТЕДТОЙТЫ Зинаидӕ














