Сабитӕ, бинонтӕ, ацӕргӕ адӕм…

0
541

Национ проект «Демографи» царды рауадзыныл архайгӕйӕ, Цӕгат Ирыстон ӕххӕст кӕны йӕ фондз проекты. Уыдонӕй у «Сывӕллӕтты райгуырды фӕдыл финансон ӕххуыс кӕнын».

Дзуапп ыл дӕтты Фӕллой ӕмӕ социалон рӕзты министрад. Проекты фӕрцы хъуамӕ 2024 азы гуырынады иумӕйаг коэффициент республикӕйы 1,891 онг схиза.

Зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ федералон центрмӕ цы рагагъоммӕйы бӕрӕггӕнӕнтӕ лӕвӕрд ӕрцыд, уыдон ӕгӕр бӕрзонд разындысты. Цы тӕссагдзинӕдтӕ ӕвзӕры, уыдон нымад не ‘рцыдысты. Рохуаты баззад, 1990 азты, гуырынады бӕрц тынг ныллӕг кӕй уыд ӕмӕ ныртӕккӕ сабитӕм кӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уыцы сылгоймӕгты гуырахст гыццыл кӕй у, уый. Уымӕ гӕсгӕ, ӕвӕццӕгӕн, гуырынады иумӕйаг коэффициент сфидар кӕныныл ногӕй куыст цӕудзӕн.

Иннӕ нысантӕ дзӕбӕх ӕнтысынц, 2019 азӕн сын лӕвӕрд ӕрцыд 602 188,90 мин сомы. Фыццаг саби кӕмӕ фӕзынд, кӕнӕ йӕ исгӕ чи ракодта, ахӕм ӕххуысхъуаг бинонтӕн алы мӕй дӕр федералон бюджетӕй бафидынц 9,5 мин сомы. Рагагъоммӕйы бадзырдмӕ гӕсгӕ хъуамӕ фиддонтӕ фӕхӕццӕ уыдаиккой1314 бинонтӕм, ӕххӕсгӕ та акодтой 2225 бинонтыл.

Ацы аз октябры онг бафыстӕуыд 253057, 31 мин сомы. Ӕртыккаг ӕмӕ фылдӕр сабиты райгуырды фӕстӕ, цалынмӕ сыл ӕртыгай азтӕ сӕххӕст уа, уӕдмӕ алы мӕй дӕр бинонтӕн фидынц фӕйнӕ 9,9 мин сомы. Кӕд 998 бинонтыл хъавыдысты аххӕссын, уӕд къухы бафтыд 3176 бинонтӕм ӕххуысы мадзӕлттӕ фӕхӕццӕ кӕнын. Ныронг уал бафыстӕуыд 256 166,33 мин сомы. Уыдонӕй 238 458,81 мин сомы сты федералон бюджетӕй, иннӕтӕ та — республикӕйы бюджетӕй.

Республикӕйы бюджетӕй ма сывӕллӕтты райгуырды тыххӕй бинонтӕн ӕндӕр ӕххуысы мадзӕлттӕ дӕр конд цӕуынц. Уыцы-иу рӕстӕг ӕртӕ ӕмӕ фылдӕр сывӕллӕттӕ кӕмӕн райгуыры, уыцы бинонтӕн цӕрӕнуӕттӕ райсыны тыххӕй радих кӕнынц субсидитӕ. Ацы аз уыцы нысанӕн бюджеты бавӕрдтой 7,2 милуан сомы, 18 июлы цыппар бинонтӕ систы ахӕм субсидиты хицӕуттӕ. Фарон йӕ тыхы бацыд, дыууӕ ӕмӕ фылдӕр сывӕллӕттимӕ бинонтӕн ипотекон ӕфстау 6 проценты ныхмӕ дӕттыны программӕ. Уыимӕ, цас фылдӕр сывӕллӕттӕ фӕзына бинонтӕн, уыйас рогдӕр ӕмӕ ӕнцонархайддӕр кӕнынц ӕфстӕуттӕ дӕттыны ӕмӕ фидыны домӕнтӕ.

Фӕллой ӕмӕ социалон рӕзты министрад бӕрнон у проект «Хистӕр фӕлтӕр» ӕххӕст кӕнынӕн дӕр. Нысантӕм гӕсгӕ хъуамӕ ацы азӕй 2024 азмӕ цӕрджыты ӕрдзон рӕзт схӕццӕ уа 2600 адӕймагмӕ ӕмӕ фӕцӕрыны кар фӕфылдӕр уа 72 азӕй 80 азмӕ. Уыцы хъуыддӕгтӕн ацы аз дихгонд ӕрцыд 33230, 23 мин сомы. Сӕ кар 65 азӕй кӕмӕн фӕфылдӕр, уыцы хъӕуккаг цӕрджыты дзӕбӕхгӕнӕн кусӕндӕттӕм ласыны тыххӕй ацы аз балхӕдтой аст автомашинӕйы.

Конд ӕрцыд тагъд змӕлӕг ӕмӕ архайӕг бригадӕтӕ, уыдон цӕттӕ сты хистӕр адӕмы поликлиникӕтӕм ласынмӕ. Се ‘рвылбоны царды, сӕ кармӕ, се ‘нӕниздзинадмӕ гӕсгӕ сӕхимӕ базилынхъом чи нал у, цавӕрдӕр хӕдзарадон зилӕнтӕ кӕмӕн нал ӕнтысынц, уыдоны иумӕйаг уавӕр фӕхъӕддыхдӕр кӕныны охыл республикӕйы бавнӕлтой сӕрмагонд службӕ фидар кӕнынмӕ. Ныридӕгӕн ӕххуысы кабинеттӕ (гериатрион ӕххуыс) байгом Дзӕуджыхъӕуы 1-ӕм, 4-ӕм ӕмӕ 7-ӕм поликлиникӕты.

Дӕргъвӕтин рӕстӕг чи бацахсдзӕн, ацӕргӕ адӕм, инвалидтӕм зилыны тыххӕй, ахӕм проекты 2020 азы бацархайыны охыл РЦИ-Аланийы бацӕттӕ кодтой мадзӕлттимӕ пълан. Социалон лӕггӕдты организациты цы хистӕр кары адӕм цӕры, уыдонӕн пневмококкы инфекцийы ныхмӕ хостӕ кӕнынмӕ бавнӕлдтой. Ацы аз вакцинӕ скодтой 110 адӕймагӕн, уый у пъланмӕ хаст бӕрӕггӕнӕн.

Проектмӕ хаст нысантӕ афойнадыл ӕххӕстгонд ӕрцӕудзысты.

Фӕллой ӕмӕ социалон рӕзты министрады пресс-службӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here