Ӕмвӕнд, ӕмудӕй — фӕрныгдӕр фидӕнмӕ

0
587

Бӕрӕгбонтӕн ахсджиаг сӕ нымӕц нӕу, фӕлӕ цы мидис хӕссынц, цы ахадындзинад ын ис, уый. Уӕрӕсе, иу кӕронӕй иннӕмӕ, Адӕмон иудзинады бӕрӕгбонӕн кад кӕны. Ӕмхуызонӕй йыл кӕд нӕма сахуыр стӕм, уӕддӕр нын нӕ зӕрдӕтӕ тавы, рухс кӕны, ӕмбӕстӕгтӕ, иу паддзахады граждӕнтӕ кӕй стӕм, куы бахъӕуа, уӕд йӕ тырысаты бын кӕй ӕрлӕудзыстӕм, уый.

Ӕнусты размӕ, 1612 азы 4 ноябры, Кузьма Минин ӕмӕ Дмитрий Пожарскийы разамындӕй хӕдӕфсӕдтӕ тыхджын ныхкъуырд радтой польшӕйаг ӕрбабырсджытӕн, Мӕскуы суӕгъд кодтой ӕддагон лӕбурджытӕй. Уӕд Уӕрӕсе аныгъуылд змӕст рӕстӕджы ахасты, фӕлӕ ӕддагон знӕгты ныхмӕ адӕмы иудзинад кӕрон скодта ӕбӕрӕг мидӕггаг цардӕн дӕр. Истори куыд ӕвдисы, афтӕмӕй дзыллӕты уды сконды хуыздӕр миниуджытӕ ӕнусты дӕргъы нӕ баихсыдысты, нӕ атадысты.

Хуыздӕр ӕмӕ бӕллиццагдӕр цардарӕзты архайгӕйӕ, советон адӕмы 1941 азы бахъуыд сӕ кусӕнгӕрзтӕ хотыхтӕй раивын. Афтӕ чи ӕнхъӕлдта, цыбыр рӕстӕгмӕ Советон Цӕдисы бирӕнацион адӕмы сӕ уӕрджытыл ӕрлӕууын кӕндзӕн, уыцы фашисттӕ нӕ адӕмӕй райстой бӕрзӕйсӕттӕн цӕф. Иудзинады тых, Фыдыбӕстӕмӕ уарзондзинад фӕуӕлахиз гӕрзифтонг ӕппӕт хуызты хӕцӕнгарзӕй ӕххӕст знагыл. Кӕуылты у дзыллӕйы хъомыс! Уӕлдайдӕр рӕстаг хъуыддӕгтӕ аразӕг, йӕ сӕрибардзинады сӕраппонд цард раттынмӕ цӕттӕ дзыллӕйы уды хъомыс!

Уӕрӕсейы цӕрджыты хистӕр фӕлтӕр йӕ барӕнтӕ нал аивдзӕн, уыдонӕн ноябр, комкоммӕ — 7 ноябр уыд ӕмӕ уыдзӕн Цытджын Октябры революциимӕ, 1941 азы Мӕскуыйы Сырх фӕзы, хӕстон парадимӕ баст. Ӕрыгӕттӕ та историон цаутӕн, фыдӕлты хъӕбатырдзинадӕн кад кӕнгӕйӕ, хъуамӕ базоной Адӕмон иудзинады бӕрӕгбоны уд, ӕууӕнк, хъару, ӕнкъарӕнтӕ, хъӕппӕрис бавӕрын. Уӕд ын аргъ кӕнын дӕр базондзысты. Стыр Уӕлахизы бӕрӕгбоны ӕмрӕнхъ цы ӕрӕвӕрӕм, уый нӕм цыма нӕма ис, фӕлӕ кӕддӕр Кузьма Минин, Дмитрий Пожарский хуымӕтӕг адӕмимӕ Уӕрӕсе куы нӕ бахъахъхъӕдтаиккой, уӕд нын хъысмӕт цытӕ бавзарын кодтаид, уый чи зоны?

