Боны фӕткы — мӕгуырдзинадимӕ тохы программӕ

0
358

РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеславы разамындӕй уыд республикӕйы Проектон офисы радон ӕмбырд. Министрадтӕ ӕмӕ ведомствӕты бӕрнон кусджытӕ кӕм архайдтой, уыцы ӕмбырды ӕркастӕуыд мӕгуырдзинадимӕ тохы программӕ ӕххӕст кӕнынмӕ.

Фарсты фӕдыл сӕйраг доклад скодта фӕллой ӕмӕ социалон рӕзты министр Хуыбиаты Барис. Министры ныхасмӕ гӕсгӕ, программӕйы фӕлварӕн проект ӕххӕст кӕнын райдыдтой Рахизфарсы районы Раздзоджы хъӕуы. Фыццаг къӕпхӕны проекты мадзӕлттӕ аххӕсдзысты 16 бинонтыл. Уыдонӕй уал 14 бинонтӕ ныридӕгӕн фӕндон равдыстой дуцгӕ хъуццытӕ райсыны тыххӕй. Абоны онг уал 6 бинонты ‘хсӕн байуӕрстой 10 хъуджы, хӕстӕгдӕр рӕстӕг ма иннӕ 8 бинонтӕн ратдзысты 15 стуры.

— Абоны онг ӕппӕт хъӕугӕ документтӕ дӕр бацӕттӕ кодтам, стуртӕ райсыны фӕнд чи равдыста, уыцы бинонтимӕ социалон бадзырдтӕ бафыстам, — радзырдта Хуыбиаты Барис.

Уыцы мадзӕлттӕ хорзыл банымайгӕйӕ, ӕмбырды архайджытӕ куыд фӕнысан кодтой, афтӕмӕй фӕуӕрӕхдӕр кӕнын хъӕуы цыбыркъух бинонтӕн бӕлвырд ӕххуысы мадзӕлтты географи. Зӕгъӕм, куыд нысангонд цӕуы, афтӕмӕй программӕйы проекттӕй иу ӕххӕстгонд ӕрцӕудзӕн Мӕздӕджы районы цӕрӕнбынӕттӕй иуы.

Уыимӕ, фӕндон бахастӕуыд, цӕмӕй дуцгӕ хъуццытӕ байуарой Алагиры районы хӕххон хъӕутӕй иуы цӕрджытӕн дӕр. Хъуыддаг уый мидӕг ис, ӕмӕ Алагиры районы Уыналы хъӕумӕ ‘ввахс арӕзт цӕуы ӕхсыргуыстгӕнӕн цех. Проектмӕ гӕсгӕ, уым кӕндзысты цыхт, ӕхсырыцъӕрттӕ, нӕлхӕ ӕмӕ ӕхсыры ӕндӕр продукттӕ. Уыцы ӕууӕл хынцгӕйӕ, куыстуаты иудадзыгдӕр хъӕудзӕн экологон сыгъдӕг хомаг.

Ӕмбырдӕн хатдзӕгтӕ кӕнгӕйӕ, Битарты Вячеслав куыд фӕнысан кодта, афтӕмӕй Фӕллой ӕмӕ социалон рӕзты министрад иудадзыгдӕр йӕ цӕст лӕмбынӕг хъуамӕ дара, мӕгуырдзинадимӕ тохы программӕйы фӕлварӕн проекттӕ куыд ӕххӕстгонд цӕуынц, уымӕ. «Уыимӕ, хъуамӕ афойнадыл фидаргонд цӕуа, программӕйы фӕлгӕты цы мадзӕлттӕ нысангонд уа, уыдоны бюджет. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, цыбырдӕр ӕмгъуыдтӕм хъуамӕ бӕлвырдгонд ӕрцӕуа, программӕйы мадзӕлттӕ кӕуыл аххӕсдзысты, уыцы бинонты номхыгъд дӕр», — бафиппайдта республикӕйы разамонӕг.

Проектон офисы ӕмбырды архайдтой ӕмӕ сӕ фӕндӕттӕ бахастой республикӕйы Хицауады Сӕрдар Тускъаты Таймураз, вице-премьертӕ Сӕбӕтхъуаты Ӕхсарбег, Фадзайты Ӕхсарбег ӕмӕ Иринӕ Азимова, экономикон рӕзты министр Томайты Хъазыбег, хъӕууон хӕдзарады ӕмӕ хойраджы министр Уазиты Хъазыбег, РЦИ-Аланийы Парламенты профилон комитеты сӕрдар Реуазты Ларисӕ ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны Рӕзты агентады бӕрнон кусджытӕ.

РЦИ-Аланийы Сӕргълӕууӕджы ӕмӕ Хицауады пресс-службӕ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here