Уынайлаг цыхт

0
348

Республикӕйы агропромышленнон комплексы дарддӕры рӕзтӕн цы мадзӕлттӕ конд цӕуы, уыдонӕй фосдарынадӕн хорз ӕххуыс сты проектон офисы  паддзахадон программӕтӕ.

Проект «Хӕххон фӕзуаты райрӕзт»-ы фӕрцы республикӕйы Хицауад ӕмӕ РЦИ-Аланийы Хъӕууон хӕдзарады министрады ӕххуысӕй Уыналы  аразынц куыстуат «Аланийы продукт».

— Алы ӕнтыст дӕр бӕрнондзинадӕй райдайы, национ проектты архайгӕйӕ та лыстӕг хъуыддӕгтӕ нӕй. Ис нын бӕлвырд нысантӕ, уымӕ гӕсгӕ  ӕппӕт ӕмгъуыдтӕ дӕр хъуамӕ ӕххӕстгонд ӕрцӕуой. Нӕ зӕрды ис, ӕхсыры куыст кӕм кӕндзыстӕм, ахӕм куыстуат Уыналы байгом кӕнын. Хӕрзмыггаг стурвос балхӕндзыстӕм ӕмӕ сӕ  чысыл фермӕтыл  байуардзыстӕм. Ацы куыстмӕ арӕхстдзинад чи равдисдзӕн, ахӕм адӕм ис Нузалы, Зынцъары, ӕрхоны, Тиб ӕмӕ Уыналы. Ӕдӕппӕтӕй 16 хӕдзарады. Чи зоны, быдыры хъӕутӕй дӕр ласӕм ӕхсыр, куы бахъӕуа, уӕд. Ис нӕм сӕрмагонд ӕхсырласӕн машинӕтӕ. Ӕхсыры цехы цы ног ифтонггӕрзтӕ уыдзӕн, уыдонӕн дӕр сӕ иу хай ӕлхӕд у. Ӕппӕт  хъуыддӕгтӕн, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕхцайы фӕрӕзтӕ бахъӕудзӕн. Паддзахад нын радих кодта 12 милуан сомы, 8 милуаны та нӕхи фӕрӕзтӕ сты, — зӕгъы проекты разамонӕг Цӕгӕраты Руслан.

Йемӕ фембӕлдыстӕм, арӕзтадон куыстытӕ кӕм цӕуынц ӕмӕ тагъд рӕстӕг ног бӕстыхай кӕм сырӕздзӕн, уыцы бынаты. Аразджыты бригад зӕрдӕ ӕвӕры, афӕдзы кӕронмӕ куыстытӕ кӕй фӕуыдзысты, уымӕй.

— Ирон хӕрзад, сойджын цыхтӕн ӕлхӕнӕг ис кӕддӕриддӕр. Бонмӕ-иу нӕ цехы бакусдзыстӕм фондз тоннӕйы бӕрц ӕхсыр, фыццаджыдӕр, кӕндзыстӕм цыхт, стӕй ӕндӕр продукци, уымӕн ӕмӕ ирон чъиритӕ ныртӕккӕ ӕрмӕст Ирыстоны нӕ, фӕлӕ бирӕ регионты кӕнынц. Уӕй йӕ кӕндзыстӕм, цы ӕфтиӕгтӕ нӕм цӕуа, уыдонӕй та нӕ куыстуаты райрӕзтыл архайдзыстӕм.

Ныридӕгӕн бадзырдтӕ бафыстам Уӕрӕсейы базарадон компанитимӕ. Райдайӕны уал балхӕндзыстӕм 180 хӕрзмыггаг стуры, стӕй ма сыл бафтдзӕн. Нӕ чысыл фермӕты уыдзӕн фӕйнӕ 30 хъуджы. Уыдонӕй ӕхсыр ӕлхӕндзыстӕм базары аргъӕй. Хӕхбӕсты цӕрӕг 30 адӕймагӕн фӕзындзӕн куысты бынӕттӕ. Афтӕмӕй фылдӕр адӕм сӕхи бавзардзысты чысыл амалхъомады.

Нӕ куысты сӕйраг нысан у хӕрзхъӕд ӕмӕ хӕрзад цыхт кӕнын. Кӕд  нӕ хъуыддӕгтӕ фӕрӕстмӕ уой, уӕд ацы проект дарддӕр ахӕццӕ кӕндзыстӕм  ӕрӕфы ӕмӕ Горӕтгӕрон районты. Фӕнды нӕ, цӕмӕй хӕхбӕстӕм ногӕй цард раздӕха, — йӕ сӕйраг бӕллиц нын раргом кодта Руслан.

Гугкаты Жаннӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here