Бӕстӕйы дарддӕры райрӕзты нысантӕ

0
281

Ивгъуыд къуырийы кӕрон Дагестаны йӕ куыст кодта Цӕгат Кавказы дзыллон информацийы фӕрӕзты минӕвӕртты ӕрвылазон форум. Иннӕ цӕгаткавказаг регионты минӕвӕрттимӕ уыцы дзыллон фембӕлды архайдта Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы делегаци дӕр.

Форумы архайджытӕ ӕрдзырдтой дзыллон информацийы фӕрӕзты абоны уавӕр ӕмӕ дарддӕры архайды нысантыл, базонгӕ сты кӕрӕдзи фӕлтӕрддзинадимӕ…

Журналисттӕн сӕрмагонд фембӕлд уыд хицаудзинады федералон ӕмӕ регионалон оргӕнты разамонджытимӕ дӕр. Уыдоны нымӕцы — Уӕрӕсейы Федерацийы ӕххӕстбарджын минӕвар Цӕгат Кавказы федералон зылды Александр Матовников, Цӕгат Ирыстоны Сӕргълӕууӕг Битарты Вячеслав, Дагестаны Сӕргълӕууӕг Владимир Васильев, Стъараполы крайы Губернатор Владимир Владимиров, Кӕсӕг-Балхъары республикӕйы Сӕргълӕууӕг Валерий Коков ӕмӕ Мӕхъӕлы Сӕргълӕууӕг Махмуд-Али Калиматов. Фембӕлд цыд пресс-конференцийы хуызы, йӕ сӕйрагдӕр темӕ та уыд, Цӕгат Кавказы регионтӕ национ проекттӕ куыд ӕххӕст кӕнынц, уый.

Александр Матовников йӕ раныхасы куыд фӕнысан кодта, афтӕмӕй фыццаградон национ проекты сӕйрагдӕр нысан у уӕрӕсейӕгты царды уавӕртӕ зынгӕ фӕхуыздӕр кӕнын, экономикӕ ӕмӕ социалон къабӕзты дарддӕры райрӕзтӕн уӕлӕмхасӕн хабӕрттӕ саразын.

— Хицауады ӕппӕт оргӕнтӕ дӕр сӕ ных хъуамӕ саразой бӕстӕйы мидӕг царды ӕмвӕзад бӕрзонддӕр кӕнынмӕ, дарддӕры размӕцыдӕн аккаг фадӕттӕ аразынмӕ. Уыцы куысты бӕрнон хӕстӕ ис дзыллон информацийы фӕрӕзты размӕ дӕр. Уыдон хъуамӕ ирдӕй ӕвдисой нӕ иумӕйаг архайды ӕнтыстдзинӕдтӕ, стӕй, бӕстӕйы райрӕзт цы къуылымпы кӕны, уыцы ӕууӕлтӕ дӕр, — фӕнысан кодта Президенты ӕххӕстбарджын минӕвар.

Журналистты фарстытӕн дзуапп дӕтгӕйӕ, Битарты Вячеслав куыд фӕнысан кодта, афтӕмӕй Цӕгат Ирыстоны ахадгӕ куыст цӕуы национ проектты уагӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕныныл. Афтӕ, республикӕ архайы 50 фыццаградон национ проект ӕмӕ паддзахадон программӕйы.

Цӕгат Ирыстоны Сӕргълӕууӕджы ныхасмӕ гӕсгӕ, уыцы проекттӕ ӕмӕ программӕты фӕрцы зынгӕ фылдӕр фӕрӕзтӕ дихгонд цӕуы ахсджиаг социалон-экономикон фарстытӕ лыг кӕнынӕн.

Цӕгат Кавказы дзыллон информацийы фӕрӕзты форумы фӕлгӕты арӕзт ӕрцыд ӕндӕр фембӕлдтытӕ дӕр. Уыдоны тыххӕй бӕстондӕр ӕрмӕг кӕсут газеты хӕстӕгдӕр номыртӕй иуы.

Нӕ уацхӕссӕг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here