Дзыллӕтӕ куы сфӕнд кӕной —

Ихын хох дӕр атайдзӕн,

Адӕмтӕ куы сфӕнд кӕной —

Стыр фӕндаг дзы рауайдзӕн…

Фыццаг бакастӕй хуымӕтӕг, фӕлӕ йӕ мидисмӕ гӕсгӕ арф философон хъуыды ӕмбӕхст ис поэт Цӕгӕраты Гигойы ацы рӕнхъыты. Кӕрӕдзи ӕмбаргӕйӕ, рӕсугъд цард ӕмӕ бӕллиццаг фидӕн аразгӕйӕ, стыр фӕндагыл цы адӕмтӕ цӕуынц, уыдон сӕ паддзахадӕн сты ныфс, сӕхӕдӕг дӕр дзы уӕндон ӕмӕ ныфсджын сты. Хъысмӕт та хивӕнд у, ивгъуыд ӕнусы 90 азты та былгӕрон, сӕрсӕфӕнӕй хауӕгау уыдыстӕм. Фӕлӕ нӕ историон фӕлтӕрддзинад цӕуылдӕрты сахуыр кодта, кӕд чысыл ӕмӕ стыр къуылымпытимӕ, уӕддӕр архайӕм ног Уӕрӕсейӕн бындур аразыныл.

Адӕмон иудзинады бӕрӕгбоныл Уӕрӕсейы иу хай — нӕ уарзон Ирыстон дӕр ӕмбӕлы райгондӕй, хъуыддӕгтыл дысвӕлдӕхтӕй архайгӕйӕ. Нӕ бирӕнацион адӕм сӕ зӕрдӕтӕм хӕстӕг райстой республикӕйы разамынды рӕстаг хъӕппӕристӕ. Кӕмӕн йӕ бон цы ран у, уым балӕууыд цардарӕзты, хуыздӕрӕрдӕм ивддзинӕдтимӕ баст хъуыддӕгтыл. Иудзинад ныхӕстӕ ӕмӕ арфӕтӕй нӕ сырӕзы, фидаргонд цӕуы социалон, экономикон, политикон, культурон нывылдзинадӕй. Адӕмы фӕндӕттӕ ӕмӕ республикӕйы разамынды нысантӕ кӕрӕдзи ссардтой, дзыллӕйы ныхас, сагъӕс фехъуыстысты чиновниктӕм.

Сусӕггаг нӕу, адӕмы раздӕрау тыхсын кӕны, социалон ӕгъдауӕй ӕмбар кӕй не сты. Ӕхсӕнад дыууӕ дихы — хъӕздгуытӕ ӕмӕ мӕгуыртыл — кӕй фӕцис, уый; гыццыл мызд, ӕгуыстдзинад. Сусӕггаг нӕу уый дӕр, ӕмӕ республикон, федералон ӕмвӕзады цы гӕнӕнтӕ ӕмӕ фадӕттӕ ис, уыдонӕй уавӕр банывыл кӕныныл архайд цӕуы. Адӕм сӕ фӕразондзинад ӕвдисынц, цӕттӕ сты куысты уӕлхъус балӕууынмӕ. Ис сӕм хъӕппӕристӕ, тырнындзинад, уый та ӕвдисы ӕхсӕнады иумӕйаг зондахаст.

Арӕх афтӕ райхъуысы, ома, Ирыстон ӕрдзон хӕзнатӕй, авналӕнтӕ ӕмӕ фадӕттӕй хъӕздыг у. Фӕлӕ йӕ сӕйраг хӕзна сты йӕ адӕм, йӕ бирӕнацион дзыллӕ. Нӕ республикӕ бирӕ адӕмыхӕттытӕн ссис райгуырӕн уӕзӕг, нӕ йыл ивынц сӕ зӕрдӕтӕ, сӕрыстырӕй фӕзӕгъынц, ӕз ирыстойнаг дӕн, зӕгъгӕ. Ахӕм ӕнкъарӕнтӕ, ӕмбарынад иу  кӕнӕ дыууӕ бонмӕ не ‘рфидар вӕййы. Уый у ӕнусон фӕтк, зӕрдӕхӕлар, ӕргом, ирон адӕм ӕхсызгонӕй сӕмбӕлынц ӕрбацӕуӕгыл, бахъуаджы рӕстӕг ӕмхуызонӕй йӕ фарсмӕ балӕууынц. Афтӕмӕй нӕм фидаргӕнгӕ цӕуы цӕгатирыстойнаджы зондахаст.

Адӕмон иудзинад цы у, уымӕн алкӕмӕ дӕр ис йӕхи хатдзӕг, фӕлӕ ӕмудӕй, кӕрӕдзийӕн аргъгӕнгӕйӕ цӕрын, иумӕйаг хъуыддӕгты ӕмхуызонӕй кусын — хуымӕтӕг, фӕлӕ кадджын хӕс. Алы бон дӕр кӕй ӕххӕст кӕнӕм, ахӕм хӕс. Уым ис нӕ иудзинад.

Бутаты Эльзӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here