Знон Цӕгат Ирыстоны Хетӕгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты зонадон библиотекӕйы раз кадджын уавӕры байгом номдзыд ирайнаг поэт, кадӕг «Шахнамэ»-йы автор Фирдоусийы цыртдзӕвӕн.
Йӕ байгом кӕныны архайдтой РЦИ-Аланийы Хицауады бӕрнон кусджытӕ, ЦИПУ ӕмӕ Абайты Васойы номыл гуманитарон ӕмӕ социалон иртасӕнты институты ахуыргӕндтӕ ӕмӕ студенттӕ.
— 2016 азӕй ЦИПУ ӕмӕ Алламе Табатабаийы номыл ирайнаг университеты ‘хсӕн ис фидар зонадон ӕмӕ ахуырадон бастдзинӕдтӕ. Афтӕ кӕй у, уымӕн хорз ӕвдисӕн абоны хорз хъуыддаг. Ныр та нӕ фидар ныфс ис, ирон адӕмы номдзыд хъӕбул Хетӕгкаты Къостайы бюст хӕстӕгдӕр рӕстӕг кӕй байгом уыдзӕн Ираны университеты, — йӕ ныхасы банысан кодта УФ-йы Президенты цур РЦИ-Аланийы ӕххӕстбарджын минӕвар — РЦИ-Аланийы Хицауады Сӕрдары хӕдивӕг Дзанайты Барис.
Цыртдзӕвӕн байгом кодтой Дзанайты Барис ӕмӕ ЦИПУ-йы Президент, историон наукӕты доктор, профессор Мӕхӕмӕтты Ахуырбег. Ацы кадджын цауы фӕдыл ма сӕ хъуыдытӕ ӕмӕ зӕрдиаг фӕндиӕгтӕ загътой Ираны минӕвар УФ-йы Мехди Санади ӕмӕ ЦИПУ-йы Президент Мӕхӕмӕтты Ахуырбег.
Гасанты Валери
Къамтӕ систа КЪӔБЫСТЫ Харитон















